7 СӔРГОНД
Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?
1. Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?
Хуцауи Паддзахадӕ ӕй уӕларвон хецауадӕ. Еци хецауадӕ кӕрон искӕндзӕй адӕми хецаудзийнадӕн ӕма Хуцауи фӕндон исӕнхӕст кӕндзӕй уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр. Библий Хуцауи Паддзахади туххӕй ци финст ес, е ӕй хуарз хабар. Еци Паддзахадӕ ӕй, еугур адӕм дӕр кӕмӕ бӕллунцӕ, уӕхӕн хецауадӕ. Еци хецауади фӕрци адӕм еугурӕйдӕр фӕрнӕй цӕрдзӕнцӕ еу бийнонти хузӕн. Бакӕсӕ Данел 2:44; Матфеййи 6:9, 10; 24:14.
Алли паддзахади сӕргъи дӕр фӕууй паддзах. Йеговӕ ба ӕ уӕларвон Паддзахади Паддзахӕй исӕвардта ӕ Фурти, Йесо Киристей. Бакӕсӕ Раргомадӕ 11:15.
Бакӕсӕ видеороликмӕ «Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?»
2. Йесо тӕккӕ хуӕздӕр Паддзах цӕмӕн ӕй?
Хуцауи Фурт ӕй тӕккӕ хуӕздӕр Паддзах, уомӕн ӕма уарзуй рӕстдзийнадӕ ӕма ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ (Матфеййи 11:28–30). Удта ма Йесомӕ ци хъаурӕ ес, уӕхӕн хъаурӕ некӕмӕ ес, ӕма разамунд уӕлӕрвтӕй ке дӕтдзӕй, уой фӕрци ӕ бон уодзӕй адӕмӕн хуӕздӕр банхус кӕнун. Киристе ку райгас ӕй, уӕд уӕлӕрвтӕмӕ иссудӕй ӕма Хуцауи рахес фарс исбадтӕй (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:12, 13). Рӕстӕг ку ’рхъӕрдтӕй, уӕд ин Хуцау Паддзахи бартӕ ӕ къохмӕ равардта. Бакӕсӕ Данел 7:13, 14.
3. Йесой хӕццӕ паддзӕхтӕ катӕ уодзӕнцӕ?
Киристей хӕццӕ ма уӕлӕрвти паддзӕхтӕ уодзӕнцӕ, Библи «кӕдзос адӕм» ке хонуй, етӕ (Данел 7:27). Еци кӕдзос адӕмӕй фиццӕгтӕ адтӕнцӕ Йесой еузӕрдон апостолтӕ. Еци къуармӕ абони уӕнгӕ дӕр ӕвзурст цӕунцӕ Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ. Етӕ ку рамӕлунцӕ, уӕд сӕ Йеговӕ уӕларвон цардмӕ райгас кӕнуй, Киристей куд райгас кодта, уотӕ. Бакӕсӕ Иоанни 14:1–3; 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:42–44.
Уӕларвон цардмӕ цал адӕймаги райгас уодзӕй? Еци адӕми Йесо исхудта «минкъий дзогӕ» (Лукай 12:32). Ӕдеугурӕй ӕнцӕ 144 000 адӕймаги. Етӕ Киристей хӕццӕ еумӕ разамунд дӕтдзӕнцӕ зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕмӕн. Бакӕсӕ Раргомадӕ 14:1.
4. Йесо Паддзах ку иссӕй, уӕд цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй?
Хуцауи Паддзахадӕ исфедар ӕй 1914 анзи. Киристе Паддзах ку иссӕй, уӕд фиццагидӕр Сайтани ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти уӕлӕрвтӕй зӕнхӕмӕ рагӕлста. Уой фӕсте Сайтан ӕ еугур маст дӕр адӕмбӕл калун райдӕтта (Раргомадӕ 12:7–10, 12). Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕми гъезӕмӕрттӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Тугъдтитӕ, стонгдзийнадӕ, незтӕ ӕма зӕнхизмӕлдтитӕ уотӕ ке исарӕх ӕнцӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма тагъд рӕстӕги Хуцауи Паддзахадӕ еугур бартӕ дӕр ӕ къохмӕ райсдзӕй. Бакӕсӕ Лукай 21:7, 10, 11, 31.
5. Хуцауи Паддзахадӕ абони ци куст кӕнуй ӕма федӕни ци искӕндзӕй?
Абони Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъустгонд цӕуй ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр, ӕма уой фӕрци милиуангай адӕм сӕхе еци Паддзахади дӕлбарӕ бакӕнунцӕ. Ӕма кӕд еци сӕрниллӕг адӕм алли адӕмихаттӕй ӕнцӕ, уӕддӕр абони сӕ астӕу ес еудзийнадӕ ӕма фарнӕ. Хуцауи Паддзахадӕ аци дуйне ку исафа, уӕд еци адӕми багъӕуай кӕндзӕй. Мадта, цӕмӕй Хуцауи Паддзахади хуарздзийнӕдтӕй исхайгин уай, уой туххӕй гъӕуама Йесо Киристемӕ игъосай. Бакӕсӕ Раргомадӕ 7:9, 14, 16, 17.
Хуцауи Паддзахадӕ 1 000 анземӕ исӕнхӕст кӕндзӕй, Хуцаумӕ райдайӕни ци фӕндӕ адтӕй, уой. Зӕнхӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр исуодзӕй дзенет. Уой фӕсте ба Йесо паддзахи бартӕ фӕстӕмӕ ӕ Фиди къохмӕ ратдзӕй (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:24–26). Дӕ хеуӕнттӕй кенӕ дӕ дӕ зонгитӕй кӕмӕн фӕндадтайдӕ Хуцауи Паддзахади туххӕй радзорун? Бакӕсӕ Псалом 37:10, 11, 29.