Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

11 СӔРГОНД

Библий уагӕвӕрдтӕ нин царди куд ӕнхус кӕнунцӕ?

Библий уагӕвӕрдтӕ нин царди куд ӕнхус кӕнунцӕ?

1. Алли адӕймаги дӕр Хуцауи разамунд цӕмӕн гъӕуй?

Цард Хуцауи лӕвар ке ӕй, е нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнуй? (ПСАЛОМ 36:9)

Не Сфӕлдесӕг махӕй дзӕвгарӕ зундгиндӕр ӕй. Е нӕбӕл тухсуй, уарзӕгой фидӕ ӕ сувӕллонбӕл куд фӕттухсуй, уотӕ, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй нин хуарз уа. Хуцау нӕ уотӕ не сфӕлдиста, цӕмӕй нӕхуӕдтӕ нӕхецӕн разамунд дӕттунгъон уӕн (Йереми 10:23). Уомӕ гӕсгӕ ба ни алке дӕр гъӕуй Хуцауи разамунд, сувӕллони ӕ ниййергути разамунд куд фӕгъгъӕуй, уотӕ (Исай 48:17, 18). Хуцау ӕ фӕдзӕхститӕ Библий ниффинсун кодта ӕма нин уордигӕй дӕттуй разамунд. Еци киунугӕ ӕй устур лӕвар Хуцауӕй. Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 3:16.

Йегови фӕдзӕхститӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй абони дӕр царди тӕккӕ хуӕздӕр надбӕл цӕуӕн ӕма нӕмӕ исонибон ци ӕносон хуарздзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕй дӕр исхайгин уӕн. Хуцау не Сфӕлдесӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ уомӕй хуӕздӕр неке зонуй, хуӕздӕр нин ци уодзӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ ба ин гъӕуама ӕ разамундмӕ игъосӕн ӕма ин аргъ кӕнӕн. Бакӕсӕ Псалом 19:7, 11; Раргомадӕ 4:11.

2. Хуцау нин Библийӕй разамунд куд дӕттуй?

Библий ес, аллихузи уавӕртӕмӕ ка хауй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ. Удта ма си ес закъӕнттӕ, гъома комкоммӕ фӕдзӕхститӕ (Дуккаг закъон 22:8). Цӕмӕй адӕймаг балӕдӕра, кӕцидӕр уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куд бакӕнун гъӕуй, уӕд гъӕуама еци уагӕвӕрдбӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕна (Ӕмбесӕндтӕ 2:10–12). Зӕгъӕн, Библий финст ӕй, цард ӕй Хуцауи лӕвар, зӕгъгӕ. Аци уагӕвӕрд нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд кусти дӕр, хӕдзари дӕр ӕма надбӕл дӕр нӕхе цард дӕр ӕма иннети цард дӕр тӕссаг уавӕри нӕ багӕлдздзинан. Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 17:28.

3. Цӕхуӕн дууӕ уагӕвӕрди ӕнцӕ тӕккӕ сӕйрагдӕр?

Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ес дууӕ сӕйраг уагӕвӕрди. Фиццаг уагӕвӕрд амонуй, адӕймаг цӕмӕн цӕруй, уомӕ – цӕмӕй Хуцауи зона, уарза ӕй ӕма ин еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕна. Аци уагӕвӕрд гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, царди цийфӕнди унаффӕ хӕсгӕй дӕр (Ӕмбесӕндтӕ 3:6). Ӕ цард аци уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ка аразуй, еци адӕймаг хӕстӕг кӕндзӕй Хуцаумӕ, ӕцӕгӕйдӕр уодзӕй амондгун ӕма ин фӕззиндзӕй ӕностӕмӕ цӕруни нифс. Бакӕсӕ Матфеййи 22:36–38.

Дуккаг уагӕвӕрд ба нин ӕнхус кӕндзӕй иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрун (1 Коринфӕгтӕмӕ 13:4–7). Цӕмӕй аци уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нӕ бон цӕрун уа, уой туххӕй гъӕуама адӕммӕ Хуцауи цӕстӕй кӕсӕн. Бакӕсӕ Матфеййи 7:12; 22:39, 40.

4. Библий уагӕвӕрдтӕ нин царди куд ӕнхус кӕнунцӕ?

Библий уагӕвӕрдти фӕрци бийнонтӕ кӕрӕдземӕ фенгомдӕр унцӕ ӕма сӕ уарзондзийнадӕ гъуддӕгтӕй февдесунцӕ (Колоссӕгтӕмӕ 3:12–14). Уомӕй уӕлдай ма Хуцауи Дзурди финст ес, зӕгъгӕ, лӕг ӕма уосӕ гъӕуама алкӕддӕр уонцӕ еумӕ. Бийнонтӕ аци уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайунцӕ, уӕд сӕ цардӕн фехӕлунӕй тӕссаг нӕ фӕууй. Бакӕсӕ Райдайӕн 2:24.

Библий ци уагӕвӕрдтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд нин кусти гъуддаги дӕр ӕнцондӕр уодзӕй, удта нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ. Зӕгъӕн, беретӕ кустмӕ есунцӕ, ӕууӕнкӕ кӕбӕл ес ӕма косун ка уарзуй, ӕрмӕстдӕр уӕхӕн адӕми (Ӕмбесӕндтӕ 10:4, 26; Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:18). Хуцауи Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕмӕ ци ес, уой фагӕбӕл нимайӕн ӕма гъӕздугдзийнадӕмӕ ма бӕллӕн, фал Хуцаумӕ хӕстӕг кӕнӕн. Бакӕсӕ Матфеййи 6:24, 25, 33; 1 Тимофеймӕ 6:8–10.

Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ма пайда ӕй не ’нӕнездзийнадӕн дӕр (Ӕмбесӕндтӕ 14:30; 22:24, 25). Зӕгъӕн, Хуцау ниуӕзтӕмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд аллихузи лӕгъуз незтӕй ӕма фидбилизӕй нӕхе багъӕуай кӕндзинан (Ӕмбесӕндтӕ 23:20). Йеговӕ уотӕ нӕ зӕгъуй, ниуазун ӕппундӕр не ’нгъезуй, зӕгъгӕ, фал гъӕуама адӕймаг ниуӕзтӕн бӕрцӕ зона (Псалом 104:15; 1 Коринфӕгтӕмӕ 6:10). Хуцауи Дзурд ма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй лӕмбунӕг кӕсӕн, нӕхе куд дарӕн ӕма цӕбӕл сагъӕс кӕнӕн, уомӕ (Псалом 119:97–100). Ӕцӕг киристӕнттӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрунцӕ, пайда син ке ӕнцӕ, айдагъ уой туххӕй нӕ, фал сӕ Йегови кадгин кӕнун ке фӕндуй, фиццагидӕр уой туххӕй. Бакӕсӕ Матфеййи 5:14–16.