Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Уӕ каст кӕмӕ ӕй?

Уӕ каст кӕмӕ ӕй?

«Дӕумӕ кӕсун, уӕлӕрвти цӕрӕг» (ПС. 123:1).

ЗАРТӔ: 143, 124

1, 2. Нӕ каст Йеговӕмӕ куд гъӕуама уа?

АБОНИ «хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг» ӕркодта, ӕма цалинмӕ Йеговӕ аци фуддуйнейӕн кӕрон не ’скӕна ӕма зӕнхӕбӕл фарнӕ не ’суа, уӕдмӕ цард фуддӕрӕй-фуддӕр кӕндзӕй (2 Тим. 3:1). Мадта гъӕуама нӕхе бафӕрсӕн: «Ӕнхус кенӕ разамунд мӕ ку багъӕуй, уӕд ӕй кӕмӕй фӕййагорун? Мӕ каст алкӕддӕр Йеговӕмӕ фӕууй?»

2 Нӕ каст Йеговӕмӕ куд гъӕуама уа? Удта зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ каст Йеговӕмӕ фӕууй ӕви нӕ, уой нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун? Ӕностӕ раздӕр псаломзаргӕнӕг балӕдӕрун кодта, е куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. (Бакӕсӕ Псалом 123:1–4.) Ӕ дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕмӕ гъӕуама кӕсӕн, цагъар ӕ хецаумӕ куд фӕккӕсуй, уотӕ. Цума е куд лӕдӕргӕ ’й? Цагъарӕн ӕ каст хецаумӕ фӕууй, хуӕруйнаг ин ке дӕттуй ӕма ’й гъӕуай ке кӕнуй, уой туххӕй. Фал ма уомӕй уӕлдай ӕ каст хецаумӕ уой туххӕй дӕр фӕууй, цӕмӕй ӕй, ести уӕд, балӕдӕра, хецауи ци гъӕуй, уой ӕма ин ӕй еци фӕдбӕл ракӕна. Мах дӕр цӕмӕй балӕдӕрӕн, Йеговӕ ни ци агоруй, уой ӕма уомӕ гӕсгӕ архайӕн, уой туххӕй гъӕуама алли бон дӕр Библи лӕмбунӕг кӕсӕн. Уӕд нӕ бон уодзӕй федарӕй зӕгъун, зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ Йеговӕ ке нӕ ниууадздзӕй (Еф. 5:17).

3. Адӕймагӕн ӕ каст Йеговӕмӕ цӕмӕн нӕбал фӕууй?

3 Нӕ каст Йеговӕмӕ ке гъӕуама уа, уой бӕргӕ зонӕн, фал уӕддӕр еуӕй-еухатт нӕ цӕститӕ ӕндӕр естӕмӕ разелӕн. Уӕхӕн хабар ӕрцудӕй Марфӕбӕл. Библий финст ес, зӕгъгӕ, «Марфӕ ба цӕттӕ кӕнунбӕл фӕцӕй» (Лук. 10:40–42). Марфи хузӕн еузӕрдон адӕймаг дӕр ма, Киристе ӕ рази адтӕй, уотемӕй кӕми радзӕгъӕл ӕй, уоми махӕн дӕр раст н’ адтайдӕ уотӕ сагъӕс кӕнун, ӕма нӕбӕл уӕхӕн хабар некӕд ӕрцӕудзӕй. Цума адӕймагӕн ӕ каст Йеговӕмӕ цӕй туххӕй нӕбал фӕууй? Зӕгъӕн, иннетӕмӕ ке фӕккӕсуй, уой туххӕй. Аци статьяй базондзиан, уотӕ цӕмӕн рауайуй, уой, ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ каст алкӕддӕр Йеговӕмӕ уа.

ЕУЗӔРДОН ЛӔГГАДГӔНӔГ Ӕ ХУӔРЗЕУӔГӔЙ ФЕНӔХАЙ ӔЙ

4. Моисей Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ке нӕ бацудӕй, е нӕмӕ дессаг цӕмӕн фӕккӕсуй?

4 Моисеййӕн ӕ каст алкӕддӕр Йеговӕмӕ адтӕй, удта «адтӕй федар, цӕстӕй фӕууинӕн кӕмӕн нӕййес, еци Хуцауи цума уингӕ кодта, уотӕ». (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:24–27.) Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ «Моисеййи хузӕн пахампар Израили некӕд адтӕй, Йеговӕ ’й лӕгӕй-лӕгмӕ зудта» (Дук. з. 34:10). Фал уӕддӕр ӕ хуӕрзеуӕгӕй фенӕхай ӕй ӕма Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ нӕ бацудӕй (Ним. 20:12). Цума цӕмӕн?

