ӔХХУЫС БИНОНТӔН | ЦАРДӔМБӔЛТТӔ
Уӕ рӕстӕг уӕ иумӕ ӕрвитын мацы хъыгдарӕд
Иуӕй-иу лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн зын вӕййы кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын, суанг дыууӕйӕ куы вӕййынц, уӕд дӕр. Афтӕ цӕмӕн у?
Иумӕ куы вӕййынц, уӕд дӕр сӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ хицӕнтӕй сты?
Ӕгӕр фӕллад вӕййынц
«Иумӕ аныхас кӕнынӕн нын рӕстӕг куы фӕзыны , уӕд кӕнӕ мӕ сӕрыхицау вӕййы ӕгӕр фӕллад, кӕнӕ та ӕз. Фӕллад куы вӕййын, уӕд гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр рамӕсты вӕййын. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕдзургӕйӕ фӕбадӕм ӕмӕ телевизормӕ фӕкӕсӕм» (Аннӕ).
Интернет сӕ фӕхъыгдары
«Социалон сетьты кӕнӕ интернеты алыхуызон ирхӕфсӕнтӕ рӕстӕг бахӕрынц. Дӕ цардӕмбалимӕ фӕбадыс, фӕлӕ кӕрӕдзимӕ иу ныхас дӕр не скӕнут, цыма иу къомнӕты дӕр не стут, уыйау» (Кэтрин).
Иуӕн иу цыдӕртӕ цӕуы йӕ зӕрдӕмӕ, иннӕмӕн та – ӕндӕр цыдӕртӕ
«Мӕ сӕрыхицау куыстӕй куы ’рбацӕуы, уӕд арӕхдӕр, цы уарзы, уыдӕттӕ фӕаразы. Ӕмӕ дзы хъаст дӕр куыд ракӕнон – тынг фӕлладӕй ӕрбацӕуы. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитӕм» (Джейн).
Куыст
«Телефонтӕ ӕмӕ нӕм планшеттӕ кӕй ис, уый тыххӕй хатт адӕймаг хӕдзары дӕр куысты хабӕрттӕ фӕкӕны. Арӕх мӕ рӕстӕг мӕ цардӕмбалимӕ арвитыны бӕсты дзуапп фӕдӕттын, куысты фӕдыл мӕм цы писмотӕ ӕмӕ сообщенитӕ ӕрбацӕуы, уыдонӕн» (Марк).
Дӕ бон цы у аразын
Уӕ зӕрдыл дарут: хъуамӕ-иу рӕстӕг иумӕ ’рвитат, куыст уын куы ницы уа, ӕрмӕст уӕд нӕ.
Библийы уагӕвӕрд: «Цӕмӕй-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнат» (Филиппӕгтӕм 1:10).
Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, дӕ цардӕмбал дын дӕ куыстӕй ӕмӕ, цы уарзыс, уыдӕттӕй зынаргъдӕр кӕй у? Йемӕ рӕстӕг, куыст дын куы ницы вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд фервитыс?
Уынаффӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ пълан кӕн, цӕмӕй-иу дӕ цардӕмбалимӕ рӕстӕг ӕрвитай. Ӕмӕ-иу архай, цӕмӕй уӕ уыцы рӕстӕг мацы хъыгдара, стӕй-иу ӕндӕр хъуыддӕгтыл ма хъуыды кӕн.
«Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, мӕ сӕрыхицау исты куы ’рхъуыды кӕны, цӕмӕй нӕ рӕстӕг иумӕ арвитӕм. Уӕд ӕй фембарын, бирӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ, йӕ фарсмӕ кӕй вӕййын, уый йын ӕхсызгон кӕй у. Уый тыххӕй йӕ ноджы тынгдӕр уарзын» (Аннӕ).
Уӕ телефонтӕ кӕнӕ-иу уӕ планшеттӕ иуварс ӕрӕвӕрут.
Библийы уагӕвӕрд: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон» (Екклесиаст 3:1).
Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Мыййаг, афтӕ вӕййы, ӕмӕ дӕ рӕстӕг дӕ цардӕмбалимӕ куы фервитыс, уӕд дӕм сообщени ’рбацӕуы, ӕмӕ дӕ дӕ цардӕмбал айрох вӕййы?
Уынаффӕ. Бон-иу ӕппынкъаддӕр иу хатт иумӕ бахӕрут (ӕрмӕст-иу уӕ телефонтӕ иннӕ къомнӕты ныууадзут). Уый хорз фадат у, боны дӕргъы уыл цы ’рцыд, уыдӕттыл аныхас кӕнынӕн.
Гӕнӕн-иу куы уа, уӕд-иу хӕдзары хъуыддӕгтӕ иумӕ аразут кӕнӕ-иу дуканимӕ иумӕ ацӕут.
Библийы уагӕвӕрд: «Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу» (Екклесиаст 4:9).
Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Хӕдзары хъуыддӕгтӕ хицӕнтӕй арӕх фӕаразут?
Уынаффӕ. Кӕрӕдзийӕн-иу ӕххуыс кӕнут, иунӕгӕй саразӕн кӕй ис, суанг ахӕм хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ дӕр.
«Дуканимӕ ацӕуын, тӕбӕгътӕ ’хсын, дзаумӕттӕ тухын кӕнӕ цӕхӕрадоны кусын – уыдӕттӕм ӕрмӕст куысты цӕстӕй ма кӕсут, фӕлӕ сӕ нымайут хорз фадатыл, цӕмӕй уӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитат» (Нинӕ).
Ӕмбаргӕ ут
Библийы уагӕвӕрд: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (Филиппӕгтӕм 4:5).
Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, дӕ цардӕмбалӕй ӕгӕр бирӕ кӕй нӕ домыс?
Уынаффӕ. Аныхас кӕнут, кӕрӕдзимӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут ӕмӕ уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ дыууӕ дӕр уӕ бинонты цардӕй райгонд уат ӕмӕ амондджын уат.
«Мӕ сӕрыхицау, йӕ тых цы фӕкӕна, уый нӕ зоны. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ бон бирӕ нӕу. Арӕх ын фӕзӕгъын: „Ацу ӕмӕ дӕхи аирхӕфс, ӕз та хӕдзары абаддзынӕн“. Уымӕн йӕ улӕфт спорт у, мӕнӕн та – хӕдзары бадын. Алчидӕр нӕ, куыд ӕй фӕнды, афтӕ баулӕфы, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн дӕр хорз вӕййы» (Даньелӕ).
Цавӕр фарстатыл ис иумӕ аныхас кӕнӕн
Ацы фарстатыл хицӕнтӕй ахъуыды кӕнут ӕмӕ сыл стӕй иумӕ аныхас кӕнут.
Куыд дӕм кӕсы, дӕ цардӕмбалимӕ иумӕ фаг рӕстӕг ӕрвитут?
Иумӕ рӕстӕг ӕрвитыны кой куы кӕнӕм, уӕд уыцы хъуыддаджы дӕ цардӕмбалӕй цӕмӕй раппӕлис?
Дӕумӕ гӕсгӕ йӕ цы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын?
Арӕх вӕййы афтӕ, ӕмӕ дӕ телефоны кӕнӕ планшеты тыххӕй, дӕ цардӕмбал цы дзуры, уымӕ рӕстмӕ нӕ фӕхъусыс?
Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уӕ кӕрӕдзийӕ ӕгӕр бирӕ кӕй нӕ домут?
Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ацы къуыри иумӕ фылдӕр рӕстӕг арвитат, мацы уӕ бахъыгдара, афтӕ?