СӔЙРАГ ТЕМӔ | ТӔККӔ ХУӔЗДӔР ЛӔВАР ЦӔХУӔН ӔЙ?
Тӕккӕ устурдӕр лӕвар цӕхуӕн ӕй?
«Хуарзӕй цидӕриддӕр ес, е дӕр ӕма алли ӕнӕфау лӕвар дӕр ӕй уӕллӕй, уомӕн ӕма цӕуй, уӕларвон рохсгӕнӕнтӕ ка искодта... еци Фидӕй» (Иакови 1:17). Аци дзурдтӕ нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕ Хуцауи рӕдаудзийнадӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ. Фал, Хуцау адӕнӕн ци лӕвӕрттӕ искодта, уонӕй сӕ еу ӕй еугуремӕй устурдӕр. Цума ци ӕй? Иоанни 3:16 финст ӕнцӕ Йесо Киристей зундгонд дзурдтӕ: «Хуцау дуйне уотӕ хъӕбӕр уарзуй, ӕма ӕ еунӕг Фурти равардта, цӕмӕй ибӕл ка ӕууӕндуй, е ма фесӕфа, фал ӕносон цардӕй хайгин уа».
Хуцау ӕ еунӕг Фурти ке равардта, е ӕй тӕккӕ устурдӕр лӕвар. Уой фӕрци нӕ бон ӕй исуӕгъдӕ ун, ци цагъайради ан, уомӕй, гъома, тӕрегъӕдгун ке ан, зӕронд ке кӕнӕн ӕма мӕлгӕ ке кӕнӕн, уомӕй (Псалом 51:5; Иоанни 8:34). Еци цагъайрадӕй нӕхуӕдтӕ неци хузи исуӕгъдӕ адтайанӕ. Фал нӕ Хуцау берӕ уарзуй, ӕма нӕ иссӕребарӕ кӕнунмӕ цидӕриддӕр гъудӕй, уой бакодта: Йеговӕ Хуцау ахӕсти аргъ бафиста, гъома ӕ еунӕг Фурт Йесо Киристей нивонди ӕрхаста. Уой фӕрци коммӕгӕс адӕнӕн фадуат фӕззиндтӕй, цӕмӕй ӕносмӕ цӕронцӕ. Фал цума ахӕсти аргъ ци ӕй? Федун ӕй цӕмӕн багъудӕй? Ӕма махӕн пайда цӕй фӕрци ӕрхӕсдзӕй?
Ахӕсти аргъ ӕй, ахӕст адӕймаги иссӕребарӕ кӕнуни туххӕй кенӕ, адӕймаг ци фесафта, уобӕл ци аргъ бафедун гъӕуй, е. Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Хуцау нӕ рагфиддӕлти, Адам ӕма Еви ку сфӕлдиста, уӕд адтӕнцӕ ӕнхӕст ӕма сӕ бон адтӕй ӕносмӕ зӕнхӕбӕл дзенети цӕрун. Уӕхӕн цард ӕнгъӕлмӕ кастӕй, фӕстӕдӕр син ци цӕуӕт рацудайдӕ, уонӕмӕ дӕр (Райдайӕн 1:26–28). Фал, гъигагӕн, Адам ӕма Евӕ еци дессаги цардӕй фенӕхай ӕнцӕ, уомӕн ӕма зонгӕ-зонгӕй Хуцауи дзурди сӕрти рахизтӕнцӕ, ӕма тӕрегъӕдгунтӕ иссӕнцӕ. Е цӕмӕ ӕркодта? Библий финст ес: «Еу адӕймаги фудӕй дуйнемӕ ӕрцудӕй тӕрегъӕд, тӕрегъӕди туххӕй ба – мӕлӕт, ӕма уотемӕй мӕлӕт рапурхӕ ’й ӕгас адӕнбӕл, уомӕн ӕма еугурӕйдӕр ракодтонцӕ тӕрегъӕд» (Ромӕгтӕмӕ 5:12). Адами фудӕй ӕ байзӕддӕгтӕ ӕнхӕстдзийнадӕй фенӕхай ӕнцӕ ӕма сӕ тоги рахастонцӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕт.
Куд загътан, уотемӕй ахӕсти аргъ ӕй, адӕймаг ӕнӕхай цӕмӕй фӕууй, уобӕл ци аргъ бафедунцӕ, е. Адам зонгӕ-зонгӕй Хуцауи дзурди сӕрти ку рахизтӕй, уӕд уомӕй тӕрегъӕд искодта ӕма ӕнхӕст цардӕй ӕнӕхай фӕцӕй. Библий куд фӕууидтан, уотемӕй уой фудӕй ӕ байзӕддӕгтӕ иссӕнцӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъартӕ. Ӕма цӕмӕй еци цагъайрадӕй исуӕгъдӕ уонцӕ, уой туххӕй гъӕуама ӕндӕр ӕнхӕст адӕймаг ӕ цард нивондӕн равардтайдӕ. Еци адӕймаг адтӕй Йесо Киристе (Ромӕгтӕмӕ 5:19; Ефесӕгтӕмӕ 1:7). Нӕ уарзӕгой Хуцау еци ахӕсти аргъ ке бафиста, уой фӕрци адӕнӕн фӕззиндтӕй фадуат, цӕмӕй исхайгин уонцӕ, Адам ӕма Евӕ ке фесафтонцӕ, еци ӕносон цардӕй (Раргомадӕ 21:3–5).
