ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Февраль 2017

Аци брошюри ес, 2017 анзи 3–20 апрелмӕ ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

Йегови фӕндон исӕнхӕст уодзӕй!

Хуцаумӕ райдайӕни зӕнхӕ ӕма адӕни туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ адтӕй? Цӕмӕн нӕма исӕнхӕст ӕй? Киристей нивонди фӕрци Хуцауи фӕндон куд исӕнхӕст уодзӕй?

Киристей нивонд – нӕ уӕларвон Фиди «ӕнӕфау лӕвар»

Еци нивонди фӕрци исхайгин уодзиан берӕ арфӕдзийнӕдтӕй, ӕма уомӕй дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕй, уӕлӕрвти ци ес ӕма зӕнхӕбӕл ци ес, уонӕй алкӕмӕдӕр ка хауй, уӕхӕн фарстатӕн.

БИОГРАФИ

Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕ нӕхебӕл еу ӕма дууӕ хатти нӕ бавзурстан

Дуглас ӕма Мери Гест Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕ сӕхебӕл бавзурстонцӕ, Канади пионертӕй ку лӕггадӕ кодтонцӕ, уӕд, удта Бразилий ӕма Португалий миссионертӕй ку лӕггадӕ кодтонцӕ, уӕд.

Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд дӕттуй

Рагидзаманти Йеговӕ нӕлгоймӕгти равзаридӕ ӕ адӕнӕн разамунд дӕттунмӕ. Еци нӕлгоймӕгтӕбӕл Хуцауи къох ке адтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

Абони Хуцауи адӕнӕн разамунд ка дӕттуй?

Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн зӕрдӕ байвардта, аци цардӕвӕрди кӕрон сӕ хӕццӕ ке уодзӕй. Йесо абони Хуцауи адӕнӕн разамунд куд дӕттуй?

Кӕсгути фарстатӕ

Апостол Павел финста, Хуцау «нӕ бауадздзӕй, цӕмӕй бахауайтӕ, уӕ бон бафӕразун ке нӕ бауа, уӕхӕн фӕлварӕни», зӕгъгӕ. Цума е уобӕл дзорӕг ӕй ӕма Хуцау рагацау ниллух кӕнуй, цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбӕлдзиан, уой?

НӔ ИСТОРИЙ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Ӕгӕр даргъ кенӕ бацӕуӕн кӕбӕл нӕ уа, уӕхӕн нӕдтӕ нӕййес»

1920–1930 ӕнзти зингзӕрдӕ пионертӕ Хуцауи Паддзахади хабар ӕгас Австралибӕл нифсгунӕй игъосун кодтонцӕ.