Киристей нивонд – нӕ уӕларвон Фиди «ӕнӕфау лӕвар»
«Хуарзӕй цидӕриддӕр ес, е дӕр ӕма алли ӕнӕфау лӕвар дӕр ӕй... Фидӕй» (ИАК. 1:17).
ЗАРТӔ: 20, 15
1. Киристей нивонди фӕрци цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан?
КИРИСТЕЙ нивонди фӕрци Адами байзӕддӕгтӕй рӕстдзийнадӕ ка уарзуй, еци адӕн берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнцӕ, фӕстагмӕ ба Хуцауи бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уодзӕнцӕ. Еци нивонди фӕрци нин фӕззиндтӕй ӕносмӕ амондгунӕй цӕруни нифс. Киристе ӕ цард ке равардта, е баст ӕй хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддӕгти хӕццӕ уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр (Дзиуит. 1:8, 9).
2. а) Киристе ӕ кувди цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуддӕгти туххӕй дзурдта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Йесо ӕ мӕлӕтӕй еу дууӕ анзи раздӕр ӕ ахуркӕнуйнӕгти ахур кодта ковун: «Нӕ уӕларвон Фидӕ, исрохс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ. Дӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр» (Матф. 6:9, 10). Мадта ӕркӕсӕн, Киристей нивонди фӕрци Йегови ном куд исрохс уодзӕй, ӕ Паддзахадӕ куд ӕрцӕудзӕй ӕма ӕ фӕндон куд исӕнхӕст уодзӕй, уомӕ.
«ИСРОХС УӔД ДӔ НОМ»
3. Йеговӕн ӕ ном цӕбӕл дзорӕг ӕй, ӕма ин Сайтан ӕ ном куд фегадӕ кодта?
3 Еци кувди Йесо фиццагидӕр загъта Йегови номи туххӕй, цӕмӕй исрохс уа, кенӕ искӕдзос уа. Йеговӕн ӕ номӕй дӕр бӕрӕг ӕй, цӕхуӕн Хуцау ӕй, е. Дун-дуйней уомӕй хъаурӕгиндӕр ӕма растдӕр неке ӕй. Йесо ма ’й исхудта «сугъдӕг Фидӕ» (Иоан. 17:11). Йеговӕ сугъдӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕ гъуддӕгтӕ дӕр ӕма ӕ закъӕнттӕ дӕр ӕнцӕ сугъдӕг. Фал Едеми дзӕхӕрадони Сайтан исдзурддаг кодта, Хуцауӕн закъӕнттӕ ӕвӕруни барӕ ке ес, уой. Йегови туххӕй мӕнгӕттӕ фӕдздзурдта ӕма ин уотемӕй ӕ кӕдзос ном фегадӕ кодта (Райд. 3:1–5).
4. Йесо Хуцауи ном куд рохс кодта?
4 Фал Йесо ба Хуцауи ном уарзта ӕма ӕ бон ци адтӕй, уой кодта, цӕмӕй ӕй исрохс кодтайдӕ (Иоан. 17:25, 26). Зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд алли гъуддаги дӕр рӕстӕй архайдта. Уотемӕй бавдиста, Йегови уагӕвӕрдтӕ раст ке ’нцӕ ӕма ни цидӕриддӕр агоруй, е нӕхе пайдайӕн ке ӕй. (Бакӕсӕ Псалом 40:8–10.) Сауӕнгӕ ма ин Сайтан гъезӕмӕрттӕ ӕма мӕлӕт ку бавзарун кодта, уӕддӕр Йесо Хуцаубӕл ӕ зӕрдӕ не ’сӕййивта. Уотемӕй рабӕрӕг ӕй, ӕнхӕст адӕймаги бон ке ӕй Хуцауи раст уагӕвӕрдтӕ ӕгасейдӕр ӕнхӕст кӕнун.
5. Нӕ бон куд ӕй Йегови ном рохс кӕнун?
