Чырыстон Куадзӕны тыххӕй Библи цы дзуры?
Дзуапп Библийӕ
Чырыстон динтӕ Куадзӕн куыд бӕрӕг кӕнынц, уымӕн Библиимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Фӕлӕ историмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд ӕй фендзыстӕм, уыцы бӕрӕгбон ӕцӕгӕй кӕцӕй равзӕрд, уый: цы ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ йӕ бӕрӕг кӕнынц, уыдон баст сты, рагзаманты тыллӕджы ӕмӕ зӕнӕг кӕныны хуыцӕуттӕн куыд куывтой, уыимӕ. Ӕркӕсӕм, уый фӕдыл иуӕй-иу чингуыты цы фыст ис, уымӕ.
Гуылтӕ (кулич). Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй скӕсӕйнаг славяйнӕгтӕ Куадзӕны рӕстӕг гуылтӕ кӕй кодтой, уый уыд, мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмӕй цы ӕгъдӕуттӕ баззад, уыдонӕй иу («Очерки славянского язычества», академик Н. И. Толстой). Иннӕ чиныджы та, славяйнӕгтӕм уыцы ӕгъдау кӕцӕй фӕзынд, уый афтӕ ӕмбарын кӕнынц, ӕмӕ, дам-иу, «раздӕр зӕхкусджытӕ уалдзӕджы хуымтӕ тауыны размӕ скодтой ӕнхъизӕнӕй конд хыссӕйӕ туаг дзултӕ. Уыцы дзултӕ-иу нывондӕн ӕрхастой зӕххӕн, алыхуызон ӕрдзы тыхтӕн кӕнӕ та рагфыдӕлтӕн, цӕмӕй-иу сын хӕрзаудӕн кодтаиккой, ӕххуыс сын кодтаиккой ӕмӕ-иу сын хъӕздыг тыллӕг радтаиккой» (Русский праздник. Праздники и обряды народного земледельческого календаря).
Ӕйчытӕ. Иу журналы куыд фыст уыд, афтӕмӕй чырыстон динтӕ ӕйчытимӕ баст ӕгъдау, ӕвӕццӕгӕн, кӕнын райдыдтой, бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Дзырд ма дзы цӕуы, нӕ рагфыдӕлтӕ айк кӕй нымадтой царды райдианы, зӕнӕг кӕныны ӕмӕ уалдзӕджы райдианы нысаныл («Наука и жизнь», 1999 аз, 2 номыр). Ӕйчытӕ ахорыны тыххӕй иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «ацы ӕгъдау равзӕрд, раджы заманты адӕм цы мӕнг ахуырӕдтыл ӕууӕндыдысты, уыдонӕй. [...] Славяйнӕгтӕм ахӕм бӕрӕгбон уыд, ӕмӕ-иу ӕнӕуынгӕ тыхтӕн нывӕндтӕ хастой, цӕмӕй сын уыдон хӕрзаудӕн кодтаиккой. Уыцы нывӕндтӕм хаудысты тугӕй ахуырст ӕйчытӕ, уымӕн ӕмӕ туг нымадтой хӕрзад хӕринагыл. Фӕстӕдӕр ӕйчытӕ ахорын райдыдтой ӕндӕр ирд ахорӕнтӕй дӕр, цӕмӕй-иу уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕ уыцы нывӕндтӕм дӕр се ’ргом раздӕхтаиккой» (Мир русской культуры).
«Пасхальная заутреня» кӕй хонынц, уый. Куадзӕны рӕстӕг аргъуанты боныцъӕхты службӕ кӕй фӕуӕдзынц, уыцы ӕгъдау баст у, рагзаманты хурӕн кӕй куывтой, уыцы ӕгъдауимӕ. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «уалдзӕджы-иу ӕхсӕв ӕмӕ бон ӕмиас куы систы, уӕд-иу хурыскасты номыл бӕрӕгбон скодтой ӕмӕ-иу хурӕн кад кодтой, зӕгъгӕ, дам, зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, уый нын хуры хъаруйы фӕрцы ис» (Celebrations—The Complete Book of American Holidays).
Тӕрхъустӕ. Ацы цӕрӕгойтӕ сты зӕнӕг кӕныны нысӕнттӕ. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «раджы заманты-иу Европӕйы ӕмӕ Ӕввахс скӕсӕны уыцы нысӕнттӕй пайда кодтой бӕрӕгбӕтты рӕстӕг, зӕгъӕм, уалдзӕджы бирӕ хуыцӕутты номыл цы бӕрӕгбӕттӕ кодтой, уыдоны рӕстӕг» (Encyclopædia Britannica).
Бӕрӕгбоны ном. Гермайнаг ӕвзӕгтӕй иуӕй-иутыл уыцы бӕрӕгбонӕн йӕ номӕй дӕр бӕрӕг у, чырыстон динимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Зӕгъӕм, англисагау Куадзӕн у «Easter» (и́стэ), немыцагау та – «Ostern» (о́стерн). Иу энциклопедийы фыст ис, англисаг дзырд «Easter» кӕцӕй равзӕрд, уый бӕрӕг кӕй нӕу. Ӕстӕм ӕнусы англосаксойнаг сауджын, Цытджын Бедӕ, зӕгъгӕ, ӕмбарын кодта, уыцы дзырд баст кӕй у уалдзӕджы бардуаг, англосаксойнаг ус-хуыцау Эострӕйы номимӕ (Encyclopædia Britannica). Иннӕ чингуыты та куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы бӕрӕгбоны ном баст у зӕнӕг кӕныны бардуаг, финикийаг ус-хуыцау Астартӕимӕ. Вавилойнаг мифологийы та уыцы ус-хуыцау хуыйны Иштар.
Иу чиныджы Куадзӕны тыххӕй фыст ис: «Дзырд дӕр ыл нӕй, аргъуанӕн куыддӕр бындур ӕвӕрд ӕрцыд, афтӕ бирӕ хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы ӕгъдӕуттӕ райста ӕмӕ сӕ чырыстон ӕгъдӕуттыл банымадта» (The American Book of Days).
Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй Хуыцауӕн кувгӕйӕ, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ ма ӕххӕст кӕнӕм (Марчы 7:6–8). 2 Коринфӕгтӕм 6:17 стихы фыст ис: «Уӕхи [сӕ] фӕхицӕн кӕнут,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут». Чырыстон Куадзӕн равзӕрд мӕнг динтӕй. Ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон ахӕм бӕрӕгбӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕндзысты.