Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ДЗУБАНДИ КУ РАЙДАЙАЙ

4 УРОК

Сӕрниллӕг уо

Сӕрниллӕг уо

Уагӕвӕрд: «Уотӕ сӕрниллӕг ӕма иннети уӕхецӕй уӕлдӕр ӕвӕретӕ» (Фил. 2:3).

Павел куд архайдта?

1. Бакӕсӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ кенӕ бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 26:2, 3. Уой фӕсте расагъӕс кӕнӕ дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл:

  1.   а) Павел сӕрниллӕг ке адтӕй, уой куд бавдиста паддзах Агриппи хӕццӕ дзоргӕй?

  2.  б) Паддзахи ӕргом ӕхемӕ раздахуни бӕсти ин Павел е ’ргом Йеговӕмӕ ӕма Финстадӕмӕ куд раздахта? (Кӕсӕ Гъуддӕгтӕ 26:22.)

Павелӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

2. Адӕймаг дӕмӕ хуӕздӕр байгъосдзӕй, сӕрниллӕгӕй ӕма уӕзданӕй ку дзорай, уӕд.

Павели хузӕн архайӕ

3. Дӕхе адӕймагӕй уӕлдӕр ма кӕнӕ. Дӕхе уотӕ ма дарӕ, цума ду алцидӕр зонис, адӕймаг ба – неци. Адӕймаги нимайӕ.

4. Ци дзорис, е Библибӕл арӕзт ке ӕй, уой лӕдӕрун кӕнӕ. Хуцауи Дзурди ци гъудитӕ финст ес, етӕ адӕймаги зӕрдӕмӕ багъарунцӕ. Ӕма си ку пайда кӕнӕн, уӕд ин е ’ууӕндундзийнадӕ раст бундорбӕл араздзиан.

5. Фӕлмӕнӕй дзорӕ. Дӕхе дзурдбӕл ма ниллӕууисӕ. Мах буцӕу кӕнун неке хӕццӕ фӕндуй. Адӕймаги хӕццӕ сабурӕй ку дзорай ӕма рандӕ ун кӕд гъӕуй, уой ку лӕдӕрай, уӕд уомӕй бавдесдзӕнӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ (Ӕмб. 17:14; Тит. 3:2). Фӕлмӕнӕй ку дзорай, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма адӕймаг иннӕ хатт хуӕздӕр байгъосдзӕй.