ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
СМС-ты тыххӕй цы зонын хъӕуы?
:-) Зондӕй куы архайай, уӕд СМС-ты фӕрцы алкӕддӕр де ’мбӕлтты хабӕрттӕ зондзынӕ.
:-( Адӕймаг СМС-ты цы фыссы, ууыл куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, де ’мбӕлттӕ фӕхъыг уой кӕнӕ дын хорз ном мауал уа.
Ацы статьяйы базондзынӕ, цы хъӕуы зонын ацы фарстаты тыххӕй:
Ацы статьяйы ма ис:
Кӕмӕ фыссыс
Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ кӕрӕдзимӕ СМС-тӕ куы нӕ фыссой, уӕд сӕ бон нӕу. СМС-ты фӕрцы ис ныхас кӕнӕн, дӕ телефоны кӕй номыртӕ ис, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр, кӕд дӕ ныййарджытӕ ницы зӕгъынц, уӕд.
«Нӕ фыды зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, лӕппутӕ нӕм телефонӕй куы фӕдзурынц. Искӕимӕ ныхас кӕныны бар нын ис ӕрмӕстдӕр хӕдзары телефонӕй, уымӕй дӕр ӕрмӕстдӕр залы, исчи нӕ куыд хъуса, афтӕ».
Цы хъӕуы зонын. Дӕ телефоны номыр, хъӕуа-нӕхъӕуа, алкӕмӕн дӕр куы дӕттай, уӕд дӕ уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ хорзмӕ ма ӕркӕна.
«Дӕ номыр кӕмӕн дӕттыс, ууыл куы нӕ хъуыды кӕнай, уӕд, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр дӕм исчи исты ӕнӕуаг СМС кӕнӕ ныв ӕрбарвитдзӕн» (Скотт).
«Лӕппу чызгмӕ кӕнӕ чызг лӕппумӕ СМС-тӕ арӕх куы ӕрвита, уӕд ыл тагъд сахуыр уыдзӕн» (Стивен).
Библийы цы фыст ис. «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Дӕхи куы хъахъхъӕнай, уӕд дӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзынӕ.
Ӕцӕг хабар. «Иу лӕппуимӕ ӕмбӕлттӕ уыдыстӕм ӕмӕ-иу арӕх кӕрӕдзимӕ СМС-тӕ фыстам. Ӕз ӕм хорз ӕмбалы цӕстӕй кастӕн, ӕмӕ уым ӕвӕзрӕй ницы уыдтон, цалынмӕ мын нӕ загъта, мӕ зӕрдӕмӕ цӕуыс, зӕгъгӕ, уӕдмӕ. Ныр ӕй бӕргӕ ӕмбарын, уыйбӕрц рӕстӕг нӕ иумӕ ӕрвитын ӕмӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ арӕх СМС-тӕ ӕрвитын кӕй нӕ хъуыди» (Мелиндӕ).
Куыд хъуыды кӕныс? Мелиндӕйӕн йе ’мбал йӕ зӕрдӕ кӕй раргом кодта, уый сыл куыд фӕзынд?
Ахъуыды кӕн, хабар ӕндӕрхуызон кӕд рауадаид. Куыд хъуамӕ дардтаид йӕхи Мелиндӕ, цӕмӕй уыцы лӕппуимӕ ӕмбӕлттӕй баззадаиккой?
Цы фыссыс
СМС-тӕ ӕрвитын ӕнцон у, сӕ исын та у ӕхсызгон, ӕмӕ адӕймаджы хатт айрох вӕййы, ӕмӕ цы фыссы, уый, гӕнӕн ис, иннӕ раст ма бамбара.
Цы хъӕуы зонын. СМС-ы цы фыст ис, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ раст ма бамбарой.
«СМС-тӕй зын бамбарӕн вӕййы, адӕймаг дӕм цы зӕрдӕйӕ фыссы ӕмӕ дын уыцы ныхӕстӕ цы хъӕлӕсы уагӕй загътаид, кӕд дзы смайликтӕ ӕмӕ ӕндӕр нысӕнттӕ дӕр вӕййы, уӕддӕр. Гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕрӕдзи ма бамбарат» (Бриана).
«Ахӕм чызджыты зонын, ӕмӕ сӕ кад дӕлӕмӕ ӕрхауд, стӕй, дзырдӕппарӕнтӕ кӕнын чи уарзы, ахӕм ном сыл сбадт, лӕппутӕм СМС-ты цытӕ фыстой, уый тыххӕй» (Лорӕ).
Библийы цы фыст ис. «Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 15:28). Зондӕн дзы цы исӕм? Цалынмӕ дӕ СМС нӕ арвыстай, уӕдмӕ ма йӕ иу хатт бакӕс!