5–7. Израилӕгтӕ Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд сӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй ӕма Моисей ӕхе куд бадардта?

5 Израилӕгтӕ Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уобӕл дууӕ мӕйи дӕр нӕма рацудӕй, уотемӕй ӕрцудӕй еу хабар. Е адтӕй, Синаййи хонхмӕ дӕр ку нӕма бахъӕрдтӕнцӕ, уӕд. Адӕн хъур-хъур кӕнун райдӕдтонцӕ, дон син ке нӕ фагӕ кодта, уобӕл. Удта Моисеййи нихмӕ дзорун райдӕдтонцӕ, ӕма е дӕр ӕ фур тухстӕй Хуцаумӕ искувта: «Ци кӕнон аци адӕнӕн? Минкъий ма, ӕма мӕ дортӕй фӕххуайдзӕнцӕ!» (Рац. 17:4). Йеговӕ ин ӕ кувд фегъуста, ӕма ин ци кӕнгӕ адтӕй, уой байамудта. Гъӕуама ӕ лӕдзӕгӕй Хориви къӕдзӕх ӕрцавтайдӕ. Библи зӕгъуй: «Гъема Моисей дӕр Израили хестӕр лӕгти рази уотӕ бакодта». Ӕма уӕд къӕдзӕхӕй дон ракалдӕй, адӕн донӕй бафсес ӕнцӕ ӕма змӕнст ӕрсабур ӕй (Рац. 17:5, 6).

6 Библий идарддӕр куд финст ес, уомӕ гӕсгӕ Моисей еци бунат исхудта «Массӕ» ӕма «Меривӕ», нӕхердигонау – «фӕлварӕн» ӕма «хилӕ». Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма израилӕгтӕ хилӕ кодтонцӕ ӕма Йегови фӕлвардтонцӕ, «нӕ хӕццӕ ӕй ӕви нӕ», зӕгъгӕ (Рац. 17:7).

7 Цума Мериви ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй? Йегови цӕсти адӕн ӕ хецаудзийнади нихмӕ рацудӕнцӕ, айдагъ Моисеййи нихмӕ нӕ, фал. (Бакӕсӕ Псалом 95:8, 9.) Израилӕгтӕ сӕхе хъӕбӕр лӕгъуз бадардтонцӕ. Фал уӕд Моисей алцидӕр раст бакодта. Е Йеговӕй ӕнхус байагурдта ӕма ин е куддӕриддӕр загъта, уотӕ бакодта.

8. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхи къӕсӕрбӕл ку лӕудтӕнцӕ, уӕд ци ’рцудӕй?

8 Фал 40 анзей фӕсте Израилӕгтӕ нӕуӕгӕй уӕхӕн уавӕри бахаудтӕнцӕ. Адӕн ӕрлӕудтӕнцӕ Кадеси размӕ, Зӕрдӕвӕрд зӕнхи тӕккӕ къӕсӕрбӕл. Ӕма еци бунат дӕр хуннун райдӕдта Меривӕ *. Цӕмӕн? Израилӕгтӕ бабӕй дугъ-дугъ кӕнун райдӕдтонцӕ, дон син ке нӕ фагӕ кодта, уобӕл (Ним. 20:1–5). Фал аци хатт ба Моисей хъӕбӕр фӕррӕдудӕй.

9. Йеговӕ Моисеййӕн цӕхуӕн амундтӕ равардта, фал е куд бакодта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

9 Цума Моисей ци бакодта, адӕн бабӕй змӕнтун ку райдӕдтонцӕ, уӕд? Аци хатт дӕр ӕнхус Йеговӕй байагурдта. Фал ин нур Йеговӕ ӕндӕр хузи загъта бакӕнун. Йеговӕ ин къӕдзӕх цӕвун нӕ кодта, фал ин загъта, зӕгъгӕ, къӕдзӕхӕн зӕгъӕ, цӕмӕй уин дон ратта (Ним. 20:6–8). Цума Моисей уотӕ бакодта? Нӕъ. Ӕ фур мӕстгунӕй нигъгъӕр кодта: «Райгъосайтӕ, ӕнӕбасӕтгӕ адӕн! Уотӕ уӕ фӕндуй, цӕмӕй уин мах аци къӕдзӕхӕй дон рауадзӕн?» Еци дзурдти фӕсте Моисей ӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ниццавта, уой дӕр еу нӕ, фал дууӕ хатти (Ним. 20:10, 11).

10. Моисей ӕхе куд бадардта, уомӕ Йеговӕ куд ракастӕй?

10 Йеговӕ Моисеймӕ хъӕбӕр исмӕстгун ӕй (Дук. з. 1:37; 3:26). Цума цӕмӕн? Еу гъуддаг, ӕвӕдзи, уой медӕг адтӕй, ӕма ин куд загъта, уотӕ нӕ бакодта.

11. Къӕдзӕхӕй дон ке ракалдӕй, е адӕнмӕ дессаг цӕмӕннӕ фӕккастайдӕ?

11 Ка ’й зонуй ма Йеговӕ Моисеймӕ еу цӕйдӕр туххӕй дӕр рамӕстгун ӕй. Фиццаг Меривӕ кӕми адтӕй, уоми къӕдзӕхтӕ федар адтӕнцӕ. Ӕма сӕ лӕдзӕгӕй цӕйбӕрцӕфӕнди ма хуастайсӕ, уӕддӕр си дон нецихузи ракалдайдӕ. Фал дуккаг Меривӕ кӕми адтӕй, уоми ба къӕдзӕхтӕ адтӕнцӕ фӕлмӕн ӕма къиргун. Уӕхӕн къӕдзӕхти дон гъардта ӕма кӕмидӕрти ӕ хурфи дӕр рамбурд уидӕ. Ӕма ’й еу минкъий ку ракъахтайсӕ, уӕд си, ка ’й зонуй, дон дӕр ракалдайдӕ. Цума Моисей къӕдзӕхмӕ дзоргӕ ке не ’скодта, фал ӕй дууӕ хатти ке ниццавта, уомӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ уотӕ нӕ бангъалдтайуонцӕ, ӕма си дон ӕхегъӕди ракалдӕй, Йегови фӕрци нӕ, фал? * Уотӕ адтӕй ӕви нӕ, уой бӕлвурдӕй нӕ зонӕн.

МОИСЕЙ ХУЦАУМӔ НӔ БАЙГЪУСТА

12. Йеговӕ ма Моисей ӕма Ааронмӕ цӕй туххӕй исмӕстгун адтайдӕ?

12 Ӕвӕдзи ма Йеговӕ Моисей ӕма Ааронмӕ еу гъуддаги туххӕй дӕр исмӕстгун ӕй. Моисей адӕнӕн загъта: «Уотӕ уӕ фӕндуй, цӕмӕй уин мах аци къӕдзӕхӕй дон рауадзӕн?» Мах, зӕгъгӕ, ку загъта, уӕд Моисей, ӕвӕдзи, ӕхе ӕма Аарони кой кодта. Ӕма е раст н’ адтӕй, уомӕн ӕма син Йеговӕ ци дессаг искодта, уой туххӕй ин не ’скадӕ кодта. Е бӕрӕг ӕй Псалом 106:32, 33 финст дзурдтӕй: «Мериви дӕнтти рази Моисеййи мӕстгун кодтонцӕ, ӕма уони туххӕй бӕллӕхи бахаудтӕй. Уотӕ ’й исмӕстгун кодтонцӕ, ӕма ӕ цъухӕй исхаудтӕй ӕнӕргъуди дзурдтӕ» (Ним. 27:14) *. Бӕрӕг ӕй, Моисей Йегови, куд гъудӕй, уотӕ не ’скадгин кодта. Уой фӕсте Йеговӕ Моисей ӕма Ааронӕн загъта: «Сумах, ӕз уин... ци загътон, уой нихмӕ рацудайтӕ» (Ним. 20:24). Е устур тӕрегъӕд адтӕй!

13. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма Йеговӕ Моисеййӕн раст тӕрхон рахаста?

13 Йеговӕ Моисей ӕма Аарони ӕ адӕнӕн разамонгутӕй исӕвардта, ӕма си уомӕ гӕсгӕ фулдӕр агурдта (Лук. 12:48). Раздӕр Йеговӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бацӕуни барӕ нӕ равардта ӕнӕгъӕнӕ фӕлтӕрӕн, уомӕн ӕма еци фӕлтӕр еугурӕйдӕр змӕнтгутӕ адтӕнцӕ (Ним. 14:26–30, 34). Уонӕн ци тӕрхон рахаста, Моисеййӕн дӕр уӕхӕн тӕрхон ке рахаста, уомӕй имӕ фау ӕрхӕссӕн нӕййес, уомӕн ӕма Моисей дӕр Хуцаумӕ нӕ байгъуста. Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бацӕуни барӕ дӕр ин уой туххӕй нӕбал адтӕй.

МОИСЕЙ ЦӔМӔН ФӔРРӔДУДӔЙ

14, 15. Моисей Йегови нихмӕ цӕмӕн фӕррӕдудӕй?

14 Цума Моисей уотӕ цӕмӕн фӕррӕдудӕй? Еума хатт ӕркӕсӕн, Псалом 106:32, 33 ци финст ес, уомӕ: «Мериви дӕнтти рази Моисеййи мӕстгун кодтонцӕ, ӕма уони туххӕй бӕллӕхи бахаудтӕй. Уотӕ ’й исмӕстгун кодтонцӕ, ӕма ӕ цъухӕй исхаудтӕй ӕнӕргъуди дзурдтӕ». Израилӕгтӕ Йегови нихмӕ рацудӕнцӕ, мӕстгун ба Моисей иссӕй. Гъема ӕхебӕл ке нӕ фӕххуӕстӕй, уой туххӕй си ӕнӕргъуди зӕгъдтитӕ исхаудтӕй.

15 Моисеййӕн ӕ каст Йеговӕмӕ нӕбал адтӕй, уомӕн ӕма иннети миутӕмӕ е ’ргом ӕгӕр раздахта. Фиццаг хатт адӕн дони туххӕй ку дугъ-дугъ кодтонцӕ, уӕд Моисей раст бакодта (Рац. 7:6). Фал, израилӕгтӕ цалдӕр дӕсанзей дӕргъи сӕхе еухаттӕй-иннӕхатмӕ куд дардтонцӕ, уой уингӕй, ӕвӕдзи, бафӕлладӕй ӕма си фӕффудӕнгъӕл ӕй. Ка ’й зонуй, Моисей ӕгӕр ке маст кодта, уой туххӕй си феронх ӕй, Йегови искадгин кӕнун ӕй ке гъудӕй, е.

16. Моисеййи хабарбӕл расагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

16 Кӕд ма Моисей дӕр фӕррӕдудӕй, ӕ каст Йеговӕмӕ ке нӕбал адтӕй, уой туххӕй, уӕд махӕй ба ци ес зӕгъӕн? Мах дӕр тагъд рӕстӕги гъӕудзӕй бацӕун, Йеговӕ зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци «зӕнхӕмӕ» – нӕуӕг дуйнемӕ (2 Пет. 3:13). Еци дессаги цардӕй фенӕхай ун ни, ӕвӕдзи, неке фӕндуй. Уомӕ гӕсгӕ нӕ каст алкӕддӕр гъӕуама уа Йеговӕмӕ, ӕма нин е куддӕриддӕр зӕгъуй, уотӕ кӕнӕн (1 Иоан. 2:17). Цума Моисеййи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

ИННЕТИ РӔДУДТИТӔ УИН КЪАХКЪУӔРӔН МА ИСУӔНТӔ

17. Ку рамӕстгун уӕн, уӕд нин нӕхебӕл хуӕцунмӕ ци банхус кӕндзӕй?

17 Дӕхебӕл хуӕцун зонӕ. Фӕууй уотӕ, ӕма еци-еу гъуддаги туххӕй еухаттӕй-иннӕхатмӕ исмӕстгун уӕн. Фал гъӕуама нӕ къохтӕ ма уадзӕн, уомӕн ӕма Библи зӕгъуй: «Хуарз ци ӕй, уой кӕнгӕй нӕ нифс ма басӕттӕд, уомӕн ӕма ӕ рӕстӕги ӕркӕрддзиан тиллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕн, уӕд» (Гал. 6:9; 2 Фес. 3:13). Естӕй туххӕй ку исмӕстгун уӕн, уӕд нӕхебӕл хуӕцун фӕззонӕн кенӕ ести исдзоруни размӕ расагъӕс кӕнӕн? (Ӕмб. 10:19; 17:27; Матф. 5:22). Еске нӕ хӕццӕ хилӕ къахун ку райдайа, уӕдта нин ци кӕнгӕ ’й? Библи зӕгъуй: «Еци гъуддаг Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, цӕмӕй е никкала ӕ маст». (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:17–21.) Маст хӕссуни бӕсти нӕ каст гъӕуама Йеговӕмӕ уа, ӕма фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, гъуддаг кӕд исраст кӕндзӕй, уомӕ. Ӕ маст ка фӕййесуй, уӕхӕн адӕймаг Йегови нӕ нимайуй.

