Фломастерӕй ныв анимаци
Фломастерӕй ныв видеороликты фӕрцы ныхас кӕнӕм ахсджиаг темӕтыл!
Сайын ӕвзӕр цӕмӕн у?
Цӕмӕй дын исты бантыса, уый тыххӕй, мыййаг, фӕсайыс? Базон, куы нӕ сайай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн.
Ӕмбаргӕ у – дӕхи сыгъдӕг дар
Дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ дзауматӕ дӕр сыгъдӕг куы дарай, уӕд дӕхицӕн дӕр ӕмӕ, дӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Стӕй ма уый фӕрцы ӕнӕниздӕр уыдзынӕ ӕмӕ къаддӕр тыхсдзынӕ.
Иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсыс?
Иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын низӕй уӕлдай нӕу, ӕмӕ дзы цӕрӕнбонты адӕм рынчын кӕнынц. Библийы фӕрцы базонӕн ис, иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсыс ӕви нӕ.
Дӕхи хиз мӕнг информацийӕ
Цы фехъусыс ӕмӕ цы бакӕсыс, уыдонӕй алцы ӕцӕг нӕ вӕййы. Базон, куыд ис сбӕлвырд кӕнӕн, хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый.
Де ’хцайӕ раст пайда кӕн
Де ’хцайӕ раст пайда кӕн, цӕмӕй бахъуаджы сахат дӕ рӕбыны исты уа!
Тамако – ӕнӕниздзинады знаг
Кӕд бирӕтӕ тамако кӕнӕ электронон сигаретӕтӕ дымынц, уӕддӕр чидӕртӕ уыцы ӕвзӕр ахуыр ныууагътой кӕнӕ архайынц, цӕмӕй йӕ ныууадзой. Цымӕ цӕмӕн? Тамако дымын ӕцӕгдӕр ӕвзӕр у?
Видеохъӕзтытӕ: ӕцӕгдӕр ды рамбулыс?
Видеохъӕзтытӕй хъазгӕйӕ ис хъӕлдзӕгӕй рӕстӕг ӕрвитӕн, фӕлӕ ма цӕмӕйдӕрты тӕссаг дӕр сты. Дӕ бон куыд у, тӕссаг цӕмӕй сты, уыдӕттӕй дӕхи бахизын ӕмӕ ӕцӕгдӕр рамбулын?
Цы саразӕн ис, цӕмӕй мауал ӕнкъард кӕнай
Куы ӕнкъард кӕнай, уӕд дӕ бон цы у саразын?
Цы хъуамӕ зонай спорты тыххӕй
Спорт ахуыр кӕны ахсджиаг миниуджытыл – иннӕтимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ спорт хъуамӕ дӕ царды фыццаг бынаты уа?
Нозт цӕмӕ ӕркӕны, ууыл-иу ахъуыды кӕн
Нозтджынӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц кӕнӕ саразынц, фӕстӕдӕр кӕуыл фӕфӕсмон кӕнынц, ахӕм исты. Цы саразӕн ис, цӕмӕй дӕхи бахизай, нозт цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны, уыдонӕй?
Мӕ ныййарджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг куыд ссарон?
Хатгай дӕм, чи зоны, дӕ ныййарджытимӕ дзурын нӕ фӕцӕуы. Семӕ дын ныхас кӕнын ӕнцондӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн?
Чи у хицау: ды ӕви дӕ телефон?
Ацы дуне ӕнӕ технологитӕй нӕ фӕразы, фӕлӕ дӕ хабар афтӕ ма уӕд – ды сын у хицау. Дӕ бон куыд у базонын, дӕ телефон кӕнӕ дӕ планшетыл тынг кӕй сахуыр дӕ? Дӕ бон куыд у уыцы уавӕр фӕивын?
Цы хъӕуы, цӕмӕй мын фылдӕр сӕрибардзинад уа?
Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕхи бон дӕр у уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ цымӕ дӕ ныййарджытӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц? Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дыл ӕууӕндой?
Иннӕты кой ма кӕн!
Уӕ ныхас фыдкоймӕ куы рахиза, уӕд-иу ныхас иннӕрдӕм аздах!
Ӕцӕг уарзондзинад ӕви сонт уарзт?
Базон, цы у сонт уарзт ӕмӕ цы у ӕцӕг уарзондзинад.
Де ’мгӕртты зондыл ма цу!
Цыппар хуымӕтӕг къахдзӕфы дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уынаффӕтӕ искӕй зондӕй ма хӕссай.
Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау
Дӕхи хиз къӕппӕджытӕй ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ онлайн дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит.
Ӕцӕг ӕмбал кӕй ис схонӕн?
Ӕнӕбары ӕмбӕлттӕ ӕнцон ссарӕн сты, фӕлӕ ӕцӕг ӕмбал куыд ис ссарӕн?
Хылкъахджыты ныхмӕ фидар фӕлӕуу, хыл ма кӕн, афтӕмӕй!
Базон, иутӕ иннӕтӕй цӕмӕн фӕхынджылӕг кӕнынц ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй афтӕ мауал кӕной.