Мадта адӕн Киристей нивонди фӕрци ӕносмӕ ке цӕрдзӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ еци нивонд ӕй еугуремӕй устурдӕр лӕвар. Еци нивонд ӕцӕгӕйдӕр «ӕнӕфау лӕвар» ке ӕй, уой цӕмӕй исбӕлвурд кӕнӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, айразӕй еци статьяй ци цуппар гъуддагебӕл дзурд цудӕй, уонӕмӕ. Еци гъуддӕгтӕ ӕхсидзгӕ ке ’нцӕ, уой Хуцау бавдиста, Киристей нивонди ку ӕрхаста, уӕд.
Цӕмӕ бӕллӕн, уой исӕнхӕст кӕндзӕй. Адӕймаг уотӕ конд ӕй, ӕма ’й фӕндуй ӕносмӕ цӕрун (Екклесиаст 3:11). Нӕхе бон неци хузи иссайдӕ еци бӕллец исӕнхӕст кӕнун, фал Киристей нивонди фӕрци уомӕн ес гӕнӕн. Библи зӕгъуй: «Тӕрегъӕд фист цӕуй мӕлӕтӕй, Хуцау ци лӕвар дӕттуй, е ба ӕй ӕносон цард нӕ Хецау Йесо Киристей фӕрци» (Ромӕгтӕмӕ 6:23).
Ци гъудӕй, уой нин равардта. Еунӕг адӕймагӕн дӕр ӕ бон не ’ссайдӕ ахӕсти аргъ бафедун. Библий финст ӕй: «Адӕймаги уод балхӕнуни аргъ уотӕ устур ӕй, ӕма ӕй ӕности дӕргъи неке ма бафиста» (Псалом 49:8). Мадта цӕмӕй адӕн тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти цагъайрадӕй исуӕгъдӕ адтайуонцӕ, уой туххӕй сӕ гъудӕй Хуцауи ӕнхус. Ӕма син Хуцау банхус кодта – «Йесо Киристе сӕ... балхӕдта ӕма... иссӕребарӕ ’нцӕ» (Ромӕгтӕмӕ 3:23, 24). Е адтӕй, адӕни фиццагидӕр ци гъудӕй, е.
Еци лӕвар искӕнунмӕ равзурста тӕккӕ хуӕздӕр рӕстӕг. Библий финст ес, «Киристе мах туххӕй, тӕрегъӕдгунтӕ ма ку адтан, уӕд ке рамардӕй» (Ромӕгтӕмӕ 5:8). Кӕд тӕрегъӕдгунтӕ ан, уӕддӕр нӕ Хуцау уарзуй. Ӕма ма кӕд абони тӕрегъӕди фудӕй гъезӕмарӕ кӕнӕн, уӕддӕр нӕмӕ еци нивонди фӕрци разӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсуй берӕ арфӕдзийнӕдтӕ.
Еци лӕвар искодта, уарзгӕ нӕ ке кӕнуй, уой туххӕй. Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, Хуцау ӕ Фурти нивонди цӕй туххӕй ӕрхаста, уой. Финст си ес: «Хуцау нӕ ке уарзуй, уой уомӕй бавдиста, ӕма ӕ еунӕг Фурти дуйнемӕ рарвиста, цӕмӕй уой фӕрци цардӕй хайгин уӕн. Уарзондзийнадӕ уой медӕг нӕй, ӕма мах бауарзтан Хуцауи, фал уой медӕг ӕй, ӕма нӕ Хуцау бауарзта» (1 Иоанни 4:9, 10).
Дӕ бон куд ӕй бавдесун, тӕккӕ устурдӕр лӕварӕн ке рагъ кӕнис, уой? Дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ Иоанни 3:16 финст дзурдтӕ. Киристе балӕдӕрун кодта, адӕнӕн сӕ ервӕзундзийнадӕ баст ке ӕй се ’ууӕндундзийнадӕбӕл, гъома ин ӕ нивондбӕл ке гъӕуама ӕууӕндонцӕ, уобӕл. Библимӕ гӕсгӕ, «ӕууӕндундзийнадӕ... е ӕй, ӕма, адӕймаг цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕй ин федар нифс ку уа» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:1). Цӕмӕй дин уӕхӕн федар нифс уа, уой туххӕй дӕ гъӕунцӕ бӕлвурд зонундзийнӕдтӕ. Мадта байархайӕ, цӕмӕй фулдӕр базонай, «ӕнӕфау лӕвар» нин ка искодта, еци Хуцау Йегови туххӕй. Удта ма базонӕ, ци кӕнун дӕ гъӕуй, цӕмӕй исхайгин уай, Киристей нивонди фӕрци нӕмӕ разӕй ка ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, еци ӕносон цардӕй.
Уой фӕдбӕл Библий ци финст ес, уой дӕ бон ӕй базонун, Йегови Ӕвдесӕнти сайтӕй. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн син, уодзӕй дӕуӕн банхус кӕнун. Еци лӕвари туххӕй фулдӕр ку базонай ӕма ибӕл ку баууӕндай, уӕд, ӕвӕдзи, ду дӕр зӕгъдзӕнӕ: «Ӕз арфӕ кӕнун Хуцауӕн, е мӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй нӕ Хецау Йесо Киристей фӕрци!» (Ромӕгтӕмӕ 7:25).