Йегови Ӕвдесӕнтӕ, кӕми ӕмбурд кӕнунцӕ, еци бунат аргъауӕн цӕмӕннӕ хонунцӕ?
Библий еуӕй-еухатт «аргъауӕн»-ӕй ке ратӕлмац кӕнунцӕ, еци грекъаг дзурд амонуй, Хуцауӕн ка ковуй, уӕхӕн адӕми къуармӕ, кӕми ӕрӕмбурд унцӕ, еци бунатмӕ нӕ, фал.
Расагъӕс кӕнӕ аци цӕветтонбӕл: апостол Павел Роми цӕрӕг киристӕнттӕмӕ ку финста, уӕд си салӕмттӕ ӕрвиста еу бийнонтӕн, Акилӕ ӕма Прискиллӕн, ӕма ма ниффинста: «Саламттӕ раттетӕ, сӕ хӕдзари ци аргъауӕн ӕмбурд кӕнуй, уомӕн дӕр» (Ромӕгтӕмӕ 16:4, «Нӕуӕг Фӕдзӕхст», 2004). Павел салӕмттӕ цӕхуӕндӕр бунатӕн не ’рвиста, фал адӕмӕн – еци хӕдзари ка ӕмбурд кодта, уонӕн a.
Уомӕ гӕсгӕ мах дӕр, Хуцауӕн кӕми ковӕн, еци бунат аргъауӕн нӕ хонӕн, фал «Паддзахади зал».
«Йегови Ӕвдесӕнти Паддзахади зал» – уотӕ цӕмӕн хуннуй?
Уотӕ ’й хонӕн цалдӕр гъуддагей туххӕй:
Е фӕууй зал, гъома, ӕмбурд рауадзӕн кӕми ес, уӕхӕн бунат
Мах си ӕрӕмбурд уӕн, цӕмӕй Йеговӕн, Библий ке кой цӕуй, еци Хуцауӕн, ковӕн ӕма уой туххӕй дзубанди кӕнӕн (Псалом 83:18; Исай 43:12).
Удта ма ӕрӕмбурд уӕн, цӕмӕй фулдӕр базонӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй, Киристе арӕх ке кой кодта, еци Паддзахади туххӕй (Матфейи 6:9, 10; 24:14; Лукай 4:43).
Зӕрдиагӕй дӕ хонӕн, хӕстӕг дӕмӕ ка ӕй, еци Паддзахади залмӕ, цӕмӕй дӕхуӕдӕг фӕууинай, Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурдтӕ куд фӕцӕунцӕ, уой.
a Ӕндӕр уӕхӕн цӕветтонтӕ ма фӕууинӕн ес 1 Коринфӕгтӕмӕ 16:19; Колоссӕгтӕмӕ 4:15 ӕма Филимонмӕ 2.