Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

47 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ уӕ уарзт ма ӕруазал уӕд

Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ уӕ уарзт ма ӕруазал уӕд

«Нӕ кӕрӕдзей уарзӕн, уомӕн ӕма уарзондзийнадӕ Хуцауӕй цӕуй» (1 ИОАН. 4:7).

109 ЗАР Кӕрӕдзей ӕгас зӕрдӕй уарзӕн

РАЗДЗУРД a

1, 2. а) Апостол Павел уотӕ цӕмӕн загъта, уарзондзийнадӕ тӕккӕ «ӕхсидзгӕдӕр ӕй», зӕгъгӕ? б) Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

 АПОСТОЛ Павел ӕууӕндундзийнадӕ, нифс ӕма уарзондзийнади кой ку кодта, уӕд загъта: «Ӕгасемӕй ӕхсидзгӕдӕр ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Кор. 13:13). Уотӕ цӕмӕн загъта? Федӕни нӕ Йегови зӕрдӕвӕрдтӕбӕл ӕууӕндун нӕбал гъӕудзӕй, уомӕн ӕма ӕгасӕйдӕр исӕнхӕст уодзӕнцӕ. Фал Йегови ӕма адӕни ба алкӕддӕр уарзун гъӕудзӕй. Ӕма еци уарзондзийнадӕ ӕносӕй-ӕносмӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕндзӕй.

2 Уарзондзийнадӕ нӕ алкӕддӕр ке гъӕудзӕй, уомӕ гӕсгӕ гъӕйдӕ ӕркӕсӕн ӕртӕ фарстайемӕ. Фиццаг: кӕрӕдзей уарзун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Дуккаг: нӕ бон куд ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕвдесун, ке сӕ уарзӕн, уой? Ӕма ӕртиккаг: ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ нӕ уарзондзийнадӕ ма ӕруазал уа?

КӔРӔДЗЕЙ УАРЗУН ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ?

3. Кӕрӕдзей цӕмӕн гъӕуама уарзӕн?

3 Нӕ кӕрӕдзей цӕмӕн гъӕуама уарзӕн? Еу гъуддаг уой медӕг ӕй, ӕма уарзондзийнадӕ ӕцӕг киристӕнтти иннетӕй хецӕн кӕнуй. Киристе ӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ, уӕ кӕрӕдзей ку уарзайтӕ, уӕд» (Иоан. 13:35). Уомӕй уӕлдай ма уарзондзийнади фӕрци нӕ астӕу фӕууй еудзийнадӕ. Павел ниффинста, уарзондзийнади хузӕн ке «неци еу кӕнуй ӕма неци бӕттуй кӕрӕдзебӕл» (Кол. 3:14). Фал ма кӕрӕдзей цӕй туххӕй гъӕуама уарзӕн, уой туххӕй апостол Иоанн дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ финста: «Хуцауи ка уарзуй, е гъӕуама е ’нсувӕри дӕр уарза» (1 Иоан. 4:21). Кӕрӕдзей ку уарзӕн, уӕд ӕй уотемӕй ӕвдесдзиан, Хуцауи ке уарзӕн, уой.

4, 5. Цӕхуӕн цӕветтонӕй зиннуй, Хуцауи ке уарзӕн, е комкоммӕ баст ке ӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд уарзӕн, уой хӕццӕ?

4 Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма Хуцауи ке уарзӕн, е комкоммӕ баст ӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой хӕццӕ? Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн, нӕ зӕрдӕ бауӕри иннӕ хӕйтти хӕццӕ куд баст ӕй, уой. Дохтир нин нӕ пульсбӕл ӕ къох ку райвӕруй, уӕд ӕй уомӕ гӕсгӕ базонуй, нӕ зӕрдӕ куд косуй, уой. Цума аци цӕветтон куд ес рабӕттӕн, ци темӕбӕл дзорӕн, уой хӕццӕ?

