Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

8 УРОК

Цӕветтонтӕ хӕссӕ

Цӕветтонтӕ хӕссӕ

Матфеййи 13:34, 35

ДӔ НИСАН. Игъосгути зӕрдӕмӕ ка багъара ӕма син ӕхсидзгӕ гъудитӕ балӕдӕрунмӕ ка банхус кӕна, уӕхӕн хумӕтӕг цӕветтонтӕ хӕссӕ.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Хумӕтӕг цӕветтонтӕ хӕссӕ. Киристей хузӕн минкъийӕй лӕдӕрун кӕнӕ устур, хумӕтӕгӕй ба – зинлӕдӕрӕн. Цӕмӕй дӕ цӕветтон ӕнцонлӕдӕрӕн уа, уой туххӕй ибӕл берӕ листӕг хабӕрттӕ ма ’фтауӕ. Байархайӕ, цӕмӕй игъосгутӕ раст лӕдӕронцӕ, цӕветтон теми хӕццӕ куд баст ӕй, уой.

  • Дӕ игъосгутӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Дӕ игъосгутӕ хуарз ке зонунцӕ кенӕ сӕ царди хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн цӕветтонтӕ хӕссӕ. Кӕмӕй фефсӕрми уонцӕ кенӕ сӕмӕ гъулӕг ка фӕккӕса, уӕхӕн цӕветтонтӕ ма хӕссӕ.

  • Сӕйраг гъудитӕ амонӕ. Цӕветтонтӕ хӕссӕ ӕрмӕстдӕр сӕйраг гъудитӕн. Байархайӕ, цӕмӕй адӕймаг айдагъ цӕветтон ма нигъгъуди кӕна, фал ма ’й цӕмӕ гӕсгӕ радзурдтай, уой дӕр.