5 Мах дӕр Хуцауи ном ке уарзӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Нӕхе куд дарӕн уомӕй. Йеговӕ нин зӕгъуй, цӕмӕй уӕн сугъдӕг. (Бакӕсӕ 1 Петури 1:15, 16.) Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама ӕрмӕстдӕр уомӕн ковӕн ӕма имӕ не ’гас зӕрдӕй игъосӕн. Сауӕнгӕ ма нӕ ӕфхуӕргӕ ку фӕккӕнунцӕ, уӕддӕр фӕййархайӕн, Йеговӕ нӕ куд ахур кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ. Нӕ цард ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййаразӕн, уӕд уотемӕй Йегови ном рохс кӕнӕн (Матф. 5:14–16). Нӕ гъуддӕгтӕй мах ӕвдесӕн, Йегови закъӕнттӕ раст ке ’нцӕ ӕма Сайтан сайгӕ ке кодта. Ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ рӕдуйгӕ дӕр кӕнӕн, фал уотӕ ку рауайуй, уӕд ӕрфӕсмон кӕнӕн ӕма фӕййархайӕн, цӕмӕй Йегови ном ка ӕгадӕ кӕнуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ мабал кӕнӕн (Пс. 79:9).
6. Кӕд ӕнӕнхӕст ан, уӕддӕр нӕ Йеговӕ рӕстгӕнгутӕбӕл цӕмӕн нимайуй?
6 Фӕнди исӕрст киристӕнттӕй уӕн, фӕнди «ӕндӕр фустӕй», уӕддӕр нин Йеговӕ нӕ тӕрегъӕдтӕ хатир кӕнуй, Киристей нивондбӕл ку ’ууӕндӕн, уӕд. Йеговӕн ӕ цард ка иснивонд кӕнуй, е исуй ӕ лӕггадгӕнӕг ӕма еци адӕн Хуцауи цӕсти исунцӕ рӕстгӕнгутӕ. Йеговӕ исӕрст киристӕнтти нимайуй ӕ фурттӕбӕл, «ӕндӕр фусти» ба – е ’мбӕлттӕбӕл (Иоан. 10:16; Ром. 5:1, 2; Иак. 2:21–25). Киристей нивонди фӕрци нин абони дӕр ес фадуат, нӕ уӕларвон Фидӕмӕ хӕстӕг кӕнун ӕма ин ӕ ном рохс кӕнун.
«ӔРЦӔУӔД ДӔ ПАДДЗАХАДӔ»
7. Киристей нивонди фӕрци Хуцауи Паддзахадӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй?
7 Киристе дӕнцӕгӕн ке ниууагъта, еци кувди загъта: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ». Цума Киристей нивонд Хуцауи Паддзахади хӕццӕ куд баст ӕй? Еци нивонди фӕрци зӕнхӕй ӕвзурст ӕрцудӕнцӕ 144 000 адӕймаги, цӕмӕй уӕлӕрвти Киристей хӕццӕ уонцӕ паддзӕхтӕ ӕма саугинтӕ (Рарг. 5:9, 10; 14:1). Мин анзей дӕргъи зӕнхӕ уодзӕй сӕ дӕлбарӕ. Еци рӕстӕгмӕ Йеговӕ ӕ Паддзахади фӕрци зӕнхӕй искӕндзӕй дзенет ӕма еугур адӕн дӕр исуодзӕнцӕ ӕнхӕст. Йегови лӕггадгӕнгутӕ зӕнхӕбӕл дӕр ӕма уӕлӕрвти дӕр фӕстагмӕ исуодзӕнцӕ еу бийнонтӕ (Рарг. 5:13; 20:6). Йесо Сайтани фесафдзӕй ӕма адӕнӕн ци зиан ӕрхаста, уомӕй фӕд дӕр нӕбал ниууадздзӕй (Райд. 3:15).
8. а) Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн куд балӕдӕрун кодта, Хуцауи Паддзахадӕн ци ӕхсидзгӕ нисан ес, уой? б) Хуцауи Паддзахадӕн еузӕрдон ке ан, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
8 Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн лӕдӕрун кодта, Хуцауи Паддзахадӕн ӕхсидзгӕ нисан ке ес, уой. Йесо донаргъуд куддӕр райста, уотӕ алкӕмидӕр райдӕдта «Хуцауи паддзахади туххӕй хуарз хабар» игъосун кӕнун (Лук. 4:43). Уӕлӕрвтӕмӕ иссӕуни разӕй ма Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, уодзиайтӕ мин ӕвдесӕнтӕ «сауӕнгӕ зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр» (Гъуд. 1:6–8). Абони Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъустгонд ке цӕуй, уой фӕрци адӕнӕн сӕ бон ӕй Киристей нивонди туххӕй базонун ӕма сӕхе еци Паддзахади дӕлбарӕ бакӕнун. Хуцауи Паддзахадӕн еузӕрдон ке ан, е бӕрӕг уодзӕй, исӕрст киристӕнттӕн ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддаги ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд (Матф. 24:14; 25:40).
«ДӔ ФӔНДОН УӔЛӔРВТИ КУД ӔЙ, УОТӔ УӔД ЗӔНХӔБӔЛ ДӔР»
9. Нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕмӕ адӕни туххӕй ци фӕндӕ ес, уой ке исӕнхӕст кӕндзӕй?
9 Цума Киристей дзурдтӕ «дӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр», зӕгъгӕ, цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ? Йеговӕ ӕ дзурд алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй (Ис. 55:11). Сайтан ӕ нихмӕ ке рацудӕй, уой туххӕй Йеговӕ ӕ фӕндон нӕ раййивта. Хуцауи фӕндадтӕй, цӕмӕй зӕнхӕ байдзаг адтайдӕ Адам ӕма Еви ӕнхӕст байзӕддӕгтӕй (Райд. 1:28). Зӕнӕг син ку н’ адтайдӕ, уӕд еци фӕндон не ’сӕнхӕст адтайдӕ. Уомӕ гӕсгӕ син Йеговӕ цӕуӕт равардта. Киристей нивонди фӕрци, ӕууӕндундзийнадӕ кӕмӕ ес, уонӕн фӕззиндтӕй фадуат, цӕмӕй исуонцӕ ӕнхӕст адӕймӕгтӕ ӕма ӕносмӕ цӕронцӕ. Йеговӕ адӕни уарзуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй нин ци дессаги цард ӕрцӕттӕ кодта, еци цардӕй исхайгин уӕн.
10. Ка рамардӕй, уонӕн Киристей нивонд цӕхуӕн пайда ӕрхӕсдзӕй?
10 Фал Йегови базонунмӕ фадуат кӕмӕн нӕ фӕцӕй ӕма уотемӕй ка рамардӕй, еци миллиардгай адӕн ба ци бауодзӕнцӕ? Йегови фӕндуй, цӕмӕй етӕ дӕр цӕронцӕ. Киристей нивонди фӕрци етӕ дӕр райгас уодзӕнцӕ. Уонӕн дӕр уодзӕй фадуат, цӕмӕй Йегови базононцӕ ӕма ӕносмӕ цӕронцӕ (Гъуд. 24:15). Йеговӕ ӕй Царддӕттӕг Хуцау. Ка рамардӕй, уони цардмӕ ку раздаха, уӕд уонӕн дӕр исуодзӕй сӕ Фидӕ (Пс. 36:9). Йесо дӕнцӕгӕн, ке ӕрхаста, еци кувди Йегови исхудта «нӕ уӕларвон Фидӕ» (Матф. 6:9). Йеговӕ, ка рамардӕй, уони райгас кӕнун баихӕс кодта Йесойӕн (Иоан. 6:40, 44). Йесо загъта: «Ӕз дӕн райгасдзийнадӕ ӕма цард» (Иоан. 11:25).
11. Йеговӕмӕ «хъӕбӕр берӕ адӕни» туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес?