5 Пульсмӕ гӕсгӕ дохтири бон куд ӕй базонун, нӕ зӕрдӕ ци уавӕри ӕй, уой, гъе уотӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ ци зӕрдӕ дарӕн, уомӕй дӕр бӕрӕг уодзӕй, Хуцауи цӕйбӕрцӕбӕл уарзӕн, е. Фал ӕй ку балӕдӕрӕн, ӕма нӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал ӕй, уӕд, хатгай, е уобӕл дзорӕг фӕууй, ӕма Хуцауи минкъийдӕр уарзун райдӕдтан. Фал нӕ уарзондзийнадӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ку уа, уӕд е уобӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма Хуцауи дӕр берӕ уарзӕн.

6. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ нӕ уарзондзийнадӕ ку ӕруазал уа, уӕд е цӕбӕл дзорӕг уодзӕй? (1 Иоанни 4:7–9, 11).

6 Гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ нӕ уарзондзийнадӕ ма ӕруазал уа. Е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Уомӕн ӕма уотемӕй тӕссаг уодзӕй, Йеговӕй ке раидард уодзиан. Апостол Иоанн уой туххӕй уотӕ загъта: «Ке уинуй, еци ӕнсувӕри ка нӕ уарзуй, уомӕн ӕ бон куд ӕй, ке нӕ уинуй, еци Хуцауи уарзун?» (1 Иоан. 4:20). Е махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй? Йеговӕ ни арази уодзӕй, кӕрӕдзей ку уарзӕн, ӕрмӕстдӕр уӕд. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 4:7–9, 11.)

НӔ БОН КУД ӔЙ ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔН ӔВДЕСУН, КЕ СӔ УАРЗӔН, УОЙ?

7, 8. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун?

7 Хуцауи Дзурд нӕ еу ӕма дууӕ хатти нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй кӕрӕдзей уарзӕн (Иоан. 15:12, 17; Ром. 13:8; 1 Фес. 4:9; 1 Пет. 1:22; 1 Иоан. 4:11). Фал уарзондзийнадӕ зӕрди медӕг фӕууй, уордӕмӕ ба адӕнӕй неке бон ӕй никкӕсун. Мадта ӕй уӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ куд фӕууиндзӕнцӕ, ке сӕ уарзӕн, уой? Нӕ бон ӕй нӕ уарзондзийнадӕ дзурдтӕй ӕма гъуддӕгтӕй ӕвдесун.

8 Ӕркӕсӕн, уомӕн гӕнӕн куд ес, уомӕ. «Кӕрӕдземӕн, раст ци ӕй, уой дзоретӕ» (Зах. 8:16). «Кӕрӕдзей хӕццӕ фӕрнӕй цӕретӕ» (Мар. 9:50). «Кӕрӕдземӕн кадӕ кӕнунмӕ еу инней разӕй фӕууӕд» (Ром. 12:10). «Кӕрӕдзей... баиуазӕг кӕниайтӕ» (Ром. 15:7). «Зӕрдӕй хатир кӕнтӕ» (Кол. 3:13). «Кӕрӕдзей уӕргътӕ хӕссетӕ» (Гал. 6:2). «Кӕрӕдзей федар кӕнтӕ» (1 Фес. 4:18). «Кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауетӕ» (1 Фес. 5:11). «Кӕрӕдзей туххӕй коветӕ» (Иак. 5:16).

Тухст уавӕри ка ӕй, уонӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? (кӕсӕ 7–9 абзацтӕ)

9. Иннети ке федар кӕнӕн, е хуарз мадзал цӕмӕн ӕй нӕ уарзондзийнадӕ бавдесунмӕ? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

9 Уӕлдӕр абзацци ци гъуддӕгтӕ ранимадтан, уонӕй еуемӕ ӕркӕсӕн. Павел загъта: «Кӕрӕдзей федар кӕнтӕ». Цума е хуарз мадзал цӕмӕн ӕй нӕ уарзондзийнадӕ бавдесунмӕ? Библи ка лӕдӕрун кӕнуй, еу уӕхӕн киунуги куд финст адтӕй, уомӕ гӕсгӕ дзурдбаст «федар кӕнун» нисан кӕнуй, уӕззау фӕлварӕнти ка ӕй, уомӕн ӕ фарсмӕ ун. Мадта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй тухст уавӕри ка ӕй, уой ку бафедар кӕнӕн, уӕд ин банхус кӕнӕн, цӕмӕй ӕхебӕл исхуӕца ӕма идарддӕр дӕр Хуцауӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕна. Хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри фарсмӕ ку балӕууӕн, цӕмӕй нин ӕ зӕрди риститӕ радзора, уӕд уотемӕй бӕрӕг уодзӕй, берӕ ’й ке уарзӕн (2 Кор. 7:6, 7, 13).

