3 УӔЛӔНХАСӔН
Нӕ бон куд ӕй публикаций фӕрци «Амондгунӕй цӕрӕ ӕносмӕ!» Библий ахур уадзун?
Ӕнсувӕртӕ берӕ кувтонцӕ ӕма лӕмбунӕг сагъӕс кодтонцӕ, публикаций «Амондгунӕй цӕрӕ ӕносмӕ!» уроктӕ куд конд гъӕуама уонцӕ ӕма си ци финст гъӕуама уа, уобӕл. Цӕмӕй аци публикацийӕй ӕнтӕстгунӕй пайда кӕнай, уой туххӕй дин дӕлдӕр финст унаффитӕ банхус кӕндзӕнцӕ.
Библий ахури размӕ
-
1. Дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ. Цӕттӕ кӕнгӕй расагъӕс кӕнисӕ, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой уавӕртӕбӕл, ци ’й тухсун кӕнуй ӕма куд сагъӕс кӕнуй, уобӕл. Рагацау расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн гъудитӕ ин уодзӕнцӕ зин балӕдӕрӕн кенӕ ба цӕй хӕццӕ нӕ арази кӕндзӕй. Удта ма расагъӕс кӕнӕ, рамки «Фулдӕр ӕрмӕг» ци ес, е адӕймагӕн куд банхус кӕндзӕй, уобӕл. Уотемӕй багъӕуаги дӕ бон уодзӕй еци ӕрмӕгӕй ахури рӕстӕг испайда кӕнун.
Библий ахури рӕстӕг
-
2. Библий ахур райдайисӕ ӕма фӕууисӕ кувдӕй, адӕймаг арази ку уа, уӕд.
-
3. Ӕгӕр берӕ ма дзорисӕ. Де ’ргом ӕздӕхт уӕд, ци ӕрмӕг цотӕ, уомӕ. Уадзӕ ма, адӕймаг ӕ гъудитӕ сӕребарӕй дзора.
-
4. Нӕуӕг хаймӕ ку рацӕуайтӕ, уӕд бал еци хаййӕн ӕ нисан ци ӕй, уой бакӕсетӕ ӕма си ци уроктӕ ес, уонӕй цалдӕремӕ адӕймаги ӕргом раздахӕ.
-
5. Алли хаййи кӕрон дӕр зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнунмӕ ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл радзубанди кӕнтӕ, цӕмӕй адӕймаг сӕйраг гъудитӕ хуӕздӕр нигъгъуди кӕна.
-
6. Ахури рӕстӕг гъӕуй:
-
а) Ӕрмӕг бакӕсун.
-
б) «Бакӕсетӕ» финст кӕми ес, еци стихтӕ бакӕсун.
-
в) Ку гъӕуа, уӕд иннӕ стихтӕ дӕр бакӕсун.
-
г) «Бакӕсетӕ» финст кӕми ес, еци видеороликтӕмӕ бакӕсун (гӕнӕн ку уа, уӕд).
-
д) Адӕймагмӕ еугур фарстатӕ дӕр дӕттун.
-
е) Рамки «Фулдӕр базонӕ» ци хузтӕ ес, уонӕмӕ адӕймаги ӕргом ӕздахун ӕма ’й разӕнгард кӕнун, цӕмӕй ӕ гъуди зӕгъа.
-
ж) «Дӕ нисан» ка хуннуй, еци рамки фӕрци адӕймагӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй уина, ци ин бантӕстӕй, уой. Зӕгъӕ ин, ӕ бон ке ӕй, урокки ци нисан ес, уомӕ тундзун кенӕ ӕ рази ӕндӕр нисан исӕвӕрун.
-
з) Адӕймаги бафӕрсун, ӕхе ку цӕттӕ кодта, уӕд рамки «Фулдӕр ӕрмӕг» ӕ зӕрдӕмӕ кӕци статья кенӕ видеоролик фӕццудӕй.
-
и) Архайун, цӕмӕй еу хаттӕн еу урок рацӕуайтӕ.
-
Библий ахури фӕсте
-
7. Адӕймагбӕл сагъӕс кӕнӕ. Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй ин ӕнхус кӕна рӕстдзийнади къахдзӕфтӕ кӕнунмӕ, удта дин цӕмӕй зунд дӕтта ӕма ’й зонай, хуӕздӕр банхус кӕнун ин дӕ бон куд ӕй, уой.