Ӕцӕгӕйдӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕ Библи сӕхе ахурӕдтӕмӕ гӕсгӕ раййивтонцӕ?
Нӕ, е уотӕ нӕй. Мах ӕй ку базонӕн, Библимӕ гӕсгӕ цидӕр раст ке нӕ лӕдӕрӕн, уӕд нӕ ахурӕдтӕ раййевӕн.
«Библи – нӕуӕг дуйней тӕлмац» уадзун райдӕдтан 1950-аг анзи. Фал ӕй ӕртасун ба уомӕй берӕ раздӕр райдӕдтан. Пайда кодтан цидӕриддӕр тӕлмацтӕ нӕ бон иссерун адтӕй, уонӕй. Ӕркӕсӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ рагӕй дӕр кӕбӕл ӕууӕндунцӕ, еци ахурӕдтӕй цалдӕремӕ, ӕма дӕхуӕдӕг равзарӕ, Библимӕ гӕсгӕ раст ӕнцӕ ӕви нӕ.
Цӕбӕл ӕууӕндӕн: Хуцау Троицӕ нӕй. Мӕнӕ ци финст ӕй 1882-аг анзи июли мӕйи уагъд «Сиони гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и (англ.): «Куд ӕй зонетӕ, уотемӕй мах ӕууӕндӕн Йеговӕбӕл, Киристебӕл ӕма сугъдӕг хъаурӕбӕл, фал етӕ ӕртӕ Хуцауи еу бауӕри ке ’нцӕ кенӕ, еуӕй-еуетӕ куд фӕззӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, еу Хуцау ӕртӕ цӕсгоней хӕццӕ, уобӕл ба не ’ууӕндӕн, уомӕн ӕма еци ахурадӕ Библимӕ гӕсгӕ раст нӕй».
Библи ци зӕгъуй: «Нӕ Хуцау Йеговӕ ӕй еунӕг Йеговӕ» (Дуккаг закъон 6:4). «Махӕн ес ӕрмӕстдӕр еу Хуцау – нӕ Фидӕ. Алцидӕр е сфӕлдиста, ӕма мах дӕр уомӕн цӕрӕн. Удта ес ӕрмӕстдӕр еу Хецау – Йесо Киристе. Алцидӕр уой фӕрци фӕззиндтӕй, ӕма мах дӕр уой фӕрци цӕрӕн» (1 Коринфӕгтӕмӕ 8:6). Киристе загъта: «Мӕ Фидӕ мӕнӕй уӕлдӕр ӕй» (Иоанни 14:28).
Цӕбӕл ӕууӕндӕн: Хуцау тӕрегъӕдгӕнгути ӕносмӕ зиндони арти нӕ содзуй. 1882-аг анзи июни «Сиони гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и (англ.), хунттӕй «Тӕрегъӕдбӕл федгӕ ’й мӕлӕтӕй», финст адтӕй: «Ци хъӕбӕр ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма хумӕтӕг дзурдтӕ ’нцӕ! Ӕма куд дессаг ӕй, уойбӕрцӕ адӕн, Библи Хуцауи Дзурдбӕл ка нимайуй, етӕ аци дзурдти нихмӕ ке цӕунцӕ, ӕма федарӕй ӕууӕндунцӕ, Хуцау тӕрегъӕдгун адӕни зиндони арти ӕносмӕ ке содздзӕй, е Библий ахурадӕ ке ӕй».
Библи ци зӕгъуй: «Тӕрегъӕд ка кӕнуй, еци уод рамӕлдзӕй» (Йезекил 18:4, 20). «Еци адӕнӕн хаст ӕрцӕудзӕй ӕносмӕ фесафуни тӕрхон, ӕма нӕ Хецауи ӕма ӕ устур хъаури разӕй ӕрбайсӕфдзӕнцӕ» (2 Фессалоникӕгтӕмӕ 1:9).
Цӕбӕл ӕууӕндӕн: Хуцауи Паддзахадӕ ӕй уӕларвон хецауадӕ, адӕймаги зӕрди ка фӕууй, уӕхӕн цидӕр нӕ, фал. 1881-аг анзи декабри «Сиони гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и (англ.) финст адтӕй: «Еци Паддзахадӕ ку ӕрфедар уа, уӕд ӕгас дуйней паддзахӕдтӕн дӕр ӕрцӕудзӕй кӕрон».
Библи ци зӕгъуй: «Еци паддзӕхти рӕстӕги уӕларвон Хуцау исфедар кӕндзӕй ка некӕдбал ниппурхӕ уодзӕй, уӕхӕн паддзахадӕ. Еци паддзахадӕ ӕндӕр адӕни къохмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕй. Е ниппурхӕ кӕндзӕй еугур еци паддзахӕдтӕ ӕхуӕдӕг ба уодзӕй ӕносмӕ» (Данел 2:44).
Цума Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕрмӕстдӕр «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-ӕй пайда кӕнунцӕ?
Нӕ. Игъосун кӕнгӕй мах фӕппайда кӕнӕн аллихузи тӕлмацтӕй. Кӕд адӕнӕн «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» лӕвар фӕддӕттӕн, уӕддӕр нин ӕхцӕуӕн фӕууй ӕндӕр тӕлмацтӕй дӕр сӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун.