Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

10 СӔР

Ӕууӕндундзийнади знаг исбӕрӕг ӕй

Ӕууӕндундзийнади знаг исбӕрӕг ӕй

ЙЕГОВӔ зӕнхӕ ку нӕма сфӕлдиста, уой разӕй сфӕлдиста уӕларвон изӕдти. Фал рӕстӕг рацудӕй, ӕма еу изӕди бафӕндадтӕй, цӕмӕй ин еугурӕйдӕр, Хуцауӕн куд ковунцӕ, уотӕ ковонцӕ. Еци изӕд ӕ рӕдуд фӕндтӕ ӕнхӕст кӕнун райдӕдта, Хуцауи нихмӕ рацудӕй ӕма уотемӕй иссӕй Сайтан, гъома «Нихмӕлӕууӕг». Цума Сайтан Хуцауи нихмӕ куд рацудӕй?

Сайтан хелагӕй испайда кодта, цӕмӕй Еви басайдтайдӕ

Сайтан Еви исразӕнгард кодта, цӕмӕй Хуцауи дзурди сӕрти рахизтайдӕ. Евӕн загъта, Хуцау сӕ еци бӕласӕй хуӕрун ке нӕ уадзуй, е си цидӕр хуарздзийнӕдтӕ ке римӕхсуй, уобӕл дзорӕг ӕй. Зӕгъӕн ес, ӕма Сайтан Хуцауи фӕффудгин кодта, сайгӕ сӕ ке кӕнуй. Уотемӕй Еви баразӕнгард кодта Хуцауи хецаудзийнадӕбӕл ӕ къох исесун. Сайтан загъта: «Хуцау [ӕй] зонуй: ци бон си бахуӕрайтӕ, еци бон уӕ цӕститӕ райгон уодзӕнцӕ ӕма исуодзиайтӕ Хуцауи хузӕн – зондзиайтӕ, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй уой» (Райдайӕн 3:5). Евӕ Сайтанбӕл баууӕндтӕй, Хуцауи закъони сӕрти рахизтӕй ӕма Адами дӕр ӕхердӕмӕ фӕккодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сайтан иссӕй ӕцӕг Хуцауӕн ковӕг адӕми знаг, ӕма абони уӕнгӕ дӕр адӕми сайуй. Цума куд?

Мӕнгӕ ахурӕдтӕ парахат кӕнунцӕ

Сайтан мӕнгӕ ахурӕдтӕй ӕма адӕми ӕримисгӕ ӕгъдӕуттӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй адӕми сайа

Сайтан мӕнгӕ ахурӕдтӕй ӕма адӕми ӕримисгӕ ӕгъдӕуттӕй испайда кодта, цӕмӕй израилӕгти дин фехалдтайдӕ. Еу хатт Йесо дини разамонгутӕн загъта, «ци амонунцӕ, етӕ адӕми имисгӕ фӕдзӕхститӕй» ӕндӕр ке неци ’нцӕ ӕма сӕ кувд дӕр дзӕгъӕли ке ӕй (Матфеййи 15:9). Израили адӕм Киристебӕл сӕ къох ку исистонцӕ, уӕд сӕбӕл Йеговӕ дӕр ӕ къох исиста. Йесо син загъта: «Хуцауи паддзахадӕ сумахӕй байсдзӕнцӕ ӕма ’й ратдзӕнцӕ, еци паддзахади аккаг гъуддӕгтӕ ка кӕна, еци адӕмӕн» (Матфеййи 21:43). Уой фӕсте Хуцау арфӕ кӕнун райдӕдта Йесой фӕдбӕлдзӕугутӕн.

Нур ба Сайтан уони ’рдӕмӕ фӕцӕй ӕма Йесой фӕдбӕлдзӕугутӕн къулумпий хуасӕ иссӕй. Цума ин ести бантӕстӕй? Уой туххӕй Йесо ӕрхаста еу цӕветтон: еу лӕг ӕ хуми байтудта хуарз мӕнӕуӕ. Фал фӕстӕдӕр е ’знаг ӕрбацудӕй ӕма еци мӕнӕуи астӕу байтудта хӕмпӕлгӕрдӕг. Мӕнӕуӕ дӕр ӕма хӕмпӕлгӕрдӕг дӕр хумӕ кӕрдуни рӕстӕгмӕ уагъд ӕрцудӕнцӕ. Уой фӕсте хӕмпӕлгӕрдӕг мӕнӕуӕй рахецӕн кодтонцӕ ӕма ибӕл бандзарстонцӕ, мӕнӕуӕ ба хецауи хуардони бафснайдтонцӕ.

Фӕстӕдӕр Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн балӕдӕрун кодта, еци цӕветтон ци нисан кӕнуй, уой. Итауӕг Йесо ӕхуӕдӕг адтӕй. «Хуарз муггаг ӕнцӕ паддзахади фурттӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг ба – Фидбилизи фурттӕ. Ка сӕ байтудта, еци знаг ба ӕй Сайтан. Хумгӕрдӕнтӕ ӕнцӕ аци цардӕвӕрди кӕрон, хумгӕрдгутӕ ба – изӕдтӕ» (Матфеййи 13:38, 39). Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути мӕнӕуи хӕццӕ рабарста. Фал еци мӕнӕуи астӕу Сайтан хӕмпӕлгӕрдӕг байтудта, гъома мӕнгӕ ахурӕдтӕ ка парахат кӕндзӕй, уӕхӕн адӕм. Еци ахурӕдтӕмӕ хаунцӕ, зӕгъӕн, Троици ахурадӕ, гъома Хуцауӕн ӕртӕ цӕсгони ке ес. Уомӕй уӕлдай ма уӕхӕн адӕм райдӕдтонцӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковун ӕма политики гъуддӕгти архайун. Ӕрмӕстдӕр ма еугай ахуркӕнуйнӕгтӕ байзадӕнцӕ Йесой ахурӕдтӕбӕл еузӕрдон.

Ӕцӕг ӕууӕндундзийнадӕ нӕ фесавдӕй

Фал Йесо куд загъта, уомӕ гӕсгӕ уавӕр гъӕуама раййивтайдӕ. Хуцауи изӕдтӕ, ӕцӕг ӕууӕндундзийнадӕ кӕмӕ нӕййес, еци адӕми рахецӕн кӕндзӕнцӕ ӕма сӕ фесафдзӕнцӕ. Ӕма уӕд еци адӕм рабӕрӕг уодзӕнцӕ. Фӕстагмӕ ба ӕцӕг Хуцауӕн ковӕг адӕми знаг дӕр, Сайтан Ибилис, исӕфт ӕрцӕудзӕй. Ӕма гъе уӕд рӕстдзийнадӕ ӕрфедар уодзӕй!

Фал Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ӕууӕндуй, еци адӕми куд ес базонӕн? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан идарддӕр.

Хуцауи изӕдтӕ агорунцӕ, Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ӕууӕндун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕм