Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

БИОГРАФИ

Йеговӕн барӕ равардтон, цӕмӕй мин мӕ над араза

Йеговӕн барӕ равардтон, цӕмӕй мин мӕ над араза

МӔ ЦАРД ци ’рдӕмӕ исараздзӕн, уой ме ’ригонӕй фӕстӕмӕ дӕр зудтон. Мӕ куст мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй, ӕма мӕ фӕндадтӕй еци куст цард-цӕрӕнбонти кӕнун. Фал мин Йеговӕ ба ме ’ргом ӕндӕрӕрдӕмӕ раздахта ӕма мин зӕрдӕ байвардта, еци надбӕл цӕугӕй мӕ ӕхуӕдӕг ке араздзӕй ӕма мӕмӕ ӕ цӕстӕ ке дардзӕй (Пс. 32:8). Гъема ӕз дӕр Йеговӕн барӕ равардтон, цӕмӕй мин мӕ над араза, ӕма уой фӕрци берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин дӕн, удта мӕбӕл берӕ аллихузи цаутӕ ӕрцудӕй. Зӕгъӕн, 52 анзей дӕргъи лӕггадӕ кодтон Африки.

САУ ХЪУӔЦӔ РАУӔНӔЙ ХОР БӔСТӔМӔ

Ӕз райгурдтӕн 1935 анзи Англий, горӕт Дарластони. Сау бӕстӕ дӕр ма ’й худтонцӕ, уомӕн ӕма фур берӕ заводтӕ ӕма фабрикити туххӕй сау хъуӕцӕй идзаг фӕууидӕ. Еу цуппар анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд мӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтонцӕ. Гъема ирӕзгӕ кари ку адтӕн, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн, е ӕцӕгӕйдӕр рӕстдзийнадӕ ке ӕй. Ӕма 1952 анзи, 16 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд донаргъуд райстон.

Еци рӕстӕг мӕ кустмӕ райстонцӕ еу устур заводмӕ. Уоми кодтонцӕ аллихузи косӕндзаумӕуттӕ ӕма машинтти хӕйттӕ. Гъӕуама иссайнӕ компаний секретарь, ӕма мӕ еци куст кӕнунбӕл ахур кодтонцӕ. Мӕн ба ма уомӕй хуӕздӕр ци гъудӕй.

Еу афони мӕ нӕ районон цӕстӕдарӕг бафарста, дӕ бон, дан, н’ адтайдӕ Уилленхолли Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ уадзун. Гъема мӕ ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун гъудӕй, уомӕн ӕма еци рӕстӕг дууӕ ӕмбурдемӕ цудтӕн. Косгӕ бӕнтти цудтӕн, мӕ кустмӕ хӕстӕг ка адтӕй, еци ӕмбурдмӕ Бромсгрови. Е нӕ хӕдзарӕй еу 30 километри идарддӕр адтӕй. Уолӕфгӕ бӕнтти хӕдзарӕмӕ ку раздӕхинӕ, уӕдта Уилленхолли ӕмбурдмӕ цудтӕн.

Хъӕбӕр мӕ фӕндадтӕй Йегови организацийӕн пайда ун, ӕма уомӕ гӕсгӕ, районон цӕстӕдарӕг мин ци загъта, уобӕл исарази дӕн. Уой туххӕй мӕ гъудӕй, берӕ ке уарзтон, еци куст ниууадзун. Хуарз ӕма уӕд Йеговӕн барӕ равардтон, цӕмӕй мин мӕ над араза. Уой фӕрци мин лӕггадӕ кӕнунмӕ хъӕбӕр берӕ дуӕрттӕ райгон ӕй. Ӕма уӕхӕн унаффӕ ке рахастон, уобӕл некӕд рафӕсмон кодтон.

Бромсгрови ӕмбурдтӕмӕ ку цудтӕн, уӕд еу кӕбӕлдӕр фембалдтӕн. Е адтӕй рӕсугъд ӕма, Йегови берӕ ка уарзта, еу уӕхӕн хуӕрӕ Энн. 1957 анзи нӕ цард байеу кодтан ӕма еумӕ лӕггадӕ кодтан ӕнхӕстрӕстӕг пионертӕй, сӕрмагонд пионертӕй, ӕмбурдтӕ еумӕ бӕрӕг кодтан, удта Вефили дӕр лӕггадӕ кодтан. Энн алкӕддӕр адтӕй мӕ царди дидинӕг.

1966 анзи нӕ фӕххудтонцӕ Галаади скъолай 42 къласмӕ. Ахур ку фӕцан, уӕдта нӕ лӕггадӕ кӕнунмӕ рарвистонцӕ Малавимӕ. Еци бӕстӕ ма фӕххонунцӕ Африки зӕрдӕ, уомӕн ӕма си ци адӕн цӕруй, етӕ ӕнцӕ цийнӕгӕнагӕ, хӕларзӕрдӕ ӕма иуазӕгуарзон. Фал уӕд уой ӕнгъӕл нӕма адтан, ӕма си берӕ нӕ расабур уодзиан.

МАЛАВИЙ ТУХСТ РӔСТӔГУТИ ЛӔГГАДӔ КӔНӔН

Малавий кӕбӕл цудан, еци машинӕ (Кайзер-джип)

1967 анзи 1 феврали Малавимӕ исхъӕрдтан. Фиццаг мӕйи дӕргъи ӕвзаг ахур кодтан, уой фӕсте ба областон куст кӕнунмӕ равналдтан. Арӕхдӕр джипбӕл фӕццӕуианӕ. Беретӕмӕ уотӕ кастӕй ӕма нӕ машинӕ цийфӕнди лӕгъуз нӕдтӕбӕл дӕр рацӕудзӕй, сауӕнгӕ ма, дан, цӕугӕдӕнттӕбӕл дӕр. Фал еугур уотӕ н’ адтӕй, минкъий донбӕл кӕд бацудайдӕ, ӕндӕр ба нӕ. Еуӕй-еухатт нӕ саман хӕдзӕртти бахсӕвеуат кӕнун фӕгъгъӕуидӕ. Сӕ сӕртӕ гъӕмпӕй ӕмбӕрзт фӕууиуонцӕ. Ӕма си уарунти рӕстӕг ӕнӕ бризенттӕй гӕнӕн нӕ фӕууидӕ. Гъе уӕхӕн цӕмӕйдӕрти райдӕдта нӕ лӕггадӕ. Ӕнцон н’ адтӕй, фал уӕддӕр нӕ зӕрдӕмӕ цудӕй.

Апрели ’й базудтон, нӕ гъуддаг хуарз ке нӕй. Радиой фегъосун кодтонцӕ, Малавий президент Хастингс Банди радзубанди. Е Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй аллихузи мӕнгӕттӕ фӕдздзурдта, зӕгъгӕ, дан, налогтӕ нӕ федунцӕ, удта политики гъуддӕгти сӕхе тъунсунцӕ. Фал ӕй мах зудтан, ӕцӕгӕй нӕмӕ уой туххӕй ке ниффуд ӕнцӕ, ӕма политики неке фарс рахуӕцӕн, удта ӕнсувӕртӕ партбилеттӕ ӕлхӕнун ке нӕ комунцӕ, уой туххӕй.

Сентябри газети бакастан, Малавий цидӕриддӕр зиндзийнӕдтӕ адтӕй, уонӕми президент Йегови Ӕвдесӕнти ке фӕффудгин кодта. Ӕ партий ӕмбурд ку адтӕй, уӕд фегъосун кодта, хецауадӕ, дан, Йегови Ӕвдесӕнти нихгӕнунмӕ фӕстӕтӕрӕ нӕ кӕндзӕй. Гъема 1967 анзи 20 октябри нӕ гъуддаг ӕхгӕд ӕрцудӕй. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма миграцион служби ӕма полиций косгутӕ Вефилмӕ ӕрбацудӕнцӕ, цӕмӕй ӕй нихгӕнонцӕ, миссионерти ба бӕстӕй рарветонцӕ.

1967 анз, Малавийӕй нӕ ку ӕрвистонцӕ, уӕд. Нӕ хӕццӕ ма миссионертӕ Джек ӕма Линдӕ Йоханссон

Ӕртӕ бони нӕ ахӕстдони фӕддардтонцӕ, уой фӕсте ба нӕ рарвистонцӕ, Великобританий дӕлбарӕ ка адтӕй, уӕхӕн сакъадах Маврикимӕ. Фал миссионертӕ ке адтан, уомӕ гӕсгӕ нӕ Маврикий хецауадӕ дӕр не ’рбауагътонцӕ. Уӕд нӕ иснисан кодтонцӕ Родезимӕ (нур хуннуй Зимбабве). Уордӕмӕ ку нихъхъӕрдтан, уӕд, Йегови Ӕвдесӕнти нихмӕ ка адтӕй, еу уӕхӕн хецауи къохтӕмӕ бахаудтан. Е дӕр нӕ уоми байзайун нӕ уагъта. Уотӕ нин загъта: «Малавийӕй уӕ ратардтонцӕ, Маврикимӕ уӕ не ’рбауагътонцӕ, ӕма уӕмӕ нур уотӕ кӕсуй, ӕма ами хъӕбӕр гъӕуетӕ?» Еци дзурдти фӕсте Эннӕн ӕ зӕрдӕ рахъурмӕ ’й ӕма никкудтӕй. Уотӕ нӕмӕ кастӕй, ӕма ӕцӕгӕйдӕр неке гъӕуӕн. Уотӕ адтӕн, ӕма раст алцидӕр ниууадзӕ ӕма фӕстӕмӕ Англимӕ раздӕхӕ. Фал нӕ еу ӕхсӕвӕ Вефили бахсӕвеуат кӕнун бауагътонцӕ, сӕумӕ ба, дан, фӕстӕмӕ ардӕмӕ раздӕхдзиайтӕ. Хъӕбӕр фӕллад адтан, фал уӕддӕр нӕ зӕрдӕ дардтан Йеговӕбӕл ӕма ӕнгъӕлмӕ кастан, гъуддаг куд исраст кӕндзӕй, уомӕ. Гъема нин иннӕ бон фегъосун кодтонцӕ, нӕ бон ке ӕй Зимбабвей байзайун, ӕрмӕст, куд туриститӕ, уотӕ. Уӕд куд цийнӕ кодтон, е ми некӕд феронх уодзӕй. Уӕд дӕр ибӕл нӕ гурусхӕ кодтон, Йеговӕ нин нӕ над ке аразуй, уобӕл.

ЗИМБАБВЕЙ ФИЛИАЛӔЙ МАЛАВИЙӔН ӔНХУС КӔНӔН

Ӕз ӕма Энн Зимбабвей Вефили 1968 анзи

Зимбабвей филиали мӕ иснисан кодтонцӕ Игъосун кӕнунбӕл дзуапдӕттӕг комитетмӕ. Гъӕуама ӕнхус кодтайнӕ Малавий ӕма Мозамбики Ӕвдесӕнтӕн. Малавий ӕнсувӕрти хъӕбӕр карзӕй ӕфхуардтонцӕ. Ӕма мӕ ихӕс адтӕй, Малавий районон цӕстӕдаргутӕ филиалмӕ ци финстӕгутӕ финстонцӕ, уони тӕлмац кӕнун. Еухатт ӕгас изӕр фӕккудтӕн, мӕ хуӕртӕ ӕма мин ме ’нсувӕрти куд ӕфхуӕрунцӕ, еци хабӕрттӕ кӕсгӕй *. Иннердиги ба си хъӕбӕр сӕрустур адтӕн, уотӕ федар ӕма еузӕрдон ке адтӕнцӕ, уой туххӕй (2 Кор. 6:4, 5).

Нӕ бон цидӕриддӕр адтӕй, уой кодтан, цӕмӕй Малавий ка байзадӕй ӕма Мозамбикмӕ ледзӕги ка фӕцӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ хуӕруйнаг адтайдӕ. Малавий фулдӕр адӕн дзорунцӕ чичевӕ ӕвзагбӕл. Гъема еци ӕвзагмӕ ка тӕлмац кӕнуй, уони ӕхемӕ баиуазӕг кодта, зӕнхикуст ка кодта, еу уӕхӕн иуазӕгуарзон ӕнсувӕр. Устур зӕнхитӕ имӕ адтӕй, ӕма син косунмӕ дӕр, удта цӕрунмӕ дӕр уоми бунӕттӕ искодта. Уой фӕрци тӕлмац кӕнуни куст не ’рлӕудтӕй.

Мах байархайианӕ, цӕмӕй Малавий районон цӕстӕдаргутӕ алли анз дӕр бахауонцӕ, Зимбабвей чичевӕ ӕвзагбӕл ци областон конгресстӕ рауадзианӕ, уонӕмӕ. Конгресси фӕсте ба син сӕ хӕццӕ радзубандити пълӕнттӕ раттианӕ. Гъема Малавимӕ ку раздӕхиуонцӕ, уӕд конгресси ци нифсфедаргӕнӕн гъудитӕ фегъосиуонцӕ, уони хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр дзурдтонцӕ. Еухатт ба Зимбабвей бӕрнон ӕнсувӕрти скъола рауагътан, цӕмӕй еци нифсхаст районон цӕстӕдаргути бафедар кодтайанӕ.

Зимбабвей чичевӕ ӕма шонӕ ӕвзагбӕл ци конгресс адтӕй, уоми радзубанди дзорун чичевӕ ӕвзагбӕл

1975 анзи феврали бабӕрӕг кодтон, Малавийӕй Мозамбикмӕ ка фӕллигъдӕй ӕма уоми ӕрледзӕггӕгти лагери ка цардӕй, еци Ӕвдесӕнти. Еци ӕнсувӕртӕ дӕр Йегови организаций фӕстаг амундтӕмӕ гӕсгӕ архайдтонцӕ ӕма сӕмӕ хестӕр нӕлгоймӕгти советтӕ дӕр адтӕй. Еци хестӕр нӕлгоймӕгти кӕд ӕрӕги иснисан кодтонцӕ, уӕддӕр ӕмбурди гъуддӕгтӕ дзӕбӕх испълан кодтонцӕ. Зӕгъӕн, ӕргом радзубандитӕ сӕмӕ фӕууидӕ, алли бон дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ бони стих рартасиуонцӕ, «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ахур рауадзиуонцӕ, удта ма сӕмӕ районон конгресстӕ дӕр фӕууидӕ. Еци ӕрледзӕггӕгти лагертӕ берӕ цӕмӕйдӕрти устур конгрессти хузӕн адтӕнцӕ. Адтӕй си аллихузи хайӕдтӕ: ӕфснайгӕ ка кодта, хуӕруйнаг ка иурста, удта ӕдасдзийнадӕмӕ ӕ цӕстӕ ка дардта. Еци еузӕрдон ӕнсувӕртӕн Йегови фӕрци цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ бантӕстӕй, е дессаг ӕй. Еци хабӕрттӕ мӕхе цӕститӕй ку фӕууидтон, уӕд мӕ нифс хъӕбӕр бафедар ӕй.

1979 анзӕй фӕстӕмӕ Малавий хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл тухсун райдӕдта Замбий филиал. Фал уӕддӕр Малавий хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ мӕ зӕрдӕ дзурдта, ӕма уони туххӕй алли бон дӕр кувтон. Удта ’й зонун, айдагъ ӕз уотӕ ке нӕ кодтон. Ӕз лӕггадӕ кодтон Зимбабвей филиали комитети. Уомӕ гӕсгӕ цалдӕр хатти адтӕн, сӕйраг хайадӕй ӕнсувӕртӕ ку иссӕуиуонцӕ, уӕд син ци фембӕлд фӕууидӕ, уоми. Еци фембӕлди фӕууиуонцӕ бӕрнон ӕнсувӕртӕ Малавийӕй, Хонсар-Африкаг Республикӕй ӕма Замбийӕй. Гъема алли хатт дӕр ӕнсувӕртӕ фӕссагъӕс кӕниуонцӕ, нӕ бон ма цӕмӕй ӕй Малавий ӕнсувӕртӕмӕ фӕккӕсун, зӕгъгӕ.

Рӕстӕг цудӕй ӕма нӕ уотӕ карзӕй нӕбал ӕфхуардтонцӕ. Малавийӕй ледзӕги ка фӕцӕй, етӕ фӕстӕмӕ ӕздӕхун райдӕдтонцӕ, Малавий ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ адтӕй, етӕ ба кӕдӕй-уӕдӕй исуолӕфтӕнцӕ, уомӕн ӕма сӕ фӕдбӕл карзӕй нӕбал зилдӕнцӕ. Малавий алливарс ци бӕститӕ адтӕй, етӕ минкъийгай Йегови Ӕвдесӕнтӕн барӕ дӕттун райдӕдтонцӕ сӕребарӕй игъосун кӕнунмӕ ӕма еумӕ ӕмбурд кӕнунмӕ. Мозамбикки еци хабар ӕрцудӕй 1991 анзи. Фал еугурӕйдӕр ӕнгъӕлмӕ кастан, Малавий Ӕвдесӕнтӕн сӕ бон кӕд уодзӕй сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнун, уомӕ.

МАЛАВИМӔ ӔРӔЗДАХТАН

Малавий уавӕртӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевун райдӕдтонцӕ. Гъема 1993 анзи хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнуни барӕ равардта. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма еу миссионери хӕццӕ дзубандитӕ кодтан ӕма мӕ бафарста: «Цӕй ци, фӕстӕмӕ Малавимӕ нӕ цотӕ?» Мӕнбӕл ба уӕд 59 анзи цудӕй ӕма ин уотӕ бакодтон: «Нӕ, уӕхӕн цӕмӕндӕрти ӕгӕр зӕронд дӕн». Нӕ уи байрагӕс уодзӕй, фал нӕмӕ тӕккӕ еци бон Разамонӕг советӕй финстӕг ӕрбацудӕй, зӕгъгӕ, дан, кӕд уӕ бон ӕй, уӕд фӕстӕмӕ Малавимӕ раздӕхетӕ.

Зимбабвей лӕггадӕ кӕнун нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Уомӕ гӕсгӕ нин унаффӕ рахӕссун зин адтӕй. Арф едӕгтӕ си рауагътан, удта нин си берӕ хуарз ӕмбӕлттӕ адтӕй. Разамонӕг совети финстӕг дӕр хъӕбӕр фӕлмӕн адтӕй. Ӕнсувӕртӕ загътонцӕ, кӕд, дан, уӕ фӕндуй, уӕд уӕ бон ӕй Зимбабвей дӕр байзайун. Ӕма мах дӕр уотӕ бакодтайанӕ, нӕ царди над нӕхуӕдтӕ ку аразтайанӕ, уӕд. Фал мӕ зӕрдӕбӕл Авраам ӕма Сарри цӕветтон ӕрбалӕудтӕй. Каргун уогӕй сӕ хуарз хӕдзарӕ ниууагътонцӕ ӕма син Йеговӕ куд загъта, уотӕ бакодтонцӕ (Райд. 12:1–5).

