Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

10 УРОК

Раст гъӕлӕси уагӕ

Раст гъӕлӕси уагӕ

Ӕмбесӕндтӕ 8:4, 7

ДӔ НИСАН. Цӕмӕй дӕ гъудитӕ ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма зӕрдӕмӕгъаргӕ уонцӕ, уой туххӕй дӕ кӕмидӕр гъӕрдӕр дзорун гъӕудзӕй, кӕмидӕр ба – сабурдӕр, кӕмидӕр бӕрзонддӕр гъӕлӕсӕй, кӕмидӕр ба – ниллӕгдӕр, кӕмидӕр – тагъддӕр, кӕмидӕр ба – сабурдӕр.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Кӕми гъӕуа, уоми гъӕрдӕр дзорӕ, кӕми гъӕуа, уоми ба – сабурдӕр. Сӕйраг гъуди баханхӕ кӕнун кенӕ игъосгути цӕмӕдӕр баразӕнгард кӕнун ку гъӕуа, уӕд гъӕрдӕр дзорӕ, удта, Библийӕй Хуцауи тӕрхӕнттӕ ку кӕсай, уӕд дӕр. Игъосгути гъудити бафтаун кенӕ ба тухст ӕма тарст ӕнкъарӕнтӕ бавдесун ку гъӕуа, уӕдта сабурдӕр дзорӕ.

  • Гъӕлӕси уагӕ ӕййевӕ. Бӕрзонддӕр гъӕлӕсӕй дзорӕ, ести ӕнкъарӕнтӕ кенӕ естӕй бӕрцӕ бавдесун дӕ ку гъӕуа, уӕд. Маст кенӕ тухст бавдесун дӕ ку гъӕуа, уӕдта ниллӕгдӕр гъӕлӕсӕй дзорӕ.

  • Кӕми гъӕуа, уоми тагъддӕр дзорӕ, кӕми гъӕуа, уоми ба – сабурдӕр. Цийнӕдзийнадӕ бавдесун ку гъӕуа, уӕд тагъддӕр дзорӕ, ӕхсидзгӕ гъудитӕ ба – сабурдӕр.