Дӕ бон ӕй зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕрун
ДЕССАГИ НИФС! Не Сфӕлдесӕг нин зӕрдӕ байвардта, зӕнхӕбӕл ӕносмӕ ке цӕрдзиан. Фал беретӕ уобӕл не ’ууӕндунцӕ. Уонӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма адӕймагӕн ӕ конд уотӕ ’й, цӕмӕй еу афони рамӕла. Иннети гъудимӕ гӕсгӕ ба адӕймаги бон ӕй ӕносмӕ цӕрун, ӕрмӕст зӕнхӕбӕл нӕ, фал уӕлӕрвти, ӕ мӕлӕти фӕсте уордӕмӕ ку иссӕуа, уӕд. Дӕумӕ ба куд кӕсуй?
Фиццаг бал ӕркӕсӕ, Библи цӕхуӕн дзуапп дӕттуй аци ӕртӕ фарстайебӕл: адӕймаг цӕйбӕрцӕ гъӕуама цӕра, е, куд конд ан, уомӕй куд зиннуй? Хуцаумӕ адӕни ӕма зӕнхи туххӕй райдайӕни цӕхуӕн фӕндӕ адтӕй? Адӕн цӕмӕн мӕлунцӕ?
АДӔЙМАГ ДЕССАГИ КОНД ӔЙ
Хуцау зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр сфӕлдиста, уонӕй тӕккӕ дессагдӕр ӕй адӕймаг. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес? Уомӕн ӕма Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, Хуцау ӕрмӕстдӕр адӕймаги искодта ӕхемӕ гӕсгӕ ӕма ӕхе хузӕн (Райдайӕн 1:26, 27). Цума е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Хуцау адӕймаги исхайгин кодта, ӕхемӕ цӕхуӕн менеугутӕ ес, уӕхӕн менеугутӕй, зӕгъӕн, нӕ бон ӕй уарзун, удта раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой лӕдӕрун.
Уомӕй уӕлдай ма адӕймаги бон ӕй сагъӕс кӕнун ӕма хуарз лӕгъузӕй ӕртасун, удта ’й фӕффӕндуй Хуцауи зонун ӕма имӕ хӕстӕг кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ нин ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕрдзӕ куд дессаг ӕй, уомӕ кӕсун, рӕсугъд музыкӕмӕ игъосун кенӕ рӕсугъд хузтӕмӕ кӕсун. Удта ӕрмӕстдӕр адӕймаг ӕй уотӕ конд, цӕмӕй Сфӕлдесӕгӕн кова. Аци гъуддӕгти фӕрци хъӕбӕр хецӕн кӕнӕн, зӕнхӕбӕл уодӕгасӕй цидӕриддӕр ес, уонӕй.
Расагъӕс кӕнӕ: Хуцауи уотӕ ку фӕндадтайдӕ, цӕмӕй адӕймагӕн уӕхӕн цубур цард уа, уӕд ӕй уӕхӕн дессаги менеугути хӕццӕ искодтайдӕ? Мадта Хуцау адӕймаги еци дессаги менеугутӕй ӕма искурдиӕдтӕй уой туххӕй исхайгин кодта, цӕмӕй зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕра.
ХУЦАУМӔ РАЙДАЙӔНИ ЦӔХУӔН ФӔНДӔ АДТӔЙ?
Фал еуӕй-еуетӕ уӕддӕр уотӕ фӕззӕгъунцӕ, ӕма Хуцаумӕ уӕхӕн фӕндӕ некӕд адтӕй, цӕмӕй адӕн зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕронцӕ. Уони гъудимӕ гӕсгӕ, адӕн зӕнхӕбӕл рӕстӕгмӕ цӕрунцӕ, цӕмӕй фӕлвӕрд ӕрцӕуонцӕ ӕма исбӕрӕг уа, Хуцауи хӕццӕ уӕлӕрвти ӕносмӕ цӕруни аккаг ка ӕй, е. Кӕд хабар ӕцӕгӕйдӕр Дуккаг закъон 32:4).
уотӕ ’й, уӕд уотӕ уайуй, ӕма зӕнхӕ фуддзийнадӕй ке байдзаг ӕй, е Хуцауи фуд ӕй. Фал Хуцауи бон нӕй фуддзийнадӕ кӕнун. Библий финст ӕй: «Ӕ нӕдтӕ еугурӕйдӕр ӕнцӕ раст. Е ӕй ӕновуд Хуцау, хӕранӕй имӕ неци ес. Е ӕй раст ӕма рӕстзӕрдӕ Хуцау» (Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй ци фӕндӕ адтӕй, уой Библи хуарз ӕвдесуй: «Уӕлӕрвтӕ Йегови ’нцӕ, зӕнхӕ ба равардта адӕймаги фурттӕн» (Псалом 115:16). Хуцау зӕнхӕ уотӕ искодта, цӕмӕй ибӕл адӕн ӕносмӕ амондгунӕй ӕма зӕрдӕрохсӕй цардайуонцӕ, ӕма син цӕрунмӕ алцидӕр равардта (Райдайӕн 2:8, 9).
