Библи дӕттыны тыххӕй цы дзуры?
Дзуапп Библийӕ
Библи адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн дӕттой барвӕндонӕй ӕмӕ раст зӕрдӕйы уагимӕ. Ахӕм зӕрдӕйӕ куы фӕдӕттынц, уӕд уый пайда вӕййы, кӕмӕн дӕттынц, ӕрмӕст уымӕн нӕ, фӕлӕ чи дӕтты, уымӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 11:25; Лукайы 6:38). Чырысти загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд вӕййы?
Адӕймаг цыдӕр барвӕндонӕй куы фӕдӕтты, уӕд Хуыцауӕн ӕхсызгон вӕййы. Библи зӕгъы: «Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Коринфӕгтӕм 9:7).
Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ чи лӕггад кӕны, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕдӕттынц (Иаковы 1:27). Ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн рӕдауӕй чи дӕтты, уый Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕны. Ӕмӕ уыцы хорз хъуыддагмӕ Хуыцау ахӕм цӕстӕй кӕсы, цыма йын адӕймаг йӕхицӕн ӕфстау радта (Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Библийы фыст ис, чи дӕтты, уымӕн Хуыцау йӕ хорздзинад кӕй бафиддзӕн (Лукайы 14:12–14).
Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд нӕ вӕййы?
Адӕймаг йӕхи пайдайыл куы фӕхъуыды кӕны. Зӕгъӕм:
Цӕмӕй дзы адӕм раппӕлой (Матфейы 6:2).
Цӕмӕй йын йӕхицӕн дӕр цыдӕр раттой (Лукайы 14:12–14).
Цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ балхӕна ӕмӕ ӕнустӕм цӕра (Псалом 49:6, 7).
Хуыцау кӕй ныхмӕ у, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн куы ӕххуыс кӕнӕм. Зӕгъӕм, ӕхцайыл чи хъазы кӕнӕ наркотиктӕ чи кӕны, йе та фыднозт чи кӕны, уыдонӕн ӕхца дӕттын хорз нӕ уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Кӕнӕ раст нӕ уыдзӕн, йӕ бон кусын кӕмӕн у, фӕлӕ кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕймагӕн ӕхца дӕттын (2 Фессалоникӕгтӕм 3:10).
Иннӕтӕн бирӕ куы дӕттай, дӕхи бинонтӕ та ӕххуысхъуаг куы уой. Библи зӕгъы, бинонты хистӕр йӕ бинонтыл кӕй хъуамӕ тыхса ӕмӕ сӕ дара (1 Тимофеймӕ 5:8). Раст нӕ уаид, бинонты хистӕр иннӕтӕн бирӕ куы дӕттид, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бинонтӕ цух куы ӕййафиккой. Чырысти бауайдзӕф кодта, йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн чи не ’ххуыс кодта, уыцы адӕмӕн, кӕд ӕмӕ афтӕ дзырдтой, ӕмӕ сӕм цы ис, уый «Хуыцауӕн нывонд» у (Марчы 7:9–13).