Гъема мах дӕр исфӕндӕ кодтан, Йегови организаци нин куд зӕгъуй, уотӕ бакӕнун ӕма Малавимӕ раздӕхун. Уордӕмӕ ӕрхъӕрдтан 1995 анзи 1 феврали, фиццаг хатт уордӕмӕ ку ’рцудан, уобӕл 28 анзи ку рацудӕй, уӕд. Малавий дӕр фӕззиндтӕй филиали комитет, ӕма си ӕртӕ ӕнсувӕремӕй лӕггадӕ кодтан. Йегови Ӕвдесӕнти гъуддаг нӕуӕгӕй ӕ къахбӕл ӕрлӕуун кӕнун гъудӕй. Ӕма мах дӕр еци кустмӕ равналдтан.

ЙЕГОВӔ ИРӔЗУН КӔНУЙ

Йеговӕ нин нӕ гъуддагӕн куд арфӕ кӕнуй, уой уинун хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй. Игъосунгӕнгути нимӕдзӕ дзӕвгарӕ фулдӕр фӕцӕй. 1993 анзи адтӕнцӕ 30 000, 1998 анзмӕ ба иссӕнцӕ 42 000 фулдӕр *. Игъосунгӕнгути нимӕдзӕ уотӕ тагъд ке ирӕзтӕй, уомӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет унаффӕ рахаста, цӕмӕй Малавий филиал искодтайуонцӕ. Гъема мах дӕр Лилонгви 12 гектари зӕнхӕ балхӕдтан, мӕн ба арӕзтадон комитетмӕ иснисан кодтонцӕ.

2001 анзи маймӕ арӕзтадон куститӕ фӕцӕнцӕ. Филиал Йеговӕн иснивонд кӕнуни туххӕй иссудӕй Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кодта, еци ӕнсувӕр Гай Пирс. Еци фембӕлдмӕ ӕрбацудӕнцӕ еу 2 000 бунӕттон хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕрей бӕрцӕ. Сӕ фулдӕр адтӕнцӕ, Йеговӕн 40 анземӕй фулдӕр ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕнттӕ. Еци еузӕрдон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ берӕ ӕнзти дӕргъи ӕфхуӕрд ӕййафтонцӕ, фал уӕддӕр сӕ лӕггадӕ нӕ ниууагътонцӕ. Кӕд сӕ рӕбун къапек дӕр н’ адтӕй, уӕддӕр ӕууӕндундзийнади гъуддагӕй ба хъӕбӕр гъӕздуг адтӕнцӕ. Нур еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ нӕуӕг Вефилбӕл цийнӕй мардӕнцӕ. Паддзахади зартӕ африкаг ӕздӕхтмӕ гӕсгӕ филиалӕн ӕ кӕци къумӕй нӕ игъустӕнцӕ, уӕхӕн нӕбал байзадӕй. Еци бон мӕ зӕрди куд байзадӕй, уотӕ, ӕвӕдзи, еунӕг хабар дӕр нӕ. Мӕхе цӕститӕй ӕй уидтон, Йеговӕ рӕдауӕй куд райарфӕ кӕнуй, фӕлварӕнти рӕстӕг ибӕл еузӕрдонӕй ка байзайуй, уонӕн.

Филиал конд ку фӕцӕй, уӕдта Паддзахади залтӕ кӕнунмӕ дӕр равналдтан. Мӕнӕн арӕх баихӕс кӕниуонцӕ Паддзахади зал нивонд кӕнуни фӕдбӕл радзубандитӕ. Малавий дӕр залтӕ кодтонцӕ, мӕгур бӕстити Паддзахади залтӕ кӕнунмӕ ци программӕ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ. Ӕмбурдтӕн сӕ фулдӕр ӕмбурд кодтонцӕ цидӕр сарагонд бунӕтти, сӕ сӕртӕ син къалиуттӕй бамбӕрзиуонцӕ, уотемӕй. Бадгӕ ба кодтонцӕ ӕргъӕй конд даргъ къелатӕбӕл. Нур ба ӕнсувӕртӕ цийнӕгӕнгӕй хеконд пецти агоритӕ кодтонцӕ, уой фӕсте ба еци агоритӕй замманай залтӕ амадтонцӕ. Фал бадгӕ ба уӕддӕр даргъ къелатӕбӕл кодтонцӕ, уомӕн ӕма, дан, уӕхӕн къелабӕл еу ма адӕймагӕн алкӕддӕр бунат разиндзӕй.

