Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Уӕззау незӕй ку сӕйай

Уӕззау незӕй ку сӕйай

«Дохтир мин ку загъта, мӕ рӕугути ӕма мӕ хӕлӕртти рак ке ес, уӕд мӕмӕ уотӕ фӕккастӕй, цума мин мӕлӕти тӕрхон рахаста. Фал хӕдзарӕмӕ ку ӕрбацудтӕн, уӕд расагъӕс кодтон: „Уӕхӕн нез мӕмӕ ке иссердзӕнцӕ, уой ӕнгъӕл бӕргӕ н’ адтӕн, фал уӕддӕр идарддӕр цӕрун гъӕуй“» (Линдӕ, 71 анзи).

«Мӕ нез мин мӕ цӕсгони галеу фарсбӕл нерв бахъор кодта ӕма мин хъӕбӕр фӕрресуй. Хатгай мин уӕхӕн рист фӕккӕнуй, ӕма мӕ нецибал фӕгъгъӕуй. Берӕ хӕттити ба мӕмӕ уотӕ касидӕ, цума неке гъӕун ӕма сауӕнгӕ мӕхе рамарунбӕл дӕр фӕссагъӕс кӕнинӕ» (Элизӕ, 49 анзи).

КӔД дӕхуӕдӕг кенӕ, берӕ ке уарзис, еци адӕймаг лӕгъуз незӕй сӕйуй, уӕд ӕй, ӕвӕдзи, зонис, е куд зин ӕй, уой. Адӕймаг айдагъ ӕ нези хӕццӕ нӕ фӕттох кӕнуй, фал ма ӕ лӕгъуз сагъӕсти хӕццӕ дӕр. Никки хъӕбӕрдӕр тӕрсун ӕма тухсун ба райдайуй, дохтиртӕмӕ цӕун ӕй ку фӕгъгъӕуй, ӕхе дзӕбӕх кӕнуни мадзӕлттӕ иссерун зин ку фӕууй кенӕ ин хуасти фӕсте лӕгъуз ку фӕууй, уӕд. Уӕхӕн тухст сагъӕстӕ адӕймагӕн ӕ уавӕр никки фуддӕр фӕккӕнунцӕ.

Уӕхӕн уавӕри адӕймагӕн ци банхус кӕндзӕй? Беретӕн банхус кодта, Хуцаумӕ ке кувтонцӕ ӕма Библийӕй, уодӕнцойнӕ ка хӕссуй, уӕхӕн стихтӕ ке кастӕнцӕ, е. Уомӕй уӕлдай ма сӕ бийнонтӕ ӕма се ’мбӕлттӕ сӕ фарсмӕ ке балӕудтӕнцӕ, е дӕр син устур ӕнхус фӕцӕй.

ЕУӔЙ-ЕУЕТӔН ЦИ БАНХУС КОДТА

58 анзи кӕбӕл цӕуй, еу уӕхӕн нӕлгоймаг, Роберт, зӕгъгӕ, загъта: «Хуцауӕн барӕ раттӕ, цӕмӕй зин сахат дӕ фарсмӕ уа ӕма дин банхус кӕна. Йеговӕмӕ ковӕ ӕма ин дӕ сагъӕстӕ дзорӕ. Сугъдӕг хъаурӕ си корӕ. Удта си дӕ нези хӕццӕ тох кӕнунмӕ хъауритӕ корӕ, цӕмӕй дӕ бийнонти нифс ма басӕтта».

Роберт ма загъта: «Устур ӕнхус ма ӕй, дӕ бийнонтӕ дӕ ку лӕдӕронцӕ ӕма дӕбӕл ку тухсонцӕ, е дӕр. Алли бон дӕр мӕмӕ еске ӕрбадзоруй ӕма мӕ бафӕрсуй, куд дӕ, зӕгъгӕ. Ме ’мбӕлттӕ дӕр мӕмӕ алкӕцӕйти дзорунцӕ ӕма финсунцӕ. Мӕ нифс мин бафедар кӕнунцӕ, ӕма уой фӕрци мӕ къохтӕ не ’руадзун».

Кӕд де ’мбалмӕ сӕйгӕфӕрсӕг цӕуйнаг дӕ, уӕд дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ Линди дзурдтӕ: «Сӕйгӕ адӕймаги нӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй иннетӕй хецӕн кӕна ӕма ӕдзох ӕ нези кой кӕна. Уомӕ гӕсгӕ ӕ хӕццӕ дзорӕ, иннети хӕццӕ цӕбӕл фӕдздзорис, уобӕл».

Хуцауи хъаури фӕрци ӕма нин Библи ци уодӕнцойнӕ дӕттуй, удта нӕ бийнонтӕ ӕма не ’мбӕлтти ӕнхуси фӕрци нӕ нифс нӕ басӕтдзӕй ӕма нӕ идарддӕр цӕрун фӕнддзӕй, уӕззау нези хӕццӕ ку тох кӕнӕн, уӕддӕр.