Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ № 2 2017 | Боз уодзӕнӕ Хуцауи устурдӕр лӕвари туххӕй?

КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?

Хуцау нин ци лӕвӕрттӕ искодта, уонӕй тӕккӕ устурдӕр кӕци ӕй?

Библи зӕгъуй: «Хуцау дуйне уотӕ хъӕбӕр уарзуй, ӕма ӕ еунӕг Фурти равардта» (Иоанни 3:16).

Аци брошюри дзурд цӕуй, Хуцау Киристей зӕнхӕмӕ ке рарвиста, цӕмӕй адӕни туххӕй ӕ цард равардтайдӕ. Дзурд ма си цӕуй, еци нивонд раттун цӕмӕн багъудӕй, уобӕл, удта нӕ бон куд ӕй ӕвдесун, еци лӕвари туххӕй Хуцауӕй боз ке ан, уой.

 

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Аргъ дӕр кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн лӕвар

Библи дзоруй, аргъ дӕр кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн лӕвари туххӕй. Ка ’й райса, етӕ ӕносон цардӕй исхайгин уодзӕнцӕ. Цума еци лӕвар уотӕ хъазар цӕмӕн ӕй?

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Хуцауи устурдӕр лӕварӕн уӕхӕн устур аргъ цӕмӕн ес?

Еуӕй-еу лӕвӕрттӕ иннетӕй хъазардӕр цӕмӕн фӕуунцӕ? Аци фарстабӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд Киристей нивондӕн хъӕбӕрдӕр аргъ кӕндзиан.

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Хуцауи устурдӕр лӕвари туххӕй боз ке дӕ, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун?

Киристей ке уарзӕн, е нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?

Киристон дини разамонгутӕн уосӕ коруни барӕ нӕййес?

Дини разамонгутӕн ӕма саугинтӕн уосӕ коруни барӕ нӕййес. Фал цума уой туххӕй Библий ци финст ес?

Цагъартӕ рагидзаманти ӕма абони

Рагидзаманти Хуцауи адӕн цагъайрадӕй фӕййервазтӕнцӕ. Гъигагӕн, абони уӕнгӕ дӕр милиуантӕ цагъарти цард кӕнгӕй гъезӕмарӕ кӕнунцӕ.

Хуарздзийнадӕ кӕнун арфиаг гъуддаг ӕй

Рӕдаудзийнадӕ нӕхе ӕма иннети пайдайӕн ӕй. Уой фӕрци адӕнӕн кӕрӕдзей хӕццӕ ӕмгуст кӕнун ӕма лимӕнӕй цӕрун ӕнцондӕр фӕууй. Дӕу ба фӕндуй иннетӕн рӕдауӕй ӕнхус кӕнун?

Библи ци зӕгъуй?

Библи зӕгъуй, «фӕстаг бӕнтти искӕндзӕй хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг», зӕгъгӕ. Аци дзурдтӕй куд ес базонӕн, ци рӕстӕги цӕрӕн, уой?