Библи ком дарыны тыххӕй цы дзуры?
Дзуапп Библийӕ
Раджы заманты-иу адӕймаг ком куы дардта, уӕд-иу дзы Хуыцау райгонд уыд, кӕд-иу ӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ арӕзта, уӕд. Фӕлӕ-иу ын раст зӕрдӕйы уаг куы нӕ уыд, уӕд-иу уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Фӕлӕ Библийы афтӕ фыст никуы ис, адӕмы абон дӕр ком дарын кӕй хъӕуы.
Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕм-иу ком кӕд дардтой?
Хуыцауӕй-иу ӕххуыс ӕмӕ разамынд куы куырдтой, уӕд. Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ-иу адӕм ком дардтой, цӕмӕй-иу равдыстаиккой, Хуыцауы ӕххуыс зӕрдиагӕй кӕй агуырдтой (Ездрӕ 8:21–23). Иуӕй-иу хатт-иу Павел ӕмӕ Варнавӕ ком дардтой, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ снысан кӕныны размӕ (Хъуыддӕгтӕ 14:23).
Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕнын-иу сын сӕйрагдӕр куы уыд, уӕд. Чырысти донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ 40 боны ком дардта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ уыдаид (Лукайы 4:1, 2).
Сӕ тӕригъӕдтыл-иу кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый равдисыны тыххӕй. Пехуымпар Иоилы уылты Хуыцау ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕн загъта: «Ӕппӕт зӕрдӕйӕ [мӕм] раздӕхут... ком дарут, кӕут ӕмӕ ӕрдиаг кӕнут» (Иоил 2:12–15).
Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу куы бӕрӕг кодтой, уӕд. Хуыцау дзуттӕгтӕн цы Закъон радта, уым загъд уыд, цӕмӕй-иу афӕдз иу хатт, Сыгъдӕггӕнӕн бон, ком дардтаиккой a (Левит 16:29–31). Уӕд ком дарын пайда уый тыххӕй уыд, ӕмӕ-иу израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕнӕххӕст кӕй сты ӕмӕ Хуыцауӕй хатыр кӕй хъуамӕ курой, цӕмӕй сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна.
Афтӕ зӕгъӕн кӕд ис, ӕмӕ адӕймаг ком раст зӕрдӕйы уагимӕ нӕ дары?
Иннӕты цӕстмӕ. Чырысти загъта, адӕймаг ком кӕй дары, уый тыххӕй алкӕмӕндӕр дзурын кӕй нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыны, цы аразы, уый (Матфейы 6:16–18).
Цӕмӕй адӕймаг йӕхи рӕстгӕнӕгӕй равдиса. Адӕймаг ком кӕй дары, уый тыххӕй нӕдӕр ӕгъдауджындӕр уыдзӕн, нӕдӕр Хуыцауыл ӕнувыддӕр (Лукайы 18:9–14).
Цӕмӕй йын хатыргонд ӕрцӕуой, зонгӕ-зонын цы тӕригъӕдтӕ аразы, уыдон. Адӕймаг коммӕгӕс куы уа ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдиагӕй куы фӕсмон кӕна, уӕд Хуыцау райгонд уыдзӕн, ком кӕй дары, уымӕй (Исай 58:3, 4).
Дины ӕгъдӕуттӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй. Сывӕллӕттӕ сӕ фыды зӕрдиагӕй куы нӕ уарзой, фӕлӕ уый сӕ хӕс кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй, уӕд уый фыды зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Хуыцауы ис ахӕм фыдимӕ абарӕн (Исай 58:5–7).
Чырыстӕтты ком дарын ӕнӕмӕнг хъӕуы?
Нӕ. Хуыцау израилӕгтӕй домдта, цӕмӕй-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон ком дардтаиккой. Фӕлӕ, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдоны тыххӕй Чырысти йӕ цард куы радта, уӕд Хуыцау нал домдта, цӕмӕй адӕм ком дардтаиккой (Дзуттӕгтӕм 9:24–26; 1 Петры 3:18). Чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нал хъӕуы, Сыгъдӕггӕнӕн бон та уыцы закъонмӕ гӕсгӕ бӕрӕг кӕнын хъуыди (Ромӕгтӕм 10:4; Колоссӕгтӕм 2:13, 14). Уымӕ гӕсгӕ алы чырыстон дӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, ком дардзӕн ӕви нӕ (Ромӕгтӕм 14:1–4).