«Уӕлӕрвтӕ Йегови ’нцӕ, зӕнхӕ ба равардта адӕймаги фурттӕн» (Псалом 115:16)
Библий ма бӕлвурдӕй финст ӕй, Хуцаумӕ адӕни туххӕй ци фӕндӕ адтӕй, е дӕр. Хуцау фиццаг нӕлгоймаг ӕма силгоймагӕн загъта: «Зӕнхӕ байдзаг кӕнтӕ ӕма ин хецау уотӕ. Уӕ барӕ цӕуӕд... зӕнхӕбӕл цӕрӕгойӕй цидӕриддӕр ’змӕлуй, уонӕбӕл» (Райдайӕн 1:28). Хуцау син кадгин гъуддаг баихӕс кодта. Етӕ гъӕуама зӕнхӕмӕ кастайуонцӕ ӕма си дзенет рауайун кодтайуонцӕ. Мадта Адам ӕма Евӕ, удта сӕ байзӕддӕгтӕ гъӕуама ӕносмӕ зӕнхӕбӕл цардайуонцӕ, уӕлӕрвти нӕ, фал.
АДӔН ЦӔМӔН МӔЛУНЦӔ?
Мадта цума адӕн цӕмӕн мӕлунцӕ? Библийӕй куд зиннуй, уомӕ гӕсгӕ изӕдтӕй еу, фӕстӕдӕр Сайтан ка иссӕй, е, Хуцауи фӕндон фехалунбӕл архайдта. Кутемӕй?
Сайтан фиццаг дууӕ адӕймагей, Адам ӕма Еви, Хуцауи нихмӕ искодта. Сайтан син загъта, Хуцау, дан, уи хуарз цидӕр римӕхсуй – раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой лух кӕнуни барӕ. Адам ӕма Евӕ имӕ байгъустонцӕ ӕма Хуцауи нихмӕ рацудӕнцӕ. Е сӕ цӕмӕ ӕркодта? Рӕстӕг рацудӕй ӕма рамардӕнцӕ. Хабар рауадӕй, Хуцауи син куддӕриддӕр дзурдта, уотӕ. Зӕнхӕбӕл дзенети ӕносмӕ цӕруни нифсӕй ӕнӕхай фӕцӕнцӕ (Райдайӕн 2:17; 3:1–6; 5:5).
Адам ӕма Евӕ ци куст бакодтонцӕ, уой фӕстеугутӕ ма абони мах дӕр ӕвзарӕн. Хуцауи Дзурди финст ӕй: «Еу адӕймаги [Адами] фудӕй дуйнемӕ ӕрцудӕй тӕрегъӕд, тӕрегъӕди фудӕй ба – мӕлӕт, ӕма уотемӕй мӕлӕт рапурхӕ ’й ӕгас адӕнбӕл дӕр» (Ромӕгтӕмӕ 5:12). Адӕн мӕлунцӕ, сӕ рагфиддӕлтӕй сӕ тоги тӕрегъӕд ӕма мӕлӕт ке рахастонцӕ, уой туххӕй. Е Хуцауи фӕндонмӕ нӕ хаудтӕй, удта сӕ адзал дӕр нӕй.
ДӔ БОН ӔЙ ЗӔНХӔБӔЛ ӔНОСМӔ ЦӔРУН
Эдеми дзӕхӕрадони уӕхӕн хабар ке рауадӕй, уой туххӕй Хуцау ӕ фӕндон нӕ раййивта. Хуцау алкӕддӕр рӕстӕй ке фӕййархайуй ӕма адӕни ке уарзуй, уомӕ гӕсгӕ уотӕ бакодта, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй исуӕгъдӕ кодтайдӕ. Апостол Павел загъта: «Тӕрегъӕд фист цӕуй мӕлӕтӕй, Хуцау ци лӕвар дӕттуй, е ба ӕй ӕносон цард нӕ Хецау Йесо Киристей фӕрци» (Ромӕгтӕмӕ 6:23). Хуцау «ӕ еунӕг Фурти [Йесо Киристей] равардта, цӕмӕй ибӕл ка ӕууӕндуй, е ма фесӕфа, фал ӕносон цардӕй хайгин уа» (Иоанни 3:16). Киристе ӕ цард мах туххӕй нивондӕн ке равардта, уой фӕрци нин нифс ес, Адам ци цард фесафта, еци цард нӕуӕгӕй ке фӕууиндзиан a.
Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй ци фӕндӕ ес, е тагъд исӕнхӕст уодзӕй ӕма ӕгас зӕнхӕ дӕр дзенет исуодзӕй. Дӕуӕн дӕр дӕ бон уодзӕй дзенети цӕрун, Киристей дзурдтӕ дӕ зӕрдӕмӕ ку райсай, уӕд: «Бахезетӕ нарӕг дуарбӕл, уомӕн ӕма исӕфтмӕ ка кӕнуй, еци над ӕй фӕтӕн ӕма уӕрӕх, ӕма ибӕл беретӕ цӕунцӕ. Цардмӕ ка кӕнуй, еци над ба унгӕг ӕй, ӕма дуар дӕр нарӕг ӕй, ӕма еци над беретӕ не ’ссерунцӕ» (Матфеййи 7:13, 14). Мадта дӕ исонбон дӕхецӕй кӕнгӕ ’й. Ци равзардзӕнӕ?
a Киристей нивод дӕуӕн ци пайда хӕссуй, уой туххӕй фулдӕр базонун дӕ бон ӕй 27 уроккӕй киунуги «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!». Мухури ’й рауагътонцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ. Иссерӕн ӕй ес сайти www.isa4310.com.