Библимӕ гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ усӕн кӕрӕдзийыл цин кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзи уарзтӕй рӕвдауын не ’мбӕлы?
Дзуапп Библийӕ
Библи уый ныхмӕ нӕу, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл цин кӕной ӕмӕ кӕрӕдзи сӕ уарзтӕй рӕвдауой. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй уый лӕг ӕмӕ усӕн у Хуыцауы лӕвар. Хуыцау дыууӕ адӕймаджы «сфӕлдыста... нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй» ӕмӕ федта, уый кӕй «уыд тынг хорз» (Райдиан 1:27, 31). Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн сӕ цард куы баиу кодта, уӕд загъта, «дыууӕйӕ уыдзысты иу буар», зӕгъгӕ (Райдиан 2:24). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдаиккой ӕмӕ кӕрӕдзи уарзтӕй рӕвдыдтаиккой.
Лӕг йӕ усы йӕ уарзтӕй куы фӕрӕвдауы, уӕд ын уый цы ӕхсызгондзинад ӕрхӕссы, уый тыххӕй Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Цин кӕн дӕ усыл, де ’взонджы бонты дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, ууыл... Алкӕддӕр дӕ йӕ риутӕ расыг кӕнӕнт, ӕдзух йӕ уарзтӕй ис дӕ мондӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 5:18, 19). Фӕлӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй уый ӕхсызгондзинад хӕсса усӕн дӕр. Библи зӕгъы: «Лӕг ӕххӕст кӕнӕд, йӕ усы раз ыл цы хӕс ис, уый, ӕмӕ афтӕ ус дӕр ӕххӕст кӕнӕд, йӕ лӕджы раз ыл цы хӕс ис, уый» (1 Коринфӕгтӕм 7:3).
Цы не ’мбӕлы
Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕрӕдзи уарзтӕй рӕвдауыны бар ис ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усӕн. Уый фӕдыл Библийы фыст ис: «Йӕ бинонты цард уӕ алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон» (Дзуттӕгтӕм 13:4). Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл сӕ зӕрдӕ макуы сивой. Ӕмӕ ӕрмӕст сӕхи мӕт куы нӕ кӕной, фӕлӕ Библийы цы уынаффӕ ис, «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у», зӕгъгӕ, уымӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд сын уый уыдзӕн стыр цины хос (Хъуыддӕгтӕ 20:35).