Чырыстӕттӕ зонынц, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ком дарын ахсджиаг кӕй нӕу. Библийы ком дарыны ӕгъдау циндзинадимӕ баст никуы вӕййы. Ӕцӕг чырыстӕттӕ та алкӕддӕр хицӕн кодтой, сӕ лӕггад сын циндзинад кӕй хӕссы, уымӕй. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый – «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11; Екклесиаст 3:12, 13; Галатӕгтӕм 5:22).
Библи ком дарыны тыххӕй цы зӕгъы, уый фӕдыл ӕрымысгӕ ныхӕстӕ
Мӕнг ныхас. Апостол Павел дзырдта, цӕмӕй чырыстон бинонтӕ ком дарой (1 Коринфӕгтӕм 7:5, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз).
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библийы рагон къухфыстыты 1 Коринфӕгтӕм 7:5 ком дарыны тыххӕй ницы фыст ис b. Ӕвӕццӕгӕн, Библийӕ къопитӕ чи кодта, уыдон ӕрмӕст ацы стихмӕ нӕ бафтыдтой ныхӕстӕ «ком дарын», фӕлӕ ма Матфейы 17:21; Марчы 9:29 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 10:30. Нӕ рӕстӕджы Библийӕн цы тӕлмацтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕры ацы стихты ком дарыны тыххӕй фыст нӕй.
Мӕнг ныхас. Чырыстӕттӕ хъуамӕ ком дарой, уымӕн ӕмӕ донаргъуыды фӕстӕ Йесо 40 боны ӕдзӕрӕг быдыры ком дардта.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Чырысти афтӕ никуы загъта, чырыстӕтты ком дарын кӕй хъӕуы. Стӕй Библийы дӕр никуы ис фыст, фыццаг чырыстӕттӕ ком кӕй дардтой c.
Мӕнг ныхас. Чырыстӕттӕ хъуамӕ ком дарой, Йесойы мӕлӕт ӕрымысыны тыххӕй.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ мӕлӕт ӕрымысыны тыххӕй ком дардтаиккой (Лукайы 22:14–18). Чырысти афтӕ куы загъта, куы йӕ амарой, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ком кӕй дардзысты, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ афтӕ кӕй хъуамӕ кодтаиккой, фӕлӕ хабар куыд уыдзӕн, уый бамбарын кодта (Матфейы 9:15). Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр чи бӕрӕг кодтаид, уыцы чырыстӕттӕн Библийы ис фӕдзӕхст, цӕмӕй-иу, ӕххормаг чи уыд, уыдон Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕныны размӕ сӕ хӕдзӕртты бахордтаиккой (1 Коринфӕгтӕм 11:33, 34).
a Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Хъуамӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнат» (Левит 16:29, 31). Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ацы ныхӕстӕ ком дарынмӕ хауынц (Исай 58:3).
b Кӕс Мецгер Б. М., Эрман Б. Д. «Текстология Нового Завета. Рукописная традиция, возникновение искажений и реконструкция оригинала». 2-е изд., переработанное и дополненное. М., 2013. С. 290, 291.
c Куадзӕны размӕ 40 боны ком дарыны тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Фыццаг ӕртӕ ӕнусы ком дардтой, Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ, ӕмӕ-иу къуырийӕ фылдӕр нӕ уыд; арӕхдӕр уыд иу кӕнӕ дыууӕ боны... 40 боны ком дарыны тыххӕй фыццаг хатт ӕмбӕлы Никейӕйы ӕмбырды (325) фӕндзӕм каноны, фӕлӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ дызӕрдыг кӕнынц, уым Куадзӕны кой кӕй цӕуы, ууыл (New Catholic Encyclopedia, Second Edition, Volume 8, page 468).