Кӕд фыссыс
Хорз ахъуыды кӕн ӕмӕ СМС-тӕ фыссынӕн дӕхицӕн бӕлвырд ӕгъдау скӕн.
Цы хъӕуы зонын. СМС-тӕ ӕрвитынӕн цы хорз ӕгъдӕуттӕ ис, уыдоныл куы нӕ хъуыды кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ де ’мбӕлтты фӕхъыг кӕнай ӕмӕ демӕ мауал дзурой.
«СМС-тӕ ӕрвитынӕн цы хорз ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон ферох кӕнын тынг ӕнцон у. Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ кӕимӕдӕр фӕныхас кӕнын кӕнӕ фынгыл фӕбадын, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг СМС-тӕ фӕфыссын» (Аллисон).
«Машинӕ скъӕргӕйӕ СМС-тӕ фыссын тӕссаг у. Дӕ фӕндагмӕ куы нӕ кӕсай, уӕд авари дӕр скӕндзынӕ» (Аннӕ).
Библийы цы фыст ис. «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон... ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Екклесиаст 3:1, 7). Уый ӕрмӕст ныхас кӕнынмӕ нӕ хауы, фӕлӕ СМС-тӕм дӕр!
Уынаффӕтӕ
Кӕмӕ фыссыс
;-) Дӕ ныййарджытӕ дын бар цӕмӕн дӕттынц, ӕрмӕстдӕр уый кӕн (Колоссӕгтӕм 3:20).
;-) Дӕ телефоны номыр алкӕмӕн ма дӕтт. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ дӕ исчи, ӕрмӕст дӕхимӕ цы хауы, ахӕм цӕмӕйдӕр бафӕрсы, зӕгъӕм, дӕ телефоны номыр дӕ фӕкуры. Ахӕм адӕмӕн уӕзданӕй «нӕ» дзурын куы сахуыр уай, уӕд дын уый стырӕй дӕр ӕххуыс кӕндзӕн.
;-) СМС-ты ӕгӕр уӕндон ныхас ма кӕн ӕмӕ ахӕмӕй мацы фысс, цӕмӕй, кӕмӕ фыссыс, уый афтӕ ма фенхъӕла, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕныс. Афтӕмӕй исчи искӕй куы бауарзы, уӕд адӕймаг фыдӕнхъӕл цы фӕвӕййы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цы фӕриссы, ӕндӕр дзы хорзӕй ницы вӕййы.
«Телефонӕй раст кӕй пайда кӕнын, уымӕ гӕсгӕ мыл мӕ ныййарджытӕ ӕууӕндынц. Уыдон ӕй зонынц, мӕ телефоны алкӕй номыр кӕй нӕ ныффыссын» (Бриана).
Цы фыссыс
;-) СМС ныффыссыны размӕ ахъуыды кӕн: «Ацы уавӕры СМС ныффыссын ӕмбӕлы?» Чи зоны, хуыздӕр уаид адӕймагмӕ телефонӕй бадзурын кӕнӕ йемӕ фембӕлын, ӕмӕ афтӕ аныхас кӕнын.
;-) Адӕймагӕн комкоммӕ цы нӕ зӕгъдзынӕ, уый йӕм фысгӕ дӕр ма ныккӕн. «Зӕгъын цы не ’мбӕлы, уый фыссӕн дӕр нӕй»,– зӕгъы 23-аздзыд Сарӕ.
«Исчи дӕм ӕнӕгъдау нывтӕ куы ӕрвита, уӕд дӕ ныййарджытӕн зӕгъ. Афтӕмӕй дӕхи бахъахъхъӕндзынӕ ӕмӕ дыл дӕ ныййарджытӕ тынгдӕр ӕууӕнддзысты» (Сирван).
Кӕд фыссыс
;-) Ахъуыды кӕн, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕн, телефонӕй кӕд нӕ пайда кӕндзынӕ. «Хӕрынмӕ куы ӕрбадын кӕнӕ исты куы фӕахуыр кӕнын, уӕд мӕ телефон мемӕ нӕ вӕййы,– зӕгъы Оливия.– Ӕмбырды рӕстӕг ӕй ахуыссын кӕнын, цӕмӕй-иу ӕм ма ӕркӕс-ӕркӕс кӕнон».
;-) Иннӕтыл хъуыды кӕн (Филиппӕгтӕм 2:4). Искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу СМС-тӕ ма фысс.
«Мӕхицӕн загътон, ме ’мбӕлттимӕ куы уон, уӕд СМС-тӕ кӕй нӕ фысдзынӕн, мацы ӕрцӕуӕд, уый йеддӕмӕ. Стӕй хорз кӕй нӕ зонын, уыдонӕн мӕ номыр нӕ раттын» (Джейнелли).