11 Йеговӕ ӕ бийнонтӕмӕ алкедӕр хонуй. Йесо загъта: «Хуцауи фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, е ӕй мӕнӕн ме ’нсувӕр дӕр, мӕ хуӕрӕ дӕр ӕма мӕ мадӕ дӕр» (Мар. 3:35). Йегови фӕндон уой медӕги ӕй, цӕмӕй «хъӕбӕр берӕ адӕн» аллихузи адӕнихӕттитӕй ӕма ӕвзӕгтӕй исуонцӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕ. Еци адӕн ӕууӕндунцӕ Киристей нивондбӕл ӕма сӕ фӕндуй Хуцаумӕ игъосун. Етӕ рохс кӕнунцӕ Хуцауи ном ӕма зӕгъунцӕ: «Нӕ ервӕзунгӕнгутӕ ӕнцӕ нӕ Хуцау – паддзахбадӕнбӕл ка бадуй, е, ӕма Уӕриккӕ!» (Рарг. 7:9, 10).
12. Йегови фӕндон цӕй медӕги ӕй, е Киристей кувдӕй куд зиннуй?
12 Йесо дӕнцӕгӕн ке ниууагъта, еци кувдӕй базудтан, Йеговӕмӕ адӕни туххӕй ци фӕндӕ ес, уой. Мах фӕндуй, нӕ бон ци ӕй, уой кӕнун, цӕмӕй Йегови ном рохс кӕнӕн ӕма ин кадӕ хӕссӕн (Ис. 8:13). Йесо ӕ цард мах туххӕй ке равардта ӕма нӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй ке фӕййервӕзун кодта, е дӕр Хуцауи номӕн кадӕ хӕссуй. Йесойӕн ӕ ном дӕр нисан кӕнуй «Йеговӕ ӕй ервӕзундзийнадӕ». Хуцауи Паддзахади фӕрци коммӕгӕс адӕн исхайгин уодзӕнцӕ, Киристей нивонд ци арфӕдзийнӕдтӕ хӕссуй, уонӕй. Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йегови ӕ фӕндтӕ исӕнхӕст кӕнунмӕ ке неци бахъор кӕндзӕй (Пс. 135:6; Ис. 46:9, 10).
КИРИСТЕЙ НИВОНДӔН КЕ АРГЪ КӔНИС, УОЙ ӔВДЕСӔ
13. Донаргъуд цӕмӕн райстан?
13 Нӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕнӕн ӕма донаргъуд ку райсӕн, уӕд уомӕй бавдесӕн, мах туххӕй ци аргъ бафиста, уомӕн ке аргъ кӕнӕн. Уомӕй уӕлдай ма нӕ донаргъудӕй ӕвдесӕн «Йегови [ке] ан», уой (Ром. 14:8). Удта ма бӕрӕг фӕууй, Йеговӕй «кӕдзос цӕсгон» ке корӕн (1 Пет. 3:21). Йеговӕ нин еци кӕдзос цӕсгон раттуй, нӕ тӕрегъӕдтӕбӕл нин ци аргъ бафиста, уой фӕрци. Мах ибӕл ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кӕнӕн, Йеговӕ нин зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой ӕнӕмӕнгӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй (Ром. 8:32).
14. Йеговӕ нин иннети уарзун цӕмӕн бафӕдзахста?
14 Йеговӕн ӕ алли гъуддаг дӕр е ’нӕкӕрон уарзтбӕл дзорӕг ӕй, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕй ӕ лӕггадгӕнгутӕ фӕнзонцӕ (1 Иоан. 4:8–11). Адӕни ку уарзӕн, уӕлдайдӕр ба не ’нсувӕрти, уӕд уомӕй ӕвдесӕн, Киристей нивондӕн ке аргъ кӕнӕн ӕма нӕ ке фӕндуй, цӕмӕй Йегови бийнонтӕй уӕн (Матф. 5:43–48). Сӕйраг фӕдзӕхститӕй фиццаг ӕй Хуцауи уарзун, дуккаг ба – иннети (Матф. 22:37–40). Адӕни ке уарзӕн, е бӕрӕг уодзӕй, Хуцауи Паддзахади туххӕй син ку дзорӕн, уӕд. Йеговӕ нин куд фӕдзӕхсуй, иннети уотӕ ку уарзӕн, уӕд Хуцауи уарзт ӕнхӕстӕй ӕвдесдзиан (1 Иоан. 4:12, 20).
