Ӕууӕндун ӕз!
Рафинсӕ:
1. Домбӕйттӕй тас нӕ уодзӕй,
Некӕмӕй ледздзӕнӕн ӕз!
Фуддӕр знаги рази дӕр
Не ’руадздзӕнӕн мӕ сӕр,
Йеговӕ, дӕу хӕццӕ ку уон!
1-аг БАЗАРД
Ӕууӕндун ӕз: кӕрон ӕрцӕудзӕй мастӕн.
Ӕууӕндун ӕз: фӕууодзӕнӕй фудцард.
Мӕ Хуцауи нифсӕй ӕз
Кӕронмӕ тох кӕндзӕн,
Алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уодзӕнӕй.
Ӕууӕндун ӕз!
2. Нӕ ’нцӕ иронх Хуцауӕй
Рагон лӕггадгӕнгутӕ,
Ка нӕ басастӕй зинтӕн.
Сӕ федӕн ӕй цӕттӕ,
Уиндзиан сӕ мах нӕхе цӕстӕй.
1-аг БАЗАРД
Ӕууӕндун ӕз: кӕрон ӕрцӕудзӕй мастӕн.
Ӕууӕндун ӕз: фӕууодзӕнӕй фудцард.
Мӕ Хуцауи нифсӕй ӕз
Кӕронмӕ тох кӕндзӕн,
Алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уодзӕнӕй.
Ӕууӕндун ӕз!
2-аг БАЗАРД
Ӕууӕндун ӕз: алцидӕр ’сфӕраздзӕн,
Мӕ нифс мӕ разӕй ку уинон.
Неци мӕ бауорамдзӕй, не ’рхусдзӕй мӕ зинг,
Дӕумӕ, Йеговӕ, ку кӕсон.
3. Амондгун цард – нӕ разӕй.
Уоми куд ан, уой уинӕн.
Минкъий бабухсӕн
Ӕма федар лӕууӕн –
Тагъд уӕлахези зар райгъусдзӕй!
1-аг БАЗАРД
Ӕууӕндун ӕз: кӕрон ӕрцӕудзӕй мастӕн.
Ӕууӕндун ӕз: фӕууодзӕнӕй фудцард.
Мӕ Хуцауи нифсӕй ӕз
Кӕронмӕ тох кӕндзӕн,
Алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уодзӕнӕй.
Ӕууӕндун ӕз!
Ӕууӕндун ӕз!
(Кӕсӕ ма Дзиуит. 11:1–40.)