10. Ескӕмӕн тӕрегъӕд кӕнун ӕма ин ӕ нифс федар кӕнун кӕрӕдзей хӕццӕ куд баст ӕнцӕ?

10 Цӕмӕй иннети федар кӕнун нӕ бон уа, уой туххӕй гъӕуама тӕрегъӕд кӕнун зонӕн. Тӕрегъӕдгӕнагӕ адӕймаг фӕййархайуй, цӕмӕй иннетӕн сӕ зӕрди рист фенцондӕр кӕна. Апостол Павел балӕдӕрун кодта, Йеговӕ адӕнӕн ке тӕрегъӕд кӕнуй, е ӕй ке разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй син уодӕнцойнӕ дӕтта. Е Йегови исхудта тӕрегъӕдгӕнагӕ Фидӕ ӕма уодӕнцойнӕдӕттӕг Хуцау (2 Кор. 1:3). Уӕхӕн Фидӕ ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й бафӕндуй махӕн «не ’гас зиндзийнӕдти дӕр» уодӕнцойнӕ раттун ӕма нин нӕ нифсбӕл нифс бафтаун (2 Кор. 1:4). Сауӕдони донӕй адӕймаг е ’донуг куд басӕттуй ӕма имӕ хъауритӕ куд фӕззиннуй, гъе уотӕ Йеговӕ дӕр, зин уавӕри ка ӕй, уонӕн раттуй уодӕнцойнӕ ӕма хъауритӕ. Махӕн дӕр нӕ бон ӕй, Йегови хузӕн иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун ӕма син сӕ нифсбӕл нифс ӕфтаун. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй нӕ уодигъӕди цӕхуӕндӕр менеугутӕ федар кӕнун. Цӕхуӕн менеугутӕ?

11. Цӕхуӕн менеугутӕ нӕ гъӕуй, цӕмӕй нӕ бон уа иннети федар кӕнун? (Колоссӕгтӕмӕ 3:12; 1 Петури 3:8).

11 Цӕмӕй нӕ бон уа еу хаттӕй иннӕ хатмӕ кӕрӕдзей федар кӕнун, уой туххӕй гъӕуама кӕрӕдзей зин лӕдӕрӕн ӕма уӕн хӕларзӕрдӕ. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:12; 1 Петури 3:8.) Иннети зин ку лӕдӕрӕн ӕма хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд нӕ хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй, тухст уавӕри ка ӕй, уонӕн уодӕнцойни хуасӕ ун. Киристе загъта: «Адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ идзаг цӕмӕй фӕууй, дзоргӕ дӕр уой фӕккӕнуй. Хуарз адӕймаг ӕ хуарздзийнади къӕбецӕй рахӕссуй хуарздзийнӕдтӕ» (Матф. 12:34, 35). Зин уавӕри ка бахаудтӕй, уони фарсмӕ ку балӕууӕн, уӕд ӕй балӕдӕрунцӕ берӕ сӕ ке уарзӕн.

ЦИ НИН БАНХУС КӔНДЗӔЙ, ЦӔМӔЙ ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔМӔ НӔ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ МА ӔРУАЗАЛ УА?

12. а) Къӕрцгъос цӕмӕн гъӕуама уӕн? б) Идарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

12 Не ’гасейдӕр фӕндуй, цӕмӕй «нӕ кӕрӕдзей уарзӕн» (1 Иоан. 4:7). Фал гъӕуама нӕ гъудий дарӕн, Киристе ци загъта, уой: «Адӕнӕн сӕ фулдӕремӕн сӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал уодзӕй» (Матф. 24:12). Уотӕ ку загъта, «сӕ фулдӕремӕн», зӕгъгӕ, уӕд ӕ ахуркӕнуйнӕгти кой нӕ кодта. Фал гъӕуама къӕрцгъос уӕн, цӕмӕй аци хеуарзон дуйней зундахаст махбӕл дӕр ма рабӕрӕг уа. Мадта уӕлдӕр цӕй кой ракодтан, уомӕ гӕсгӕ гъӕйдӕ радзубанди кӕнӕн, нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ нӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал ӕй ӕви нӕ?

13. Нӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал ӕй ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?

13 Цӕмӕй ӕй исбӕрӕг кӕнӕн, нӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал ӕй ӕви нӕ, уой туххӕй нӕ бон ӕй не ’ргом раздахун, царди аллихузи уавӕрти нӕхе куд дарӕн, уомӕ (2 Кор. 8:8). Зӕгъӕн, апостол Петур загъта: «Сӕйрагидӕр ба кӕрӕдзей уотӕ уарзетӕ, уӕ уарзт артау куд содза, уомӕн ӕма уарзондзийнадӕ берӕ тӕрегъӕдтӕ хатир кӕнуй» (1 Пет. 4:8). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ нӕ нихмӕ ести рӕдуд ку искӕнунцӕ кенӕ нин нӕ зӕрдӕ естӕмӕй ку фӕрресун кӕнунцӕ, уӕд нӕхе куд бадарӕн, уомӕй рабӕрӕг уй, нӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал ӕй ӕви нӕ.

14. 1 Петури 4:8 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд гъӕуама уарзӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

14 Гъӕйдӕ апостол Петури дзурдтӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн. Ӕстӕймаг стихи райдайӕни финст ӕй, кӕрӕдзей куд гъӕуама уарзӕн, е: «Уӕ уарзт артау куд содза». Дзурдбаст «артау куд содза» ци дзурдӕй ратӕлмац кодтонцӕ, е комкоммӕ нисан кӕнуй, «ивазун» кенӕ «итаун». Стихӕн ӕ дуккаг хаййи дзурд цӕуй, уӕхӕн уарзт нӕмӕ ку уа, уӕд нин уой фӕрци ци бантӕсдзӕй – берӕ тӕрегъӕдтӕ хатир кӕндзиан. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, уарзондзийнадӕ дууӕ къохемӕй куд райстай ӕма ’й хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр куд ивазис, раст цума ивӕзгӕ ка кӕнуй, уӕхӕн хъумац ӕй, уотӕ. Ӕма уотӕ кӕнис, цалинмӕ еу ӕма дууӕ нӕ, фал «берӕ тӕрегъӕдтӕ» нӕ нимбӕрза, уӕдмӕти. Уӕхӕн хъумацӕй цъӕрна нимбӕрзун ӕнгъезуй, уарзондзийнади фӕрци ба нӕ бон ӕй нимбӕрзун, кенӕ ниххатир кӕнун, иннети ӕнӕнхӕстдзийнадӕ кенӕ рӕдудтитӕ.

15. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ку уарзӕн, уӕд нӕ е цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕй? (Колоссӕгтӕмӕ 3:13).

15 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ку уарзӕн, уӕд нӕ е разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй син се ’нӕнхӕстдзийнадӕ хатир кӕнӕн, хатгай нин е хъӕбӕр зин ку уа, уӕддӕр. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:13.) Иннетӕн нин хатир кӕнун ку уайа, уӕд е уобӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма сӕ берӕ уарзӕн, удта нӕ фӕндуй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун. Цума ма нин никкидӕр ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй иннетӕн сӕ рӕдудтитӕ хатир кӕнӕн ӕма мӕстгун кӕмӕ фӕккӕнӕн, уӕхӕн миутӕмӕ не ’ргом ма ’здахӕн?

Хуӕздӕр хузтӕ куд ниууадзӕн, уотӕ нӕ фӕндуй нигъгъуди кӕнун, хуӕртӕ ӕма нӕбӕл ӕнсувӕрти хӕццӕ хуӕздӕрӕй ци ӕрцудӕй, уой, лӕгъуз хабӕрттӕ ба феронх кӕнун (кӕсӕ 16 ӕма 17 абзацтӕ)

16, 17. Никкидӕр ма нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти минкъий рӕдудтитӕмӕ не ’ргом ма ’здахӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон. (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

