02 УРОК
Библи дӕттуй нифс
Абони адӕн берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ ӕма берӕ цӕстисуг калунцӕ. Гӕнӕн ес, ду дӕр естӕбӕл маст кӕнис. Кӕд ести нези хӕццӕ тох кӕнис кенӕ дӕ хеуӕнттӕй кадӕр фӕззиан ӕй, уӕд, ӕвӕдзи, фӕссагъӕс кӕнис: «Цума цард ескӕд фӕххуӕздӕр уодзӕй?» Библи аци фарстабӕл ци дзуапп дӕттуй, е дин дӕ зӕрди нифс бауадздзӕй.
1. Библи цӕхуӕн нифс дӕттуй?
Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, зӕнхӕбӕл уойбӕрцӕ зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн ес, уой. Уомӕй уӕлдай ма си финст ес, еци зиндзийнӕдтӕ берӕ рӕстӕг ке нӕбал уодзӕнцӕ. Библий зӕрдӕвӕрдтӕ нин дӕттунцӕ «федӕн ӕма нифс». (Бакӕсӕ Йереми 29:11, 12.) Кӕд зиндзийнӕдтӕ ӕвзарӕн, уӕддӕр нӕ бон ӕй амондгун ун, уомӕн ӕма ’й зонӕн, цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй.
2. Библимӕ гӕсгӕ цард цӕхуӕн исуодзӕй?
Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ «нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист». (Бакӕсӕ Раргомадӕ 21:4.) Адӕн кӕмӕй бафӕлладӕнцӕ, еци зиндзийнӕдтӕй исуӕгъдӕ уодзӕнцӕ. Зӕгъӕн, мӕгурдзийнадӕ, хӕран гъуддӕгтӕ, незтӕ ӕма мӕлӕт. Библи нин зӕрдӕ ӕвӕруй, адӕн зӕнхӕбӕл ӕносмӕ дзенети ке цӕрдзӕнцӕ.
3. Библий зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, е ди цӕй фӕрци байрагӕс уодзӕй?
Беретӕ хуӕздӕр цардбӕл сӕ зӕрдӕ дарунцӕ, фал ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке уодзӕй, уомӕн ба сӕмӕ федар нифс нӕ фӕууй. Библий ци зӕрдӕвӕрдтӕ ес, етӕ ба ӕгасӕйдӕр исӕнхӕст уодзӕнцӕ. Ӕма е дӕуӕй дӕр байрагӕс уодзӕй, Библи лӕмбунӕг ку ӕртасӕй, уӕд (Гъуддӕгтӕ 17:11). Библи ку ахур кӕнай, уӕд ӕй фӕууиндзӕнӕ, ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл ин ӕууӕндӕн ке ес.
ФУЛДӔР БАЗОНӔ
Базонӕ, цард цӕхуӕн уодзӕй, уой туххӕй Библий ци финст ес ӕма Библий зӕрдӕвӕрдтӕ абони дӕр адӕнӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ.
4. Библи зӕрдӕ ӕвӕруй, адӕн ӕносмӕ ке цӕрдзӕнцӕ ӕма зиндзийнӕдтӕ ке нӕбал ӕвзардзӕнцӕ
Дӕлдӕр финст ӕнцӕ Библий зӕрдӕвӕрдтӕ. Дӕ зӕрдӕмӕ си хъӕбӕрдӕр кӕцитӕ фӕццудӕнцӕ? Цӕмӕн?
Бакӕсетӕ, ци стихтӕ си ес, уони ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстатӕбӕл:
-
Куд дӕмӕ кӕсуй, аци стихтӕ нифс дӕттунцӕ? Де ’мбӕлттӕн кенӕ дӕ хеуӕнттӕн ескуд банхус кӕндзӕнцӕ?
Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цӕхуӕн цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой.
ЦИ НӔБАЛ УОДЗӔЙ: |
ЦИ УОДЗӔЙ: |
---|---|
|
|
|
|
|
|
|
|
|
|
5. Библий фӕрци нӕ бон ӕй нӕ зиндзийнӕдтӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсун
Беретӕн сӕ нифс басӕттуй, дуйней ци хабӕрттӕ цӕуй, уомӕ кӕсгӕй. Кадӕртӕ ба ести раййевунмӕ дӕр бӕргӕ фӕгъгъавунцӕ. Базонӕ, Библи ци нифс дӕттуй, е абони адӕнӕн куд ӕнхус кӕнуй. Бакӕсетӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕма радзубанди кӕнтӕ, дӕлдӕр ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл.
-
Рафикӕ цӕмӕ мӕстгун кодта?
-
Библи ке ахур кодта, е ин куд банхус кодта, кӕд уавӕр нӕ фӕххуӕздӕр ӕй, уӕддӕр?
Библи нин ци нифс дӕттуй, е нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕхемӕ ма нийгъосӕн ӕма зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй дӕр амондгун уӕн. Бакӕсетӕ Ӕмбесӕндтӕ 17:22 ӕма Ромӕгтӕмӕ 12:12 ӕма радзубанди кӕнтӕ аци фарстатӕбӕл:
-
Куд дӕмӕ кӕсуй, Библи ци нифс дӕттуй, уобӕл ку баууӕндай, уӕд дӕ цард фӕххуӕздӕр уодзӕй? Уотӕ дӕмӕ цӕмӕн кӕсуй?
КАДӔРТӔ ФӔЗЗӔГЪУНЦӔ: «Библий ци финст ес, етӕ рӕсугъд аргъӕуттӕй уӕлдай нӕ ’нцӕ».
-
Библий зӕрдӕвӕрдтӕ раст ке ’нцӕ, уой рартасун дӕхе цӕмӕн гъӕуй?
ЦИ БАЗУДТАЙ
Библий ци зӕрдӕвӕрдтӕ ес, етӕ нин нифс дӕттунцӕ ӕма нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй нур дӕр амондгун уӕн.
Дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ
-
Библи нин ци нифс дӕттуй, уой адӕни базонун цӕмӕн гъӕуй?
-
Цард цӕхуӕн уодзӕй, уой туххӕй Библий ци финст ес?
-
Библи ци нифс дӕттуй, е дин абони дӕр куд банхус кӕндзӕй?
ФУЛДӔР ӔРМӔГ
Базонӕ, нифсӕн цӕхуӕн хъаурӕ ес, уой.
«Надежда. Где её можно найти?» (2004 анзи 22 апрели «Пробудитесь!»)
Базонӕ, уӕззау нези хӕццӕ ка тох кӕнуй, уонӕн, Библий ци нифс ес, е куд ӕнхус кӕнуй.
«Жизнь с хроническим заболеванием – может ли помочь Библия?» (интернет-статья)
Аци видеороликмӕ кӕсгӕй, дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, дӕ бийнонти хӕццӕ дзенети амондгунӕй куд цӕрис, уой.
Бакӕсӕ, адӕни ӕма цӕрӕгойти бартӕбӕл ка тох кодта, еу уӕхӕн нӕлгоймагӕн ӕ цард куд раййивта, Библий ци финст ес, уой ку базудта, уӕд.
«Сейчас я уже не считаю, что должен изменить мир» (2013 анзи 1 июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»)