ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Искӕимӕ ӕмбӕлын. 3 хай. Дарддӕр ма ӕмбӕлӕм ӕви нӕ?
Цасдӕр рӕстӕг кӕимӕдӕр ӕмбӕлыс, фӕлӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтай, дарддӕр ма ӕмбӕлат ӕви нӕ, ууыл. Ацы статья дын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн.
Ацы статьяйы
Дызӕрдыг кӕныс
Лӕппу ӕмӕ чызг цасдӕр рӕстӕг куы ӕмбӕлой, уӕд, гӕнӕн ис, бамбарой, кӕрӕдзийӕ тынг кӕй хицӕн кӕнынц, кӕд раздӕр афтӕ нӕ хъуыды кодтой, уӕддӕр. Зӕгъӕм:
Сӕ иу денджызы был улӕфын уарзы, иннӕ та – балцыты цӕуын.
Сӕ иу у дзураг, хъӕлдзӕг ӕмӕ ӕргом адӕймаг, иннӕ та – хиуылхӕцгӕ ӕмӕ мадзура.
Иумӕ асайын ницы кӕсы, иннӕ та никуы фӕсайы.
Ацы ӕртӕ уавӕрӕй фыццаджы лӕппу ӕмӕ чызг хицӕн кӕнынц, сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уымӕй; дыккаджы – удыхъӕдӕй; ӕртыккаджы – цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй.
Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Уӕ цард куы баиу кӕниккат, уӕд дын ацы ӕртӕ уавӕрӕй зындӕр кӕцыйы уаид? Кӕд дзы искӕцыйы иу хъуыдымӕ ӕрцӕуыны тыххӕй уӕ зондахаст аивынмӕ цӕттӕ стут, уӕд кӕцыйы?
Лӕг ӕмӕ ус, сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уымӕй кӕнӕ сӕ удыхъӕдӕй кӕрӕдзийӕ куы хицӕн кӕной, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ амондджын уой. Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи ӕмбарой, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр иухуызон уой. Иуӕй-иу хатт лӕг ӕмӕ ус фӕархайынц, цӕмӕй, иннӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый бауарзой кӕнӕ та, иннӕмӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй цӕуылдӕр ахуыр кӕной a.
Иннӕмӕй та, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, дӕ цард кӕимӕ баиу кӕнай, уый дӕр аргъ кӕна, ды цӕмӕн аргъ кӕныс, уыдӕттӕн. Зӕгъӕм, динмӕ, уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ ӕмӕ, хорз ӕмӕ ’взӕр цы у, уымӕ кӕса, ды сӕм цы цӕстӕй кӕсыс, ахӕм цӕстӕй. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнай, ӕмбӕлат ма ӕви нӕ, ууыл.
Лӕппу ӕмӕ чызг иу диныл хӕст куы нӕ уой, уӕд та? Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ ус алыхуызон динтыл хӕст куы вӕййынц, уӕд арӕхдӕр ахицӕн вӕййынц (Fighting for Your Marriage).
Библийы уагӕвӕрд: «Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у» (2 Коринфӕгтӕм 6:14).
Уынаффӕ рахӕсс
Библийы фыст ис: «Бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 7:28). Уӕдӕ дӕм диссаг ма кӕсӕд, зындзинӕдтыл-иу кӕй сӕмбӕлдзыстут, кӕд нырма ӕмбӕлгӕ кӕнут, уӕддӕр.
Гыццыл хъуыддӕгты кӕрӕдзи кӕй нӕ бамбарут, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уӕ цард куы баиу кӕнат, уӕд амондджын нӕ уыдзыстут. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Нӕ бон вӕййы хъуыддаг сабырӕй аскъуыддзаг кӕнын?» Ууыл уӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ сахуыр уат, кӕд уӕ уӕ цард баиу кӕнын фӕнды, уӕд.
Библийы уагӕвӕрд: «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ... кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Ефесӕгтӕм 4:32).
Иннӕмӕй та, кӕрӕдзийы-иу арӕх куы нӕ бамбарат кӕнӕ-иу ахсджиаг фарстаты фӕдыл уӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын куы нӕ уа, уӕд уын, ӕвӕццӕгӕн, иумӕ цӕрын зын уыдзӕн. Ӕмӕ уый цас раздӕр бамбарат, уыйас хуыздӕр!
Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Кӕимӕ ӕмбӕлыс, уымӕ кӕд дӕ зӕрдӕ истӕмӕй ӕхсайы ӕмӕ, бинонтӕ скӕнынмӕ цӕттӕ дӕ ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг кӕныс, уӕд дзӕбӕх ахъуыды кӕн!
Библийы уагӕвӕрд: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).
Куы аскъуыддзаг кӕнай, кӕй нал ӕмбӕлдзыстут
Дыууӕ адӕймаджы куы нал фембӕлынц, уӕд сын тынг зын вӕййы. Фӕлӕ кӕд уӕ иу кӕнӕ уӕ дыууӕ дӕр дызӕрдыг кӕнут, дарддӕр ма ӕмбӕлат ӕви нӕ, ууыл, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, куы нал ӕмбӕлат, уӕд.
Уый куыд хъуамӕ саразат? Кӕй нал ӕмбӕлдзыстут, уый тыххӕй йӕм фысгӕ ма ныккӕн, фӕлӕ фембӕлут ӕмӕ афтӕмӕй аныхас кӕнут.
Библийы уагӕвӕрд: «Кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурут» (Захари 8:16).
Куы нал ӕмбӕлат, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ды цыдӕр раст нӕ сарӕзтай? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Дӕ зӕрдыл дар: ӕмбӕлгӕ уый тыххӕй кӕнут, цӕмӕй бамбарай, уыцы адӕймагимӕ дӕ цард баиу кӕнай ӕви нӕ. Куы нал ӕмбӕлат, уӕддӕр, кӕй ӕмбӕлдыстут, уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, дӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райстай.
Ахъуыды кӕн: «Кӕимӕдӕр кӕй ӕмбӕлдтӕн, уый фӕрцы мӕхи тыххӕй цы базыдтон? Бамбӕрстон, бинонтӕ скӕныны размӕ мӕ мӕ удыхъӕды цы фӕивын хъӕуы ӕмӕ мӕ цавӕр миниуджытыл бакусын хъӕуы, уый? Ногӕй та искӕимӕ ӕмбӕлын куы райдайон, уӕд ӕндӕрхуызон цы араздзынӕн?»
a Цӕмӕй хуыздӕр бамбарай, уыцы зындзинӕдтӕ бинонты цардыл куыд фӕзынынц, уый тыххӕй бакӕс статьятӕ «Помощь семье. Когда он и она такие разные» ӕмӕ «Ӕххуыс бинонтӕн. Дӕ цардӕмбалы дӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ цӕуа, уӕд цы ис аразӕн?».