16 Архайӕ, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ гъӕндзийнӕдтӕ нӕ, фал сӕмӕ хуарзӕй ци ес, уой уинай. Ӕрхӕссӕн уӕхӕн цӕветтон. Зӕгъӕн, де ’мбӕлтти хӕццӕ еумӕ ӕрӕмбурд айтӕ. Рӕстӕг дзӕбӕх игъӕлдзӕг ӕрвететӕ ӕма дӕ фӕстагмӕ бафӕндадтӕй еумӕ хузӕ исесун. Ӕма еу хузӕ нӕ, фал еу ӕртӕ исистай, цӕмӕй си хуӕздӕр ка ӕй, уой равзарай. Уой фӕсте сӕмӕ ку кастӕ, уӕд ӕй фӕууидтай сӕ еуебӕл ӕнсувӕр лӕгъуз ке рауадӕй. Цума ин ци бакӕндзӕнӕ? Ӕвӕдзи ’й нийхалдзӕнӕ, уомӕн ӕма иннӕ дууӕ хузебӕл еугурӕйдӕр – аци ӕнсувӕр дӕр ӕма иннетӕ дӕр – дзӕбӕх рауадӕнцӕ.

17 Уӕхӕн хузти хӕццӕ рабарӕн ес, нӕ гъудий ци фӕддарӕн, уой дӕр. Арӕхдӕр нӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уони хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун фӕууарзӕн. Фал си еске ӕ дзурдтӕй кенӕ ӕ гъуддӕгтӕй нӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕдта куд бакӕндзиан? Дӕ бон н’ адтайдӕ еци уавӕр дӕ сӕрӕй райхалун, хузӕ куд райхалдтайсӕ, уотӕ? (Ӕмб. 19:11; Еф. 4:32). Хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри цӕхуӕндӕр минкъий рӕдудтитӕ нӕ гъудий дарун нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма хуарзӕй ци искодтонцӕ, е дзӕвгарӕ фулдӕр ӕй. Ӕма нӕ фӕндуй уомӕн аргъ кӕнун.

УАРЗОНДЗИЙНАДӔ НУР КУД ӔХСИДЗГӔ ’Й, УОТӔ НЕКӔДМА

18. Аци статьяй уарзондзийнади туххӕй ци базудтан?

18 Кӕрӕдзей уарзун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ку уарзӕн, уӕд е уобӕл дзорӕг уодзӕй, ӕма Йегови уарзӕн. Цума нӕ бон куд ӕй уарзондзийнадӕ гъуддагӕй ӕвдесун? Еу мадзал ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнун. Цӕмӕй сӕ федар кӕнӕн, уой туххӕй ба син гъӕуама сӕ зин лӕдӕрӕн. Цума нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ ма ӕруазал уа? Гъӕуама иннетӕн сӕ рӕдудтитӕ хатир кӕнӕн, е ӕнцон ку нӕ фӕууй, уӕд дӕр.

19. Абони кӕрӕдзей уарзун уӕлдай ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

19 Абони уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй кӕрӕдзей уарзун? Ӕркӕсӕн, апостол Петур уой туххӕй ци загъта, уомӕ: «Тагъд алцӕмӕндӕр ӕрцӕудзӕй кӕрон», уомӕ гӕсгӕ киристӕнтти баразӕнгард кодта: «Кӕрӕдзей уотӕ уарзетӕ, уӕ уарзт артау куд содза» (1 Пет. 4:7, 8). Мах цӕрӕн аци фуддуйнейӕн ӕ фӕстаг бӕнтти. Цума нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Киристе загъта: «Мӕ номи туххӕй [уи] ӕгас адӕн дӕр се ’сӕфт уиндзӕнцӕ» (Матф. 24:9). Цӕмӕй уомӕн ниббухсӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ астӕу еудзийнадӕ уа. Ӕма уӕд Сайтанӕн нӕ бантӕсдзӕй, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзей нихмӕ исараза, уомӕн ӕма нӕ астӕу уодзӕй уарзондзийнадӕ. Уой хузӕн ба неци еу кӕнуй ӕма неци бӕттуй кӕрӕдзебӕл (Кол. 3:14; Фил. 2:1, 2).

130 ЗАР Кӕрӕдземӕн хатир кӕнӕн

a Абони уӕлдай ӕхсидзгӕ ’й хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзун. Е уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕй уинонцӕ, куд берӕ сӕ уарзӕн, уой?