КИРИСТЕЙ НИВОНДИ ФӔРЦИ АРФӔДЗИЙНӔДТӔЙ ИСХАЙГИН УОДЗИАН
15. а) Йеговӕ нӕ абони цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй хайгин кӕнуй? б) Федӕни нӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй?
15 Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, Киристей нивондбӕл ку ӕууӕндӕн уӕд нӕ тӕрегъӕдтӕй ке искӕдзос уодзиан. Йеговӕ нин сӕ ниххатир кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 3:19–21.) Минкъий раздӕр ӕй куд базудтан, уомӕ гӕсгӕ Киристей нивонди фӕрци Йеговӕ адӕнӕй ӕхецӕн искодта фурттӕ уӕлӕрвти. Етӕ ӕнцӕ исӕрст киристӕнттӕ (Ром. 8:15–17). Йеговӕ ма ӕхемӕ ӕрбакодта «ӕндӕр фусти» дӕр, цӕмӕй исуонцӕ ӕ бийнонти зӕнхон хай. Етӕ ӕнхӕст адӕймӕгтӕ ку исуонцӕ, уӕд ма син уодзӕй фӕстаг фӕлварӕн. Еци фӕлварӕни Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ку байзайонцӕ, уӕд етӕ дӕр исуодзӕнцӕ ӕ сувӕллӕнттӕ (Ром. 8:20, 21; Рарг. 20:7–9). Йеговӕ ӕ сувӕллӕнтти алкӕддӕр уарздзӕй. Киристей нивонд нин ӕрхӕсдзӕй ӕносон арфӕдзийнӕдтӕ (Дзиуит. 9:12). Е ӕй Йегови лӕвар ӕма нӕ еци лӕварӕй фенӕхай кӕнун неке бон исуодзӕй.
16. Киристей нивонди фӕрци цӕмӕй исуӕгъдӕ уодзиан?
16 Кӕд нӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнӕн, уӕд нӕ Сайтан нӕ бахъор кӕндзӕй, цӕмӕй Хуцауи бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уӕн. Йесо рамардӕй «ӕрмӕстдӕр еу хатт». Мадта нивонди аргъ дӕр ӕрмӕстдӕр еунӕг хатт фист ӕрцудӕй (Дзиуит. 9:24–26). Адами туххӕй адӕн мӕлунцӕ, фал Киристей нивонди фӕрци ба ӕносмӕ цӕрдзӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма еци новонди фӕрци Сайтани дуйнейӕй исуӕгъдӕ уодзиан ӕма мӕлӕтӕй нӕбал тӕрсдзиан (Дзиуит. 2:14, 15).
17. Йегови уарзт дӕуӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй?
17 Хуцау ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй. Ӕрдзи закъӕнттӕ куд не ’ййевунцӕ, Йеговӕ дӕр уотӕ не ’ййевуй. Фудӕнгъӕл си некӕд фӕууодзиан (Мал. 3:6). Йеговӕ нин айдагъ цард нӕ балӕвар кодта, фал ма ӕ уарзт дӕр. Библи зӕгъуй: «Хуцау [нӕ] ке уарзуй, уой мах... базудтан ӕма еци уарзтбӕл баууӕндтан. Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоан. 4:16). Йегови дзурдтӕ алкӕддӕр исӕнхӕст унцӕ. Тагъд рӕстӕги зӕнхӕ исуодзӕй дессаги дзенет. Еугур адӕн дӕр Йегови фӕнздзӕнцӕ ӕма кӕрӕдзей уарзгӕй цӕрдзӕнцӕ. Уӕд ӕ еугур лӕггадгӕнгутӕ дӕр зӕнхӕбӕл дӕр ӕма уӕлӕрвти дӕр зӕгъдзӕнцӕ: «Табу, кадӕ ӕма намус нӕ зундгин, арфиаг, хъаурӕгин ӕма алцигъон Хуцауӕн ӕносӕй-ӕносмӕ. Амменӕ» (Рарг. 7:12).