Йеговӕ ӕ адӕнӕн куд арфӕ кодта, е устур дессаг адтӕй. Уӕлдай хъӕбӕр дес кодтон ӕригон африкаг ӕнсувӕртӕбӕл. Йегови гъуддаги фулдӕр архайунмӕ син лигъстӕ кӕнун некӕд фӕгъгъӕууидӕ. Йегови организаци сӕ цӕбӕл ахур кодта, уомӕ тагъд исарӕхсиуонцӕ ӕма, ци базониуонцӕ, уомӕ гӕсгӕ уайтагъд архайун райдайиуонцӕ. Уой фӕрци Вефили дӕр ӕма ӕмбурди дӕр берӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кодтонцӕ. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ма сӕ нифс бафедар кӕниуонцӕ, ӕрӕги ке иснисан кодтонцӕ, еци районон цӕстӕдаргутӕ дӕр. Еци ӕнсувӕртӕй беретӕн бийнойнӕгтӕ дӕр адтӕй. Фал унаффӕ рахастонцӕ, сувӕллӕнттӕ син ке нӕма уодзӕй, цӕмӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнун сӕ бон уа. Еци унаффӕмӕ гӕсгӕ цӕрун син ӕнцон н’ адтӕй, уомӕн ӕма бунӕттон адӕнмӕ е ӕнахур кастӕй, удта син сӕ хеуӕнттӕ дӕр уой туххӕй арӕх фӕдздзориуонцӕ.

ЦИ УНАФФИТӔ РАХАСТОН, УОНӔБӔЛ НӔ ФӔСМОН КӔНУН

Ӕз ӕма Энн Великобританий Вефили

Африки фӕллӕггадӕ кодтан 52 анзи, фал мӕ уой фӕсте ме ’нӕнездзийнадӕ тухсун кӕнун райдӕдта. Нӕ филиалӕй Разамонӕг советмӕ финстӕг ниффинстонцӕ, цӕмӕй нӕ Великобританий филиалмӕ иснисан кодтайуонцӕ. Гъема Разамонӕг совет дӕр уӕхӕн барӕ равардта. Африки нӕ лӕггадӕ берӕ уарзтан, ӕма нин цӕун хъӕбӕр зин адтӕй. Фал нӕ Великобританий филиали дӕр зӕрдиагӕй баиуазӕг кодтонцӕ, ӕма нӕ нӕ карӕмӕ гӕсгӕ хъӕбӕр рӕвдаунцӕ.

Йеговӕн барӕ ке равардтон, цӕмӕй мин мӕ над араза, е мӕ царди тӕккӕ хуӕздӕр унаффӕ адтӕй. Мӕ царди над мӕхуӕдӕг ку аразтайнӕ, уӕд мӕ бустӕги ӕндӕрӕрдӕмӕ ӕркодтайдӕ. Фал ӕй Йеговӕ алкӕддӕр зудта, ци мӕ гъӕуй, цӕмӕй раст надбӕл цудайнӕ (Ӕмб. 3:5, 6). Ӕригонӕй устур компаний косунбӕл ахур кӕнун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Фал уой рабарӕн дӕр нӕййес, Йегови ӕгасдуйнеуон организаций ци ихӕстӕ ӕнхӕст кодтон, уони хӕццӕ. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун мӕ царди адтӕй ӕма уодзӕй тӕккӕ хуӕздӕр ӕма тӕккӕ аккагдӕр гъуддаг!

^ Малавий Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй бакӕсӕн ес 1999 анзи «Йегови Ӕвдесӕнти ӕрвиланзон киунуги», 148–223 фӕрстӕ (урус.).

^ Нур Малавий лӕггадӕ кӕнуй 100 000 игъосунгӕнӕгемӕй фулдӕр.