18. Нӕуӕг амундти туххӕй нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

18 Фӕстаг амундтӕмӕ дӕ гъос дарӕ ӕма уонӕмӕ гӕсгӕ архайӕ. Йеговӕ нӕуӕг амундтӕ ку раттуй, уӕд сӕ фенхӕст кӕнӕн ӕви идарддӕр дӕр, куд ахур адтан, уотӕ фӕййархайӕн? Йегови организацийӕй ци нӕуӕг разамунд рацӕуй, уой гъӕуама еци фӕдбӕл райдайӕн ӕнхӕст кӕнун (Дзиуит. 13:17). Удта гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй «финст ци ӕй, уой сӕрти ма хезӕн» (1 Кор. 4:6). Йегови амундтӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма нӕ каст уомӕ фӕууй.

Моисей иннети рӕдудтитӕмӕ ци цӕстӕй ракастӕй, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (кӕсӕ 19 абзац)

19. Иннети рӕдудтити туххӕй Йеговӕй кӕд нӕ раидард уодзиан?

19 Ма бауадзӕ, цӕмӕй еске рӕдуди туххӕй Йеговӕй раидард уай. Нӕ каст Йеговӕмӕ ку уа, уӕд еске туххӕй нӕ зӕрди маст нӕ ниббаддзӕй ӕма Йеговӕй нӕ раидард уодзиан. Е уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй, Йегови организаций Моисеййи хузӕн кадгин ихӕстӕ ка ӕнхӕст кӕнуй, уонӕн. Алкедӕр ни гъӕуама Йеговӕмӕ игъоса, цӕмӕй фӕййервӕза (Фил. 2:12). Фал нӕбӕл куд фулдӕр ихӕстӕ уа, уотӕ нӕмӕ Йеговӕ фулдӕр цӕмӕдӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй (Лук. 12:48). Йегови ӕцӕгӕй ка уарзуй, уомӕн къахкъуӕрӕн неци исуодзӕй, ӕма ’й Хуцауи уарзтӕй неке фенӕхай кӕндзӕй (Пс. 119:165; Ром. 8:37–39).

20. Нӕ федар фӕндӕ ци гъӕуама уа?

20 Абони хъӕбӕр уӕззау рӕстӕги цӕрӕн, ӕма гъӕуама нӕ каст Йеговӕмӕ уа, цӕмӕй ӕй лӕдӕрӕн, ци ни агоруй, уой. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй еске туххӕй Йеговӕй ма раидард уӕн. Еске рӕдудтитӕмӕ мӕстгун кӕнуни бӕсти гъӕуама «кӕсӕн нӕ Хуцау Йеговӕмӕ [ӕма] ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн ӕ хуарзӕнхӕмӕ» (Пс. 123:1, 2).

^ 8 абз. Аци Меривӕ, Рефидими рази ка адтӕй ӕма Массӕ дӕр ка хундтӕй, еци Меривӕ нӕй. Фал дууӕ бунати дӕр Меривӕ хундтӕнцӕ, уомӕн ӕма си израилӕгтӕ Моисеййи хӕццӕ хилӕ кодтонцӕ, удта ма дугъ-дугъ дӕр кодтонцӕ. (Кӕсӕ брошюрӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 7 хай.)

^ 11 абз. Аци хабари туххӕй еу ахургонд, Джон Бек загъта: «Дзиуиттаг таурӕхъмӕ гӕсгӕ, змӕнтгутӕ нӕ баууӕндтӕнцӕ, Моисей дессаг ке искодта, уобӕл, уомӕн ӕма, дан, ӕй зудта, къӕдзӕхи дон ке адтӕй, уой. Ӕма ин загътонцӕ, цӕмӕй ӕндӕр къӕдзӕхӕй дӕр дон рауадза». Фал е, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, таурӕхъ ӕй.

^ 12 абз. Кӕсӕ 1989 анзи 1 январи «Сторожевая башня», рубрикӕ «Вопросы читателей».