6 СӔР
Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ цӕмӕн фембӕлӕн?
Мах не ’мбурдтӕн хъӕбӕр аргъ кӕнӕн. Фестӕгӕй нӕ берӕ цӕун ку фӕгъгъӕуй кенӕ лӕгъуз бонигъӕдӕ ку фӕууй, уӕддӕр не ’мбурдтӕ нӕ фӕццох кӕнӕн. Нӕ нӕ бауорамунцӕ зиндзийнӕдтӕ кенӕ, фӕскуст фӕллад ке фӕууӕн, е дӕр. Цума нӕ нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ фембӕлун уотӕ хъӕбӕр цӕмӕн фӕффӕндуй?
Уой фӕрци нин ӕнцондӕр ӕй нӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнун. Апостол Павел киристӕнттӕн загъта, уӕ «кӕрӕдзебӕл сагъӕс кӕнтӕ», зӕгъгӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24). Аци дзурдтӕ нӕ разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзей хуӕздӕр базонӕн ӕма кӕрӕдзебӕл тухсӕн. Ӕмбурди ка ӕй, етӕ дӕр, мах ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ. Ӕма сӕ сӕрти куд рахизтӕнцӕ, уой нин ку радзорунцӕ, уӕд нин е устур ӕнхус фӕууй.
Уой фӕрци иссерӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ. Ӕмбурдтӕмӕ ка фӕццӕуй, етӕ нин уотид зонгитӕ нӕ фӕуунцӕ, фал нӕ хуӕздӕр ӕмбӕлттӕ. Удта кӕрӕдзей хӕццӕ айдагъ ӕмбурди нӕ фембӕлӕн, фал ма нӕ рӕстӕг дӕр еумӕ ферветӕн. Е нин ци пайда хӕссуй? Уотемӕй ахур кӕнӕн нӕ кӕрӕдземӕн никки фулдӕр аргъ кӕнун ӕма кӕрӕдзей никки хъӕбӕрдӕр уарзун. Кӕрӕдземӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ ни еске зин уавӕри ку бахауй, уӕд ӕ фарсмӕ ӕрбалӕууӕн (Ӕмбесӕндтӕ 17:17). Не ’мбурдти алкӕмӕн дӕр рӕстӕг ке ерӕн, уомӕй ӕвдесӕн, нӕ кӕрӕдзебӕл ке тухсӕн, уой (1 Коринфӕгтӕмӕ 12:25, 26).
Фӕндуй дӕ, цӕмӕй, Хуцауи фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, етӕ де ’мбӕлттӕ уонцӕ? Уӕхӕн ӕмбӕлттӕ иссердзӕнӕ Йегови Ӕвдесӕнти астӕу. Еци гъуддаги дӕ маци бакъулумпи кӕнӕд!
-
Ӕмбурди нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ ке фембӕлӕн, е нин куд ӕнхус кӕнуй?
-
Рӕстӕг дин кӕд уодзӕй, цӕмӕй ӕмбурдмӕ ӕрбацӕуай ӕма си еске хӕццӕ базонгӕ уай?