Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

146 зар

Уой кодтай мӕнӕн

Уой кодтай мӕнӕн

(Матфейы 25:34–40)

  1. Ес ӕгас зӕнхӕбӕл Киристейӕн адӕн.

    Ӕнхус кӕнунцӕ етӕ е ’нсувӕртӕн.

    Исӕрститӕн сӕ къох

    рӕуӕг ке кӕнунцӕ –

    хуӕрзеуӕг сӕ хезуй сӕ хъиамӕттӕбӕл.

    БАЗАРД

    «Ӕнхус ме ’нсувӕртӕн ӕй ӕнхус мӕнӕн.

    Уӕ лӕггадӕ нимад ӕй алкӕд мӕнӕн.

    Уӕ зингзӕрдӕ хъиамӕт нӕ феронх кӕндзӕн.

    Ке кодтайтӕ, уой кодтайтӕ мӕнӕн.

    Ӕнхус ме ’нсувӕртӕн нӕ феронх кӕндзӕн».

  2. «Дон ӕма къӕбӕрӕй арӕх уайнӕ ӕз цох.

    Уодӕнцойнӕ мин адтӕй уе ’нхуси къох».

    «Цӕмӕн дзорис, кӕд адтан

    агъаз мах дӕуӕн?»

    Дзуапп ратдзӕнӕй Паддзах уӕд растгӕнгутӕн:

    БАЗАРД

    «Ӕнхус ме ’нсувӕртӕн ӕй ӕнхус мӕнӕн.

    Уӕ лӕггадӕ нимад ӕй алкӕд мӕнӕн.

    Уӕ зингзӕрдӕ хъиамӕт нӕ феронх кӕндзӕн.

    Ке кодтайтӕ, уой кодтайтӕ мӕнӕн.

    Ӕнхус ме ’нсувӕртӕн нӕ феронх кӕндзӕн».

  3. «Ке хӕссетӕ сумах хуарз хабар адӕнӕн –

    кӕнтӕ кадӕ мӕнӕн ма ме ’нсувӕртӕн».

    Уӕд ӕ рахес фарс ка ’й, уонӕн

    Паддзах зӕгъдзӕй:

    «Зӕнхӕ уӕд уӕ барӕ, цӕретӕ фӕрнӕй!»

    БАЗАРД

    «Ӕнхус ме ’нсувӕртӕн ӕй ӕнхус мӕнӕн.

    Уӕ лӕггадӕ нимад ӕй алкӕд мӕнӕн.

    Уӕ зингзӕрдӕ хъиамӕт нӕ феронх кӕндзӕн.

    Ке кодтайтӕ, уой кодтайтӕ мӕнӕн.

    Ӕнхус ме ’нсувӕртӕн нӕ феронх кӕндзӕн».